Уæлахиз цымæ цæмæй райдайы?

0
163

Нæ алкæмæ дæр уыцы фарстæн алыхуызон дзуаппытæ ис, фæлæ уæддæр сæ мидис æмхуызон у. Уæлахиз райдайы хуымæтæг æфсæддоны сгуыхтæй, схæцыны раст тактикæ æмæ стратеги равзарынæй, хæстоны ныййарæджы æнæхуыссæг æхсæвтæй, уæрæсейаг æфсадæн æххуысгæнæг æцæг патриоттæй.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы æнтыстыты фæстæ лæууынц бирæ адæм, нæ бон сæ «сабыр хъæбатыртæ» схонын у. Сæхи кой сæм нæй, афтæмæй операцийы фыццаг бонæй не ‘фсæддонтæн алывæрсыг æххуыс кæнынц. Уыдæттæй сæхицæн кад скæнынмæ нæ хъавынц, æрмæстдæр сæ ис нæ бæстæйы мæт. Æфсадæн сæ удварн æмæ материалон уавæры бацæуынц, æндæр нысан сæм нæй.

Уыцы адæмæй нæ фæнды сæ иуы кой скæнын. Уæрæсейы Слестгæнæг комитеты Мæскуыйы сæйраг управленийы разамонæджы хæдивæг Уæзæгты Владимиры нæ салдæттæ рагæй дæр йæ номæй хонынц. 2022 азæй фæстæмæ йе ‘мбæлттимæ фронты алы рахæцæнты сæмбæлын кæны гуманитарон æххуыс.

Балхæнынц техникæ, транспорт, хæстон гæрзтæ, хойраг, хостæ æмæ сæ уайтагъд бынаты сæмбæлын кæнынц. Стыр æххуыс дзы зонынц Плиты Иссæйы номхæссæг 166-æм полкъ æмæ бархионты къорд «Алани». Уæзæджы-фырт æрмæст хъæппæрис не ‘вдисы, фæлæ æппæт æххуыс йæхæдæг ныххæццæ кæны раззагдæр хаххмæ. Нæдæр тарст æвдисы, нæдæр – гуырысхо.

Рагæй йæ чи зоны, уыдон ыл дис нæ кæнынц, уыдæттæ зæрдæйæ кæй кæны, уый æмбарынц. Республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы ныхасмæ гæсгæ, Уæзæджы-фырт кæддæриддæр йæ уæздандзинад æмæ хиуылхæстдзинадæй бæрæг дары: «Мах хæлæрттæ стæм, уый æцæг патриот у. Фæлтæрддзинад иутæ акъоппыты æвдисынц, иннæтæ та, куыд барадхъахъхъæнджытæ – бæстæйы мидæг. Хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæнын фенцондæр, ноджы уый куы зонай, æмæ дæ фæстæ ахæм лæгтæ сабырдзинад æмæ фæткмæ æнæрынцойæ цæст дарынц. Бузныг ын зæгъын, цыдæриддæр нæ бахъæуы, уыдон йæ хъæппæрисæй тохы быдыры сæмбæлынц».

Уæзæгты Владимир ацы арфæйы ныхæсты тыххæй æрмæстдæр йæ мидбылты бахудт. Йæ бон цы у, уый кæны, йæ Фыдыбæстæ тынг кæй уарзы, уый хъуыддæгтæй æвдисы.

Плиты Иссæйы номхæссæг полкъ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here