Рæстæг, дуг æмæ адæймаджы ‘хсæн цы ахастдзинæдтæ ис, уыдон кæрæдзиуыл куы абарæм, уæд нæ размæ уыйбæрц лыггæнинаг фарстатæ сæвзæры, æмæ сын банымайæн дæр нæй. Æмæ нæхиуыл бадис кæнæм: æндæр хъуыддæгтæм ма нæ куыд æвдæлы?! Фæлæ рацæй-рабон вæййы, нæ уæнгтæ фæйнæрдæм айвазæм, æмæ та нæм цæрын æрцæуы. Стæй куыд! Цалынмæ зæххон удгоймаг йæ къæхтыл цæуын фæразы, уæдмæ йæ фæнды цæрын, архайын, фæлдисын æмæ цин кæнын. Ахæм æнкъарæнтæ зæххон уды хъæуынц æхцонад æмæ æнцонады ‘хсæн хъомысы цæхæр базонынæн. Уыцы фæлтæрæнтæ сты, адæймаджы тынг æхсызгон чи хъæуы, ахæм зондзонæнтæ. Фæлæ сын се ’ппæт иумæ куы æрæмбырд кæнай, уæддæр сфæлдыстады барæнтыл ницы сахаддзысты. Уымæн æмæ адæймаджы зæрдæ æмæ зонды ахастдзинæдты сфæлдыстад, дзырдаивад – цыфæнды йæ куы схонай, уæддæр уæлмонцгæнæг фæрæз нæй. Сфæлдыстад та райгуыры фыссæджы зæрдæ æмæ зонды æмархайдæй. Поэты хъуыды уæвынады æрвгæрæттæм куы атæхы, уæд ыл æрхæцы рæстæг, дуг æмæ адæймаджы цæстæнгас. Æмæ нымад æрцæуы дзыллæйы аккаг стихамайæгыл. Йæ удварны бæркад – æмдзæвгæты чиныг та свæййы кæсджыты уазнысан. Гъе ахæм æнкъарæнтæ мæм сæвзæрын кодта Хуыгаты Сергейы чиныг «Хонгæ цагъд».
Нæ бирæвæрсыг æмæ бирæхъæлæсон дунейы Хуыгаты Сергейæн ис йæхи хъæлæс. Ахæм уавæрмæ бæллынц тынг бирæ фыссæг адæм, фæлæ æрмæстдæр иугæйтты къухы бафты ахæм æнтыст. Уæдæ, цæмæй хицæн кæнынц нæ дзырдаивады дæсныйы рæнхъытæ иннæты æрмдзæфæй? Æнæмæнг, уымæй, æмæ хизынц зæрдæйæ зæрдæмæ. Автор æмæ чиныгкæсæджы ‘хсæн ахæм ахастытæ куы уой, уæд бахауынц æнæаразгæ лиризм, æргом ныхас, æххæст æнкъарæнтæ æмæ сагъæстæй. Поэты лирикон цæхæр æмдзæвгæты æмбырдгонд «Хонгæ цагъд»-ы йæхи базонын кæны иу уацмысы мидисамадæй иннæмæ. Æмæ уыимæ свæййынц иууон æххæстад, æмæ сæ иу улæфтыл дæр уымæн кæсы адæймаг, йæ хъусдард, иу уысм дæр нæ хицæнгæнгæйæ. Афтæ йæ алы рæнхъæн дæр ис йæхи тугда-
дзин, æмæ уымæ гæсгæ йæ æмдзæвгæ дæр свæййы, хицæн ахадындзинад кæмæн ис, ахæм уацмыс. Хуыгайы-фыртмæ ис хъысмæтаразæг уацтыл дзурыны курдиат. Æнæ уæлдай ныхасæй, сабыр хъæлæсæй поэт фæндаг ссары чиныгкæсæгмæ. Æвæццæгæн, йæ хуыздæр рæнхъытæ каст æмæ ист цæуынц Хуыцаумæ куывды зæлтау:
Иу фæндон мæ зæрдæйы бын расты –
Уым кæддæр мæ сонты бонты равзæрд –
Кувæндон ыскæнæм хæхты астæу,
Рухс кувæндон не ’гъуыстаджы ’взагæй.
