Хуыцаубоны 58-æм æфсады 19-æм дивизийы æфсæддон ардбахæрды ныхæстæ азæлыдысты плацы сæрмæ.
«Æз кадджын ард хæрын мæ Фыдыбæстæ – Уæрæсейы Федерацийыл иузæрдион уæвыныл. Ард хæрын, Уæрæсейы Федерацийы Конституци сыгъдæг цæсгомæй кæй æххæст кæндзынæн, карзæй кæй æххæст кæндзынæн æфсæддон уагæвæрдтæ, командиртæ æмæ хицауады бардзырдтæ. Ард хæрын, æмбæлгæ уагыл кæй æххæст кæндзынæн ме ‘фсæддон хæс, æхсарджынæй кæй хъахъхъæндзынæн Уæрæсейы сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ конституцион уаг, нæ адæм æмæ Фыдыбæстæ!», – хъуысыд фæзыл.
Æрыгон хæстоны курсытæ фæуыны фæстæ 272 æфсæддоны ард бахордтой Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинадыл. Нæ республикæмæ уыдон ссыдысты Адыгейæ, Хъырымæй, Кæсæг-Балхъарæй, Сыбыры дæрддзæф районтæй.
Кæд ацы ахсджиаг цаумæ рагагъоммæ сæхи цæттæ кодтой, уæддæр бæрæг уыд лæппуты мидтыхст, тынгдæр та – уымæн, æмæ ацы кадджын мадзалмæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ, хиуæттæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонмæ дæр фæхæццæ сæ тыхстдзинад.
Нæ паддзахады ног хъахъхъæнджытæн арфæйы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Æфсæддон службæгæнджыты ныййарджыты советы хайады сæрдар Моурауты Зæлинæ:
– Æфсæддон ардбахæрд у æууæнкджын æмæ цæсгомджынæй Райгуырæн бæстæйы размæ дæ хæс сæххæст кæнын. Афтæ рауад, æмæ уæ хæстон хъуыддæгтæ сахуыр кæнын бахъуыд, нæ бæстæ йæ фидæны сæраппонд уæззау тохы куы бацыд фыдызнагимæ, ахæм заман. Уыцы тохы сæйраг бынат ахсы æфсад. Йæ тых æмæ йæ хъомыс та аразгæ у алы салдатæй, сымахæй алкæмæй дæр.
Уæрæсейы десантникты цæдисы республикон хайады сæрдар Золойты Игорь та, лæппутæм йе ‘ргом раздахгæйæ, фæбæрæг кодта, æфсады службæ æрмæст æфсæддон æмæ физикон цæттæдзинад кæй нæу, фæлæ – иумæйаг командæйы куыс-
ты фæлтæрддзинад, зын уавæрты раст хъуыдымæ æрцæуын, хъæддых, æнæбасæтгæ уæвын.
Фæсивæды минæвæрттæ раст хъуыдыйыл хæст сты – Райгуырæн бæстæйы зын сахат йæ размæ сæ хæс сæххæст кæнын. Дызæрдыггаг нæу, сæ ардбахæрд кæй нæ фæсайдзысты, уый.
ГАПБАТЫ Алетæ,
къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА














