Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн –алыхуызон æххуыстæ

0
186

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн алыхуызон æххуыстæ райсæн ис Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайады. Иурæстæгон фиддонтæ, компенсацитæ æмæ социалон пособитæ сæ бон райсын у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг тыхы ведомствæты минæвæрттæн, сидтмæ гæсгæ æфсæддон службæгæнджыты бинойнæгтæн, сывæрджын сылгоймæгтæн, ныййарджытæ æмæ иннæ хæстæджытæн.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты пенсион бартæ æххæстгонд цæуынц хицæн хуызы. Пенсион стаж сын нымад цæуы дывæрæй. Зæгъæм, 1 азы службæ нымад цæуы 2 азыл. Уыимæ сын хыгъд цæуы уæлдæр пенсион коэффициенттæ: 1.8 бæсты 3.6.

Æнæкуыстхъом чи суа, уымæн фидынц фæдзæхстадон кæнæ социалон пенси, кæд тыхы ведомствæтæй пенси нæ исы, уæд.

Бархионтæй æфсæддон операцийы архайгæйæ æнæкуыстхъом чи суа, уыдонæн Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайад нысан кæны дыууæ пенсийы: паддзахадон куыд æнæкуыстхъомæн æмæ фæдзæхстадон зæронды кармæ гæсгæ.

Уымæй уæлдай ма, хæсты чи фæцæф уа, уымæн фиддзысты æрвылмæйон компенсаци. Йæ бæрц аразгæ уыдзæн, кæцы къорды æнæкуыстхъом уа, уымæ гæсгæ. Хæстон архайды ветерантыл нымад чи æрцæуа, уыдонæн Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайад фиды æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæцæф, уыдонæн бар ис реабилитацийы техникон фæрæзтæ райсынæн. Ветерантæн уыцы æххуыс кæны Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайад сæрмагонд федералон номхыгъдмæ гæсгæ.

2025 азы райдайæнæй фæстæмæ сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи сыздæхт, уыдонæн ис Социалон фонды центрмæ хауæг медицинон реабилитаци æмæ санаторион-курортон дзæбæхгæнæнтæй пайда кæныны бар. Уымæн хъæуы, цæмæй гражданинмæ уа хæсты архайæджы ветераны æвдисæндар, дзæбæх кæныны æмæ реабилитацийы хъæугæ, стæй, йæ службæ кæй ахицæн, уый тыххæй гæххæттытæ. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы Социалон фонды Цæгат Ирыстоны хайад баххæст кæндзæн, дыууæрдæм фæндаггаг хардзгонд цы æхцайы фæрæзтæ æрцæуой, уыдон.

Курдиæттæ бадæттæн ис Уæрæсейы Социалон фонды РЦИ-Аланийы хайады æппæт клиентон службæтæ æмæ паддзахадон лæггæдтæм.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветераны бинонтæн хуымæтæг уавæрты арæзт цæуынц сывæллоны райгуырды æмæ хъомыл кæныны пособитæ.

Уæрæсейы Социалон фонды иугонд контакты центр: 8-800-100-00-01 (бадзурæн ис лæвар, регионалон хайады куыст: къуырисæрæй цыппæрæммæ 9.00-18.00 сахатмæ, майрæмбоны – 9.00-16.45).

Уæрæсейы Социалон фонды РЦИ-Аланийы хайады

пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here