Фæлæ уыцы иу рæстæг, куы бахъæуа, уæд автор раст æмæ карзæй сбæрзонд кæны йæ хъæлæсыуаг:
Абон æз тæрхоны бадæг дæн,
У цыбыр мæ удхайраг тæрхон:
Цауды ма схон саг лæгæй лæгдæр,
Саг лæджы та цаудæй лæгдæр хон.
Ахæм тæрхон рахæссын у зын,
Фæлæ цард-цæрæнбонты дæргъы
Раст ныхасы сыгъдæг уд хъæрзы,
’мæ йæ азар нал цæуы зæххыл.
Æмæ ма йе сфæлдыстады иу æууæлы тыххæй æнæ зæгъгæ нæй. Йæ уацмысты бындурæн Сергей арæх райсы реалон цаутæ æмæ сæ снывæнды зæрдæмæхъаргæ поэтикон нывтæ. Зæгъæм, «Къуыри – авд боны»-йы авторы цæстæнгасы бахаудтой æнусон рæстæджы цаутæ нæ, фæлæ цалдæр боны нывтæ: «Къуырийы мидæг – авдæй, сты иу туг æмæ стæг, /Цæуынц, цæуынц нымадæй/ Кæрæдзийы фæстæ»: Къуырийы алы бонæн дæр поэт рахицæн кодта дыууæ-æртæ цыппаррæнхъоны æмæ дзы алкæмæн дæр «хурмæ рахаста» йæ диссæгтæ. Æмдзæвгæйы мидисамады, кæй зæгъын æй хъæуы, разынд бынат рæстдзæвин хатдзæгтæн дæр. Лирикон хъайтар йæ рихитæ æрдауы йе ’нгуылдзы къæдзæй æмæ фæзæгъы: «Нæ бонты цыды ’гъдауы /Рæдыд æруадзæн нæй». Уый фæстæ стайы хъулон цармæй хуыд кæрц йе уæнгтыл æрбаппары æмæ Хуыцаумæ баулæфы лæг:
– Уо Стыр Хуыцау, – фæзæгъы, –
Табу дæхицæн уæд,
Дæ амындæй нæ зæххыл
Сабыр бонтæ цæуæд.
Зæгъын ма хъæуы уый тыххæй, æмæ Сергей зынрахатæн, алæмæтаг хуызы бахизы йæ хъайтарты миддунемæ, æрзилы дзы сусæг къуымты æмæ хурмæ ракалы алы кары адæмæн сæ рæбинаг хъуыдытæ, чиныгкæсджыты раз ахæм хуызы куы ’рлæууынц, уæд автормæ зынгæ фæхæстæгдæр вæййынц:
Уынджы – алцыдæр йæ уагыл, –
Нæ зынгирвæзт и, нæ ’ндæр.
Кæд уым чызджы урс уæрагыл
Фæндыр ивæзы æгæр?..
Йе йæ ракæсын фæфæнды –
Адар рудзынгæй дæхи?
Фæлæ – нæй! Æмæ та фæндыр
Айсы, ахæссы йæхи.
Хуыгаты Сергей поэзийы тыгъдады рагæй архайы, фæлæ æмдзæвгæты чингуытæ æртæ йеддæмæ нæ рауагъта. Уымæ гæсгæ йын йæ ног чиныгмæ ирон кæсджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Æмæ сæ фыдæнхъæл кæй нæ фæкодта, уый банымайын хъæуы раппæлинаг хъуыддагыл. «Хонгæ цагъд»-ы сыфтæ фæлдахгæйæ, бар-æнæбары дæр адæймаг бахизы йе ’нкъарынад, зæрдæскъæфт æмæ æмбудынады суадоны былгæронмæ:
Бонтæ кæрæдзийы фæстæ цæуынц, –
Иу сæ тагъд цæуы, иннæ – сындæгдæр.
