Культурæйы удварны хæзнатæ бахъахъхъæнынæн…

0
113

Уæрæсейы Президенты Администрацийы разамонæджы хæдивæг Максим ОРЕШКИНЫ разамындæй цы æмбырд сарæзтæуыд, уым ныхас рауад историон-культурон удварнон хæзнатæ хъахъхъæныны фарстатыл. Видеобастдзинады фæрцы фембæлды Цæгат Ирыстонæй архайдта республикæйы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барис.

Ныхасы архайджытæ бæстон æркастысты культурæйы удварны хæзнатæ бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд федералон программæйы проектмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм проектыл бакусыны хæс Президент Владимир Путин сæвæрдта 2024 азы Федералон Æмбырдмæ йе ’рвылазон Ныстуаны. Ныр æмбырды архайæг федералон ведомствæтæ æмæ регионты минæвæрттæ фæбæлвырд кодтой амынд документы уагæвæрдтæ. Сæйрагдæр æргом здæхт æрцыд ацы къæпхæнмæ хаст объектты рацарæзт æмæ сæ хæдзарадон архайды пайда кæныны фарстатæм.

Æмбырды фæстæ Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фæзуатыл бирæ ис историон цыртдзæвæнтæ æмæ культурæйы удварны хæзнатæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы хъæздыг бынтæ фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын у республикæйы ра-
замынды сæйрагдæр нысан.

Регионы бæстон куыст цæуы уыцы историон-культурон объектты арæнтæ сбæлвырд кæныныл, сæ алфамбылай сын хъахъхъæнæн тæлмытæ саразыныл. Уыимæ, профилон республикон комитет йæ цæст дары, цæмæй амынд объектты алыварс бынат ма уа æнæзакъон арæзтæдтæ æмæ æндæр хæ-дзарадон архайдæн.

– Республикæ хъæздыг у культурæйы удварны объекттæй. Æмæ уыцы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныныл бæстон архайд цæуы. Цæгат Ирыстоны цы историон-культурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдонæй 68 объектæн ис федералон нысаниуæг. Уыдоны уавæрмæ, сæ цалцæг æмæ сæ хæдзарадон архайды пайда кæнынмæ здæхт цæуы фыццаградон æргом. Уыимæ, ныхас цæуы уыцы объектты иу хай туристон маршруттæм бахæссыныл дæр. Уый фæрцы республикæйы уазджытæн фадæттæ уы-
дзæн фылдæр цымыдисагдæр объекттæ фенынæн, нæ адæмы истори æмæ культурæимæ хуыздæр базонгæ уæвынæн, – бафиппайдта Дзанайы-фырт.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here