Æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад

0
135

Уæрæсейы Национ гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы йæ разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, пъæлицæйы булкъон Дмитрий Подвысоцкий скодта оперативон штабы æмбырд. Рæгъмæ рахастæуыд ног ахуыры азмæ цæттæ кæныны рæстæг, Беслæны арæзт террористон акты амæттæгты æрымысын æмæ Хъæлæс кæныны иумæйаг бон æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны фарстатæ.

Ныхасы архайдтой: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, пъæлицæйы разамонæджы хæдивæг, булкъон Агънаты Уырызмæг, Æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг Николай Иванов, РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы разамонæджы хæдивæг Хъуыдакаты Сослæнбег, Уæрæсейы Национ гвардийы дзæуджыхъæуккаг иугонды штабы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, булкъон Андрей Иванов, ахуырады ведомствæйы минæвæрттæ æмæ оперативон штабы уæнгтæ.

Структурон дæлхайæдты разамонджытæ радзырдтой, регионы фæзуатыл æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ ведомствæтæ куыд цæттæ сты, уый тыххæй. Афицерты ныхасмæ гæсгæ, æрмæст ахуырадон кусæндæтты æдасдзинад не сбæрæг кодтой, фæлæ ма цæрджытимæ дæр бакуыстой. Радзырдтой сын фыдракæндтæ ма ‘руадзыны тыххæй.

Томайты Ирбег Ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæртты размæ сæвæрдта, ныртæккæ цы закъон кусы, уый домæнтæм къæрцхъус уæвын, Национ гвардийы амынддзинæдтæ æххæст кæнын. Æппæт уыдæттæ оперативон штабы æмбырды райхъуыстысты. Штабы æмбырды кæрон пъæлицæйы булкъон Дмитрий Подвысоцкий скодта хатдзæгтæ, сбæлвырд кодта æппæт ведомствæты къахдзæфтæ. Се ‘хсæн разыдзинад куыд уа, уыдæттæ сын бафæдзæхста.

Уæрæсейы Национ гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here