Иу сæ уадзы йæ фæстæ сындз,
Иннæ уадзы сырхмæтæг…
…Афтæ иугай цæуынц æмæ цæуынц,
Æз æгъуыссæг фæвæййын мæтæй:
Чи сæ æрхæсдзæн мæ удæн сырхмæтæг,
Чи сæ садздзæн мæ зæрдæйы сындз.
Куыд федтам, афтæмæй автор йе сфæлдыстады мидæг арæхстджынæй раргом кæны алыхуызон темæтæ. Æмæ дзы алы ран дæр нæ сафы йе ‘рмдзæф æмæ æнкъарæнты фæд.
Сергейы сфæлдыстадон мадзæлтты вазыгджындæр хицæндзинæдтæй иу у, поэтикон тыгъдады куыд æрхион кæны, уый. Æмæ ма цымыдисаг цы у, – йæ алы фыст æмдзæвгæйæн дæр ис йæхи бæрæг поэтикон рæстæг. Уымæ гæсгæ тынг вазыгджын у уырдæм афоныл бацæуын (бахизын, банкъарын, æрдæгфæндагыл не ’рлæууын. Поэт иузæрдион у классикон хуызтæ, классикон æмбарынадыл, уымæн æмæ æмбары, лирикон уысм хæрзцыбыр кæй у, уый. Чиныджы мидæг ма мах æмбæлæм авторы сыгъдæг, цыргъ æмæ быхсынады æмбарынадыл. Уыцы миниуджыты фæрцы поэт сгары, æмбары æмæ исы йæ алыварс дунейы хъуагдзинад. Стихамайæг йæ адæймагон æмæ лирикон азфыст тыххæй нæ хъары кæсджытæн, фæлæ йæм сиды æмсагъæс кæнынмæ. Уый уымæн афтæ рауайы, æмæ йæ азфысты фæстæ лæууы хъуыдыты рæгъ. Уым рахатæн ис конспирологион дæлтекст: мах уынæм цаутæ, фæлæ сын нæ хатæм сæ расайæг аххосæгтæ. Æмæ уый мах разæнгард кæны уацмысты текст (мидисамад) рацаразынмæ. Уыцы сфæлдыстадон архайды фæрцы поэзи аныгъуылы йæхи мидæг, мах та фæлгæсынадæй рахизæм уды арæхстджын куыстмæ:
Цыдæр зæгъинаг ис мæ уды,
Цыдæр – табу æви фæдзæхст?
Тæхуды ’мæ йæ зæгъ, тæхуды,
Фæлæ, марадз æмæ, зæгъ!
Кæцæйдæр мæм йæ азæлд хъуысы, –
Йæ азæлд – сус азæлд, дзæм-дзæм.
Ыстæй йæ азæлд дæр æрхуыссы,
Æмæ йæхæдæг дæр – æдзæм.
Ам нæ æрлæууын фæнды поэты иннæ аивадон мадзал – миддунейæ æддаг дунемæ рахизыны фæрæзыл. Уый фæрцы йæ бон бавæййы иу дун-дуне банкъарын. Уыцы дун-дуне у поэты зæрдæ. Æппæт дугты дæр поэтты ‘хсæн цыдис быцæу ныхас: цы у вазыгджындæр – æргом ныхас æви æрмдзæфы æнаипдзинад? Сергей ацы лыггæнинаг фарста æмбары йæхирдыгонау. Æрмдзæф, æвзаджы æрдзонад – ныхасыздæхты рæстдзæвинад курдиатджын автор нæ рох кæны, поэзийы фыццаг къахдзæфтæ куы акодта, уæдæй фæстæмæ. Зоны аргъ кæнын аивадон ныхасæн, лыстæг æм æркæсы алырдыгæй дæр, æмæ йæ æрмæстдæр уый фæстæ бахæссы йæ уацмысты мидисамадмæ. Фæлæ уыцы иу рæстæг ирон ныхасы азæлд, силлоботаникон ритм, æрдзон хъуыды авторы æркæны фæлдзусады хахмæ:
Чызг асины къæпхæныл бады,
Фæндыр ивæзы йæ уæрджытыл,
Æмæ мин-мин дзæнгæрджытæ
Й’ афтид тæртты ыскъæфы уадымс.
