Хæххон хъæу Дæргъæвсы ацы бонты йæ куыст кæны студентты форум «Æрыгон». Уыцы фæсивæдон æмбырдæн фадæттæ сарæзтой зонындзинæдты федералон центр «Машук» æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Æмбырдæн йæ архайджытæ та сты, раззагдæр уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ кæнæ рауагъдонтæ чи сты, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй рацæугæ уыцы фæсивæд (æдæппæт 120 адæймагæй фылдæр).
Æрыгон фæлтæры минæвæртты слет байгом кæныны фæдыл кадджын æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, æндæр уазджытæ.
Хицауады Сæрдары хæдивæг форумы архайджытыл сæмбæлын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы зæрдиаг арфæтæ.
«Форумы номæн «Æрыгон» хуымæтæджы нæ равзæрстам. Уымæн æмæ сымах – курдиатджын, хъомысджын, хъæппæрисджын студенттæ стут нæ бæстæйы сæйраг ныфс. Сымахæй аразгæ уыдзæн алкæцы регион æмæ æппæт Уæрæсейы фæрныгдæр фидæн. Уæ зонындзинæдтæ æмæ хъæппæристыл æнцой кæндзæн райсомы бон. Мæ зæрдæ дарын, форумы цы бонтæ арвитат, уыдон уын цымыдисаг æмæ пайдайаг кæй уыдзысты, ууыл. Базонгæ уыдзыстут ног адæмимæ, райсдзыстут ног зонындзинæдтæ, фæхай уыдзыстут кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй… Æмæ æппæт уыдæттæ – Ирыстоны алæмæты æрдзы хъæбысы», – загъд ис Сергей Меняйлойы арфæйы фыстæджы.
Цæттæгæнæг комитеты минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй форумы архайджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг ахуырадон æмæ хиирхæфсæн программæ.
– «Машук»-ы специалисттæ форумы архайджыты размæ рахæсдзысты, фæсивæд ахуыры фæстæ сæ хъарутæ æмæ зонындзинæдтæ кæцы къабæзты равдисой, цавæр æхсæнадон æмæ куыстадон проекттыл бакусой, стæй райгуырæн дыууæ республикæйы дарддæры фæрныгадыл куыд æфтауой, æппæт уыдæтты тыххæй фæндæттæ æмæ амынддзинæдтæ. Уыимæ, фæсивæдæн ма иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, Ирыстон æмæ æппæт Цæгат Кавказы хæдбындур культурæ, æгъдæуттæ æмæ историон хæзнатæ хъахъхъæнинаг кæй сты, уый дæр», – радзырдта центр «Машук»-ы генералон директор, уæрæсейаг æхсæнад «Зонынад»-ы сæрдары хæдивæг Антон Сериков.
Лекцитæ, тренингтæ, мастер-класстæ, фембæлдтытæ æфсæддон службæгæнджытимæ, политиктимæ, амалхъомтимæ, культурæйы, спорты æмæ иннæ къабæзты зындгонд минæвæрттимæ æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ æнхъæлмæ кæсынц форумы архайджытæм…
Антон Сериков куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй зонындзинæдты центр «Машук» æмæ РЦИ-Алани ацы форум аразынц, 2023 азы Бетъырбухы дунеон экономикон форумы цы æмгуыстады бадзырд бафыстой, уый бындурыл. Уыимæ, «Машук» æмæ Цæгат Ирыстон кусынц æндæр иумæйаг проекттыл дæр.
Фæндараст у, «Æрыгон»!
СЛАНТЫ Аслан














