Дунеон форум йæ куыст райдыдта

0
554

Картофы мыггаджы куыстимæ баст дунеон XII наукон-практикон форум йæ куыст райдыдта «Фат-Агро»-йы фæзуатыл. Уазджытæ æмæ фысымтæн сæ зæрды ис фарстайыл бæстон æрдзурын, рæгъмæ æмгуыстады хъуыддæгтæ рахæссын.

Ацы дунеон форум сæмбæлд уазджытыл Уæрæсейы 17 регионæй,  Белоруссийæ, Узбекистанæй, Азербайджанæй, Сомихæй, Гуырдзыстонæй.

Форумы архайджытæн зæрдиаг æгасцæуай загътой РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь, компаниты къорд «Бавари»-йы бындурæвæрæг Битарты Вячеслав, картофы мыггаджы стандартизацийы сæрмагонд секцийы экс-секретарь Сергей Маланичев.

– Сæрыстырæй зæгъæм, Уæрæсейы, нæ гыццыл Ирыстоны, дæнцæгæн хæссинаг, ахæм егъау компани кæй ис. Наукæ, практикæ æмæ кæронбæттæны – æнтыстдзинад. Куыстуаты рæзтæн нæхæдæг стæм æвдисæн. «Фат-Агро» æнтыстджын къах-дзæфтæ кæны, йæ фидæн ноджы рæсугъддæр уыдзæн, – загъта министры хæдивæг æмæ раарфæ кодта компанийы коллективæн йæ 20 азы юбилейы фæдыл.

– Мах цæттæ стæм дæргъвæтин æмгуыстадмæ, Уæрæсейы картофы куыст чи кæны, уыдонимæ. Ахæм хорз фæлтæрддзинад нæм ис, бадзырдтæ семæ бафыссæм, сæ номхыгъд фæуæрæхдæр кæныныл кусæм, – фæнысан кодта Битарты Вячеслав. – Уæлдай бузныг зæгъын, æрвылаз нæ форум чи бабæрæг кæны, уыцы уазджытæн. Нæ компанийы хорз æмбæлттæ æмæ æмкусджытæ сты уыдон. «Фат-Агро» йæ архайды фылдæр æргом аздæхта хæрзмыггаг картофы куыстмæ. Уал азмæ нæм фæзынд фæлтæрддзинад, дæсны специалисттæ, хорз куыстæн нæм ис æппæт гæнæнтæ дæр. Мыггæгтæм сæйрагдæр домæн у сæ хæрзхъæддзинад, уымæн ахъаз сты, цы нырыккон лаборатори байгом кодтам, уый, æмæ хъæрмуæтты комплексы куыст дæр. Æнтыстджын  размæцыдæн хъæуы æвæллайгæ æрвылбоны архайд.

Специалистты ’хсæн рауад бæстон ныхас картофы низты æмæ мыггаджы тыххæй, уæрæсейаг селекцийы хатдзæгтыл, йæ ад,  йæ хуызтæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Форумы архайджытæ æмæ уазджытæн бацæттæ кодтой, хъæууонхæдзарадон продукцийы цымыдисаг равдыст, мастер-класстæ, цæлхæмбырдтæ.

Йæ архайджытæ бабæрæг кæндзысты Джызæлы Цæгат Кавказы мыггæгты селекцион центр æмæ, картофы селекцион хуызтæ кæм зайынц, уыцы быдыртæ Уæллаг Зджыды.

Уазджытæн сæ бон уыдзæн картофы ног хуызтæ «Садон», «Спринтер», «Алани»-йæ саходын, сæ ад сын банкъарын. Уæдæ æнæ ирон фынгæвæрдæй дæр уазджыты нæ ныууадздзысты. Картофы мыггаджы рæзты форум алы аз дæр августы скæны «Фат-Агро». Афтæ зæгъæн ис, æмæ ацы фæз свæййы, мыггаджы куысты ногдæр технологитимæ базонгæ уæвæн кæм ис, ахæм бынат. Форум скæныны хъуыддаджы сæ цуры балæууынц Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрад, Александр Лорхы номыл иртасæн федералон центр, Картоф æмæ халсарты базарады цæдис æмæ иннæтæ.

 Гугкаты Жаннæ,

къам систа Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here