Абон стыр Елхоты дзырддзæугæ хистæртæй иу у Хабæты Батмырзæ. Хæсты сывæллæтты фæлтæры минæвар, схъомыл æнæ фыдæй, хæрз æрыгонæй æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Ныр акаст йæ 85 азы сæрты, разы у йæ кæстæртæй, уыдон сты æртæ фæлтæры. Ахуыр сæ кæны ирондзинадыл. Уый фæдыл у нæ ныхас Хабæйы-фыртимæ:
— Нæ буц хистæр, дæ сабидуг дæ зæрдыл арæх æрлæууы?
— Цæй сабидуг уыдис хæсты сывæллæтты фæлтæрæн? Зæгъæн ис, хæст нын æй байста. Æз мæхæдæг мæ фыды хъуыды дæр нæ кæнын. 1941 азы майрæмы мæйы (августы) сæ æртæ æмгарæй — Мырыкаты Хъауырбег, Кодзырты Махарбег æмæ мæ фыд Хабæты Шамилы — акодтой хæцæг æфсадмæ. Уæд Елхоты машинæ-тракторон станцæйы (МТС) уыдис æртæ уæзласæн хæдтулгæйы, куыстой сыл уæлдæр ранымад æмгæрттæ. Ацыдысты æд хæдтулгæтæ æмæ ма дзы сыздæхт æрмæст Мырыкаты Хъауырбег.
— Ацы аз нæ бæстæ сбæрæг кодта Цытджын Уæлахизы 80 азы кадджын бæрæгбон. Æвæццæгæн, дæ фыды дæр æрымысыдтæ…
— Уый мæнæй рох никæд уыдис, бæрæгбæтты та, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлты нæмттæ уæлдай буцдæр вæййынц. Нæ алы къахдзæф дæр уыдонимæ фæбарæм. Уæлдайдæр нæ ирондзинады фæзилæнтæ. Ныхас дæр ыл нæй, стæй уый сусæггаг нæу, цыфæнды гыццыл хъуыддаг дæр райдайы æгъдауæй. Фæтк кæм нæ уа, уым хъуыддагæн рæстмæ цæуæн нæй, лыггæнинаг фарстатæ нывыл арæзт никуы æрцæудзысты.
— Мах, Ирыстоны хъæбултæ, нæ сæр бæрзæндты хæссæм, аланты байзæддæгтæ стæм, зæгъгæ. Нæ республикæ дæр афтæ хуыйны: Цæгат Ирыстон-Алани, Хуссар Ир та — Паддзахад Алани.
— Ай-гъай, искæмæй сæрбæрзонд уæвын æвзæр нæу. Нæ рагфыдæлтæ, астæуккаг æнусты цæрæг разагъды алантæ кæй уыдысты, уый раджы сбæрæг кодтой суанг фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. Фæлæ мах, абоны цæрæг ирæттæ, сæ разы хæсджын стæм, фыццаджыдæр, цы диссаджы рæсугъд æгъдæуттæ нын ныууагътой, уыдон æххæст кæнынæй. Зæгъæм, алантæм стыр кадыл нымад уыдис хистæрæн балæггад кæнын, æххуысхъуаг адæймагмæ дæ арм бадарын, йæ зындзинадæй йын иу хай дæхимæ райсын, йæ циныл ын зæрдиагæй бацин кæнын. Стæрты уæвгæйæ-иу цы фæфос кодтой, уый æмхуызонæй уæрст цыдис се ‘мбæстæгтыл, уæлдайдæр цыбыркъух адæймæгтыл. Уыцы фæтк ирдæй æвдыст цæуы Нарты кадджыты дæр. Цыбыр дзырдæй, алантæ цардысты «хицæн арт æмæ æмæхсæвæрæй».
— Фыдæй-фыртмæ адæм се ‘хсæн бирæ рæсугъд æгъдæуттæ æххæст кодтой. Куыд дæм кæсы, абон дæр афтæ у?
— Дæ фарстæн цыбыр дзуапп раттæн нæй. Ахъуыды ма кæн, хистæртæн куыд кад кодтой, сылгоймаджы фарн кæуылты æххæссыд. Иннæ ахæм мæгуыртæн, зианджынтæн баххуыс кæнын алчи йæхицæн нымадта хæсыл. Раст куы зæгъæм, уæд абон дæр уыцы æгъдæуттæй бирæтæ æххæстгонд цæуынц, уæлдайдæр зианы рæстæг. Фæлæ ам дæр, хъыгагæн, «хъулон» митæ фенæн ис. Бонджыны мардмæ фæцæуынц æзфæраздæронæй, стæй сæ сабæттæгтæ вæййынц «уæззау». Мæгуыры мардмæ та мæгуырау адæм æрцæуы, стæй сæ сабæттæгтæ дæр вæййынц мæгуырау. Уыцы цæстмæ митæ халынц нæ адæмы иудзинад, дихтæ нæ кæнынц.