Ныр мæ удæн кæм вæййы уазал
Уазал горæтаг къулты ’хсæн,
Уым æд фæндыр лæууы мæ разы
Йе ’нгæс уыцы хъæууон чызгæн.
Ноджы ма цæй тыххæй фæнды зæгъын? Уый баст у поэты сурæт æмæ лирикон хъайтары фæлгонцы æмархайдимæ. Се ’хсæн æмзæлад хъуамæ уа æви нæ? Стæй уыцы æмзæлад куыд сбæрæггæнгæ у? Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Сергей бирæ æмдзæвгæты бæсты лæууы æндæр адæймаг, æндæр фæлгонц, поэт уæвын кæй фæнды, уый. Ацы чиныджы авторы фæндыд æндæр уæвын, фæлæ иу кæнæ æндæр аххосы фæрцы уый йæ бон не ссис. Æцæг, Хуыгайы-фырт ам равдыста æндæр поэтикон арæхстдзинад: йæхи царды азфыст чиныгкæсджытæй алкæмæндæр цымыдисагæй равдыста. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ Сергейæн поэзи уыд йæ царды нысан. Ахæм авторыл фыссын æнцон хъуыддаг нæу, уымæн æмæ йын йе ’нкъарæнтæ хъуамæ дæ миддунейы банкъарай. Хæдбындур поэт цы аивадон мадзæлттæй пайда кæны, цы хъуыдытæ рæзын кæны, цы мазаикон сурæттæ гуырын кæны, уыдон автор æрæмбырд кæны иу бæлвырд нывы мидæг. Сæ кæсынæй адæймаг нæ фæллайы, йæ зæрдæйы уаг ивы хуыздæрырдæм, æрцахсы йæ уæлтæмæнад æмæ æхцонад. Сергейы бон бацис йæ хъысмæты сурæт снывæндын, уымæн æмæ хорз æмбæрста: ис хъысмæт – ис поэт, нæй хъысмæт – нæй поэт дæр.
Хуыгайы-фырт йæ чиныджы дыккаг хаймæ бахаста йæ аивадон тæлмацтæ Пушкинæй (8 æмдзæвгæйы), Лермонтовæй (цыппар), Къостайæ (аст), Николай Тихонов æмæ Константин Симоновæй (иугæйттæ), Расул Гамзатовæй (æхсæз), Кайсын Кулиевæй (дыууæ), Рашид Рашидовæй (дыууæ), Вагит Атаев, Амирхан Шомахов, Аленæ Газаева, Светланæ Матаева æмæ Боциты Юрийæ (иугæйттæ),
Гуырдзыбегты Иринæйæ (дыууæ). Æдæппæтæй аст æвзагæй… «Хонгæ цагъдыл» ма бафтыд бирæхъæлæсад алыхуызон æвзæгтæй, æмæ чиныджы мидисамад йæ гаччы сбадт. Сергейы арæхстджын тæлмацæй уыдон зæлынц иу оркестры архайджыты хуызæн. Авайраг, уырыссаг, балхъайраг, лезгинаг, хъуымыхъхъаг, кæсгон æмæ ирон поэттæ ам æрдзон хуызы сыхагиуæг кæнынц. Мæнмæ гæсгæ, курдиатджын ирон поэт Хуыгаты Сергей аивадон тæлмацы дæр ссардта йæ бынат. Иу æвзагæй иннæмæ æндæр авторы рæнхъытæ раивын æмæ сын ног цард раттын æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ ирон поэтæн уый æнтыстджынæй йæ къухы бафтыд. Сергейы бон бацис авайраг æмæ балхъайраг хæхтæм Расул æмæ Хъайсыны цæстытæй афæлгæсын, хъуымыхъхъаг тыгъд быдыртыл Вагит Атаевы хуызæн бацин кæнын, Уæрæсейы æнæкæрон бæстæйæ Пушкин, Лермонтов, Тихонов æмæ Константин Симоновау сæрыстырæй баззайын. Æмæ уыцы æппæт æнкъарæнтæ Сергейы зæрдæйы ахызтысты стыр уарзт æмæ нымдимæ.
