Зындзинæдтæ нæ хонынц æнтыстытæм

0
217

Нæ бæстæйы фæтк æмæ æдасдзинад хъахъхъæнæг сты барады кусджытæ. Уæлдай æргом пъæлицæйы кусджыты бавæрæнмæ аздахын хъæуы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз. Уыдон æвæллайгæйæ хуыздæр æмæ уæлдæр кæнынц сæ дæсныдзинад, уæлдайдæр та хæстон æмæ физикон цæттæдзинад.

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады физикон цæттæдзинадæн бæрнон у лейтенант Зыгъуытаты Арсен. Уый фидарæй уырны: пъæлицæйы кусджытæ хъуамæ иттæг хорз цæттæ уой, уыимæ физикон бакаст, бавнæлд ацы ран ахсджиаг сты. Физикон цæттæдзинад пъæлицæйаджы удварны, барæмвæнды миниуджыты сæйраг рахæцæн у. «Хъуамæ бæстæйы бæрны уæвæг адæймаг физикон æгъдауæй кæддæриддæр уа æххæст», – афтæ нымайы Зыгъуытайы-фырт.

Рæзгæ уд бæллицтæй дзаг куы уа, уæд æй æнæмæнг рахондзысты раст фæндагмæ. Зыгъуытаты æрыгон лæппуйæн дæр кæддæриддæр рæстагдзинад уыд сæйрагдæр, фæндыд æй закъон хъахъхъæнын, фыдгæнджытимæ тох кæнын. Номдзыд Эрих Мария Ремарк дзырдта, æнæ бæллиццæй адæймаджы цард кæй ницы у. Уымæн æмæ уый руаджы рацæуы размæ, ссары йæ бынат. Зыгъуытаты Арсен дæр ахуырмæ бацыд, ссис пъæлицæйы кусæг.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады стыр фæлтæрддзинад чи райста, уыдонмæ æрыгон пъæлицæйаг лæмбынæг хъуыста, йæхæдæг дæр йæ ахастæй бæрæг дардта. Йæ службæ райдыдта 2019 азы Дзæуджыхъæуы, уырдыгæй йæ 2020 азы раивтой Дыгуры районы мидхъуыддæгты хайадмæ. Уыдис дæсныдзинад æмæ физикон цæттæдзинады хистæр специалист, уый фæстæ службæ кодта Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты.

Уымæй Зыгъуытайы-фырт райста ног фæлтæрддзинад, уый фæстæ куыстмæ æрбацыд Алагиры районы мидхъуыддæгты хайадмæ. Коллективы хæстон æмæ физикон цæттæдзинадæн у бæрнон. Пъæлицæйы лейтенант æппынæдзух йæ хъус дары хайады кусджыты цæттæдзинадмæ, куыддæр ног кусæг фæзыны, афтæ ахуырмæ бавналы.  Ома, уыдæттæ бон-дыууæйы фаг нæ акæны, цалынмæ службæйы ис адæймаг, уæдмæ йæ ахуыр кæнын хъæуы.

Ныртæккæ пъæлицæйæгты физикон уавæрмæ бæрзонддæр домæнтæ ис, ис бæлвырдгонд бæрцытæ, æмæ хъуамæ уыдоны аккаг уай. Зыгъуытаты Арсен афæдзы æмбис, стæй азæн скæны кæронбæттæн хатдзæгтæ. Хайады специалисттæ æппынæдзух сæхиуыл кусынц, сæ физикон бакаст зачетты æвдисынц. Иугæр цавæрдæр къуылымпытæ рабæрæг сты, уæд уæлæмхасæн тренировкæтæм бавнал æмæ ногæй зачет ратт.

Зыгъуытаты Арсен хъуамæ специалистты физикон цæттæдзинад, æхсыны, теоретикон зонындзинæдтæ, арæхстдзинад афтæ фæфидардæр кæна, цæмæй пъæлицæйаг алы æнæнхъæлæджы уавæрмæ дæр уайтагъд цæттæ уа. Боны ахастмæ гæсгæ тренировкæтæ вæййынц ног спорткомплекс «Радуга» кæнæ хайады комкоммæ стадионы. Табелон хæцæнгарзæй æхсыны тыххæй ахуырты дæр æмхуызонæй бацархайынц. Пъæлицæйы кусджыты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ æппынæдзух йæ хъус дары районы мидхъуыддæгты хайады хицау, пъæлицæйы булкъон Тлаттаты Аслæнбег.

Хайады æппæт дæлхайæдты иумæйаг цæттæдзинадæн дзуапдæттæг бæрнонтæ бæрæг сты, дæлхайæдтæ зонынц,  графиктæм гæсгæ сæм цæттæгæнæн бонтæ кæд хауынц, уый. Хъуыддагмæ кæсынц бæрнонæй, æмбарынц Зыгъуытайы-фырты домæнтæ. Зыгъуытаты Арсен та афтæ зæгъы: «Зындзинæдтæ нæ хонынц æнтыстытæм. Тæрсын сæ нæ хъæуы».

Гæззаты Зæринæ,

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here