— Батмырзæ, ды ма хорз хъуыды кæндзынæ не ‘мхъæуккаг Андиаты Мæхæмæты. Журналист-публицист йæ уацтæй иуы афтæ загъта: «Зæрдæйæн зынаргъдæр, удæн адджындæр цы у, уыцы хæзнатæ мах алкæддæр абарæм мадимæ. Алы адæм дæр уыцы цæстæй кæсынц æмæ аргъ кæнынц се ‘взагæн æмæ йæ уымæ гæсгæ хонынц мадæлон». Дæумæ гæсгæ, не ‘взаг абон фæдисы уавæрмæ кæй æрцыд, уым аххосджын чи у?
— Æз ахуыргонд нæ дæн, иннæ ахæм æвзагиртасæг. Фæлæ йæ куыд æмбарын, афтæ йæ зæгъын. Алцыдæр цæуы бинонтæй. Сывæллонимæ йæ ныййарджытæ, йæ дада æмæ нана иронау куы нæ дзурой, уæд куыд хъуамæ бауарза æмæ базона йæ мадæлон æвзаг. Иннæ ахæм, рæвдауæндæттæ сафынц сабитæн сæ ирон æвзаг, уæдæ скъолаты дæр къуыри дыууæ сахаты æндæр нæй мадæлон æвзагæн.
— Ныры дуджы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн ис стыр ахадындзинад. Куыд дæм кæсы, уыдон абон ирон æвзагæн ахъаз сты æви цæлхдур?
— Йæ цæрæнбон бирæ Битарты Вячеславæн, уый фæрцы нæм фæзынд телеканал «Осетия-Ирыстон». Уагæвæрдмæ гæсгæ, телевизион равдыстытæн сæ раст æмбис хъуамæ уой ирон æвзагыл. Хорзыл банымайæн ис нæ удварны хæзнатæм раздæхыны мадзæлттæ: «Фыдæлтæм фæндаг», «Нысантæ», «Ракуывд». Ацы фæстаг равдысты тыххæй мæ зæгъын фæнды иу фиппаинаг. Уыцы ракуывдты хъуысынц Иунæг Хуыцау, Сыгъзæрин Уастырджи æмæ иннæ зæдты нæмттæ. Æрхъуыды кæнынц, табу сæхицæн, Заманхъулы Дурджынбæрзонд, Олгинскæйы Цыргъобау, Беслæныхъæуы Уастырджийы. Цымæ цæмæн ферох, æнусты арфæй нæм цы кувæндон æрхæццæ, уый — Дзлаты (Тæтæртуппы) Уастырджи? Ирон адæм Уæрæсемæ Æрджынарæгыл куы цæуынц æмæ йыл сæхи куы бафæдзæхсынц. Ныр цыппæрæм аз сæрмагонд æфсæддон операцимæ цæуæг фæсивæды дæр ацы кувæндоны бафæдзæхсынц хистæртæ Дунесфæлдисæг æмæ йе сконд зæдтæ æмæ дауджытыл.
— Раст сты дæ уайдзæфтæ, фæлæ ма дæ бафæрсон: ирон æгъдау абон йæ бынаты ис?
— Куыд дын зæгъон? Терчы доны уылæн уылæны куыд ивы, афтæ замантæ дæр ивгæ цæуынц. Ахæм уавæры æгъдæуттæн дæр æнæ ивгæ нæй. Æрмæст сæ мидис хъуамæ ивд ма цæуа. Цæмæн хæссæм не ‘гъдæуттæм ивддзинæдтæ? Ома, афтæ мын æнцондæр у, зæгъгæ, фæзмæм æндæр адæмыхæттыты. Бирæ лæппу-фæсивæд бинонты
хъуыддаг нæ кæнынц, «фæрæзтæ нæй» æфсонæй. Ау, æмæ нæ фыдæлтæ хохы цъассыты куы цардысты, уæд сæ авналæнтæ уæрæхдæр уыдысты? Уæдæмæ ныры фæсивæд сты æнæныфс.
— Бузныг дæ мидисджын дзуаппытæй.
Ныхас ныффыста КЪУБАЛТЫ Аркади