Æвзаг æвзагæн знаг нæу. Сергей-тæлмацгæнæгмæ бæрзонд æвæрд сты ацы ныхæстæ. Æндæр æвзæгтæй цы æмдзæвгæтæ раивта, уыдон уымæн хорз æвдисæн сты. Йæ фæрцы, цы поэтты ратæлмац кодта, уыцы автортæ ирон чиныгкæсджыты зæрдæмæ фæхæстæгдæр сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ разы цы тæлмацтæ ис, уыдон адих кæнын хъæуы дыууæ хайыл: оригиналæй кæй ратæлмац кодта (Пушкин, Лермонтов, Къоста, Тихонов, Симонов, Гуырдзыбегты Иринæ, Боциты Юри) æмæ дæлрæнхъонты фæрцы кæимæ куыста, уыцы поэтты уацмыстæ (Расул Гамзатов, Кайсын Кулиев, Рашид Рашидов, Вагит Атаев, Магомет Мокаев, Аленæ Газаева, Светланæ Матаева). Чи зоны, тæлмацгæнæг пайда кодта, уырыссагау кæй бакаст, ахæм тексттæй дæр. Тæлмацтимæ куы базонгæ дæн, уæд мæхицæн скодтон ахæм хатдзæгтæ. Мæнмæ гæсгæ, тæлмацгонд æмдзæвгæты хъахъхъæд æрцыдысты бацамынд авторты уацмысты фæлгонцты метафорæтæ. Уымæй афтæ зæгъынмæ хъавын, æмæ тæлмацгæнæг ссардта йæхи поэтты.
Оригиналон æнусон æууæлтæ тæлмацгæнæджы бон бахъахъхъæнын баци, Пушкин æмæ Лермонтовы
æмдзæвгæтæ ивгæйæ. Ирон чиныгкæсæгæн хорз фадат ис уацмысты азæлд уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл кæрæдзиуыл абарынæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй аивадон тæлмацтæ вæййынц профессион кæнæ бархи. Фæлæ цыфæнды тæлмацгæнæгæн дæр сæйрагдæр у, оригиналæй йæ тæлмац кæны æви йæ дæлрæнхъонæй ивы, уый. Хуыгайы-фырт цы бæрнон куыст бакодта, уый бæстон ныхасы аккаг у. Ам уыцы сагъæссаг фадат нæй, æмæ йыл уымæ гæсгæ иумæйагæй æрлæудзыстæм. Фыццаджыдæр нын æхсызгон у, тæлмацгæнæг йæ вазыгджын хæс кæй æмбары, уый. Уырыссаг æвзагæй кæй раивта, уыдон иронау дæр кæрæдзимæ хæстæг сты сæ хъуыды æмæ сæ азæлдмæ гæсгæ. Цæмæй йæ тæлмацтæ мадæлон литературæйы цаутæ суой, уый тыххæй Сергей тынг бацархайдта. Уый та хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд, фæлæ уыйбæрц – цымыдисаг! Хъуамæ иу уылæны бахауой рифмæтæ, азæлд, ритмикæ, фæлгонцты уагæвæрд. Афтæ мæм фæкаст, цыма сæ адæмон поэт гæххæтмæ рахæссыны размæ иу æмæ дыууæ хатты йæ миддунейы йæхицæн нæ бакаст. Æмæ сæ разыйæ куы баззад, уæд сæ кæсджыты тæрхонмæ дæр рахаста. Æнæмæнг, ахæм зондыл хъуамæ хæст уа алы тæлмацгæнæг дæр.
