«Мах» аразы нырыккон истори

0
91

Æрыгæттæн алыхуызон проекттимæ кусынæн Уæрæсейы алы рæтты хорз фадæтты  рæзтимæ, Дзæуджыхъæуы конд æрцыд автономон æнæкоммерцион организаци «Мах». Йæ куыст баст у республикæйы фæсивæдон политикæйы архайдимæ.

Мадзæлттæ арæзт цæуынц алыхуызон къабæзты, цæмæй æрыгæтты хъомылады фарстаты фæзына ног гæнæнтæ. Цымыдисаг форумтæ, алыхуызон мадзæлттæ фадат дæттынц фæсивæдæн патриотон хъомылады, æнæниз, хуыздæр цардмæ тырныныл кусынмæ. Уыцы мадзæлттæй иу у, æрæджы Майрæмададжы Суаргом хъахъхъæнджыты мемориалон комплексы цы «Комы якорь»-ы монумент байгом, уый.

– Нæ проект «Уæлахизы марафон» æххæстгæнгæйæ, сывæллæтты аластам Суаргом хъахъхъæнджыты музеймæ. Куы бахызтыстæм, уæд нæм афтæ фæкаст, цыма дзы нæ фаг кæны якорь, æмæ куы бафарстам, ис ын сæвæрæн, зæгъгæ, уæд райстам разыйы дзуапп, – монумент куыд равзæрд, уый фæдыл зæгъы организацийы командæйы уæнг, æнæкоммерцион организации «Фыдыбæстæ»-йы директор Тъехты Эльбрус.

Интернеты тыгъдады хи хъарутæй самал кодтой, йæ сæвæрыныл дæр зæрдиагæй бакуыстой командæйы уæнгтæ æмæ байгом кодтой кадджын уавæры Денджызон – æфсæддон флоты бон. Сæрыстыр сты, сæ архайдæй Майрæмададжы Суаргом Хæстон – Денджызон флоты хъахъхъæнджытæн монумент байгом кæнын сæ къухы кæй бафтыд, уымæй. Уый та у уый нысан, æмæ, цы стыр уæлахиз æрхастой хæстонтæ, уый рох кæй нæу фæстагæттæй. Организацийы уæнгтæ сæ сарæзт хъуыддæгтæй æвдисынц, цыфæндыйæ дæр, адæймаг цæмæ тырны, уый царды рауадзын йæхицæй аразгæ кæй у. Фæндонæй райгуырынц гæнæнтæ, куы нæ фæнда адæймаджы, уæд та – æфсæнттæ.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here