Сæрмагонд операцийы ветерантæ æмæ бинонтæн

0
178

Ногарæзт фæсивæдон змæлд «Топаз»- ы волонтертæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ сæ бинонтæй исынц æрвылбоны аразинаг фарстатæ æххæст кæныны фæдыл курдиæттæ. Змæлд нырма ныр райдыдта йæ архайд æмæ ныфс ис, йæ уæнгтæ фылдæр кæй кæндзысты, сæ архайд та – хъомысджындæр.

Валерий Васильев, Кæркуысты Иракли æмæ Годжыцаты Сослан – змæлд «Топаз»-ы саразджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, алкæмæн дæр дзы ис йæхи уæззау хæстон хъысмæт. Сæ алкæцы дæр у хицæн æрмæджы аккаг. Валерийыл цæуы 27 азы, Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон училищæйы рауагъдон фыццаг бонтæй уыд хæсты цæхæры.  Æрыгон командир йе ‘мбæлтты къордимæ авдæй бацахстой æнцайæн пункт Харьковы облæсты, хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. 2022 азы октябры фæцис уæззау цæф, куы сдзæбæх, уæд демобилизацийы фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ, Иракли æмæ Сосланимæ сæ хъарутæ æрбамбырд кодтой, æмæ уæхскуæзæй бавнæлдтой  иннæ ветерантæ æмæ сæ бинонты сагъæстыл кусынмæ.

– Æрхæсдзынæн ахæм дæнцæг: ветераны идæдзæн йæ хæдзары цар тæдзы, мах уый базыдтам йæ курдиатæй, нæ волонтертæ ацыдысты бынатмæ, федтой уавæр, æрбацыдысты æмæ иумæ банымадтам хæрдзты бæрц, стæй гæххæттытæ балæвæрдтам республикæйы хицауадмæ. Фæрæзтæ радих кæндзысты, æмæ сылгоймаджы цæрæнуатмæ волонтертæ базилдзысты, – зæгъы Валерий Васильев, фæсивæдон змæлды разамонæг.

– Мæхицæн мын куыд баххуыс кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»- йы фонды уæнгтæ, афтæ хъуамæ æххуыс кæнон æз дæр, чи фæмард, уыдоны ныййарджытæ, бинойнæгтæ, стæй сæ сабитæн, – зæгъы Кæркуысты Иракли. Лæппу у, бархионтæй Харьков райсыны хæстыты 2022 азы февралы фыццагдæр чи архайдта, уыдонæй. Уый фæстæ арæзт æрцыд «Аланийы батальон», æмæ хæцыд Запорожьейы облæсты.

– Сергей Меняйло йæ ныхасæн хицау разынд, бархионты къорд аразгæйæ нын зæрдæ бавæрдта, йæхæдæг дæр немæ кæй ацæудзæн, æмæ йæ æххæст дæр скодта, – сæрыстырæй дзырдта Иракли нæ уацхæссæгимæ ныхасы рæстæг.

Цæстæй хорз нæ уыны контузийы фæстæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды ‘ххуысæй йын хъуамæ скæной операци, координатортæ йын баххуыс кодтой гæххæттытæ сæмбырд кæнынмæ. Рацыд республикон программæ «Ирыстоны намысæн»-ы кæронбæттæнмæ, æрæджы та кусын райдыдта доны хæдзарады мастерæй.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Годжыцаты Сослан уыд æппæтуæрæсеон конкурс «Памяти героев верны!»-йы архайæг. Фыссы æмдзæвгæтæ, зары, цæгъды гитарæйыл, уарзы спорт. Батальон «Сæрмæт»-ы службæ кодта 2022 азы октябрæй, декабры та йыл схæцыд фистæг æфсады ныхмæ минæ… Æртæ лæппуйы дæр сты хицæн чингуытæ сыл ныффыссыны аккаг, зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, ныр тырнынц сæхи хуызæттæн, стæй, йæ цард æрдæгыл кæмæн аскъуыд, уыдоны бинонтæн æххуыс кæнынмæ. Сæ исæнуат æрбынат кодта Дзæуджыхъæуы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы хæдзары, Дзанайы-фырты уынджы 69-æм номыры. Фарстатæ бæлвырд базоныны фæдыл ма ис бацæуæн горæты Интернационалон уынджы 93-æм номыры «Æхсæнадон организациты хæдзармæ». Бастдзинады телефон: 8-(8672)-54-88-89.

 ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

       авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here