Хуыгаты Сергейы юбилей чиныг бæрцæй егъау нæу, æрмæстдæр фондз мыхуырон (авторон) сыфы, фæлæ дзы авторы къухы бафтыд йæ поэтикон хъуыды æххæстæй равдисын. Иртасинаг уацмысты поэты бон бацис баиу кæнын нæ царды риссаг фарстатæ æмæ нæ тызмæг уæвынады æцæгдзинад. Чиныджы рацыд ма вазыгджын уымæй у, æмæ не змæст рæстæджы нæ фаг кæны куырыхон цæстæнгас,
хæрзаудæн хъуыды æмæ цæстуарзон ахаст. Ахæм æмбисонд баззад дунейы æвзæгты, зæгъгæ, дам, фæндыртæ куы фæцæгъдынц, уæд сармадзантæ ныхъхъус вæййынц. Рæсугъд æмæ дзы вазыгджын хъуыды æвæрд æрцыд, фæлæ нырма царды афтæ хорз нæма у. Æцæг мæ фидарæй уырны, поэтикон ныхасы бон у адæмы удтæ æмæ зæрдæтæ æнæуынондзинады фæндагæй уарзт æмæ сабырдзинады зондмæ раздахын. Сергейы æмбырдгондыл нырма ныхас уыдзæн, фæлæ мæ абон зæгъын фæнды йæ тематикон бирæвæрсыгадыл. Кæд сæ хицæн хæйттыл нæ адих кодта, уæддæр дзы бæрæг дарынц цалдæр азæлды, уæлдайдæр – философ, фыдыбæстæ, æрдз æмæ уарзты лирикæ.
Бирæвæрсыг темæтæ æмæ поэтикон цæстæнгасы уæрæх тымбылæгæн сæ райдиан ссарæн ис стихамайæджы хъысмæты. Поэт йæ царды мидæг бирæ цæмæйдæртыл уыд хæст: скъолайы ахуыргæнæг, телеуынынады журналист, журнал æмæ рауагъдады редактор, чиныгуадзæг, æхсæнадон архайæг æмæ публицист. Æмæ дзы алы ран дæр ныууагъта йæхи фæд. Йæ интервьютæй иуы фæлтæрдджын автор нæ хъус æрдардта, классикон поэзийыл кæй ахуыр кодта, уымæ. Классикæ та нæ ахуыр кæны, фыццаджы-фыццаг, бæрнондзинадыл, ивгъуыды мысын, абоны цæрын æмæ фидæныл æууæндын, адæмы рæдыдтытæй хизын. Дæ алыварс чи цæры, уыдоны бамбарын æмæ сæ раст зондмæ здахын æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ Сергей йæ алы уацмысæй дæр архайы уыцы фæндагыл цæуыныл. Æмæ фыссы, чи нæ тыхсын кæны, не ’нцойад нын чи сафы, козбау æмæ нæ быцæуы фæндагæй чи хизы, ууыл. Уый фæстæ нæм сиды, цæмæй цæсгомы хъæлæсмæ хъусæм, уымæ. Хуыгайы-фырты «Хонгæ цагъд» нæ хоны, нæ зæрдæмæ ныккæсгæйæ, дзуапп агурын, адæмы цымыдис чи кæны, уыцы фарстатæн. Уавæрмæ ахæм цæстæнгасæй куы кæсæм, уæд дзы, æнæмæнгæй, скæндзыстæм вазыгджын хатдзæгтæ. Бæлвырд у, ацы змæст дуджы бирæты бæрзонд поэзи нæ хъæуы, уыдон цæрынц царды прозæйы. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы иу вазыгджын æцæгдзинад: «Цардыуагæй райгуыры уæвынад». Æмæ ууыл сæ хуыздæр æмдзæвгæты фыссынц нæ поэттæ. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, Сергей дæр уыдонæй у.
Хозиты Барис,
РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар














