Йæ дуне у дидинæгджын фæз

0
64

РЦИ-Аланийы Национ музейы байгом Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультеты кафедрæйы доцент Биганты Зæринæйы авторон юбилейон равдыст. Экспозицимæ хаст æрцыдысты 50 нывы. Ноджы ма равдысты архайы проект – «Триптих-9», уый у сæ иумæйаг куыст Гугкаты Дзерассæимæ. Равдыст ацæудзæн 15 сентябры онг.

Зæринæйы куыстытæ бæрæг дарынц сæ экспрессивон ахастæй. Сæйрагдæр мотив дзы у нæ алыварс æрдзы рæсугъддзинад, йæ фидыц, йæ аив зæл… Банкъарæн дзы ис авторы поэтикон æмæ романтикон зондахаст, йæ хъуыдыты дуне, æмæ дзы адæймагæн цы бынат ис, уый.

Сылгоймаджы зæрдæ цæмæй райы? Æнæмæнг, рæсугъддзинадæй. Уыцы рæсугъддзинадæй Хуыцау цæстуарзонæй бахай кодта Зæринæйæн йæхицæн дæр. Æмæ уый канд æддаг бакаст нæу, фæлæ хъæздыг миддуне, фæлмæн æмæ хæларзæрдæ. Адæймагæн йæ миддуне рæсугъд, фæлмæн æмæ цæстуарзон куы уа, уæд ын фыдуынд уæвæн нæй.

Зæринæ цы равдыст бацæттæ кодта, уый иууылдæр у номарæн æрдзы рæсугъддæр фæзынд – дидинджытæн. Æмæ хуымæтæджы дидинджытæн нæ. Нывгæнæг хъæздыг ахорæнтæй сфæлдыста «удгоймаг» дидинджытæ. Уыдон дзурынц авторы зæрдæйы рухс æнкъарæнтыл, йæ бæллицтæ æмæ монцтыл. Сты æрмæстдæр цинхæссæг.

Зæринæ каст фæци Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæ, уый фæстæ та ссис Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультеты рауагъдон. Райста нывкæнынады аивады ахуыргæнæджы диплом æмæ ныр зæрдиагæй кусы студенттимæ, амоны сын йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ.

Зæринæйæн арфæ ракæнынмæ равдыстмæ æрбацыдысты Уæрæсе æмæ нæ республикæйы зындгонд нывгæнджытæ, йе ’мкусджытæ, студенттæ æмæ
хуымæтæг аивадуарзджытæ.

Мæнæ куыд зæгъы Зæринæйы сфæлдыстады тыххæй йе ’мкусæг, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты аивæдты факультеты нывкæнынады кафедрæйы сæргълæууæг, профессор, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, Уæрæсейы Аивæдты академийы академик Басаты Олег:

– Зæринæйы æз базыдтон, студенткæ ма куы уыд, уæд. Уæдæй нырмæ уынын, йæ дæсныйад куыд рæзы, уый. 1994 азы йæ, нæ кафедрæйæн бындур чи сæвæрдта, уый – Бедойты Шалва æрбахуыдта кусынмæ кафедрæмæ. Зæрдæргъæвдæй кусы райдиан курсыты студенттимæ. Куыд ахуыргæнæг, афтæ æмбары фæсивæды, разæнгард сæ кæны сфæлдыстадон куыстмæ, аивад сын уарзын кæны. Мæнмæ гæсгæ, зонын-дзинæдтæ раттыны разæй сæйрагдæр у, ахуырдзауты зæрдæтæм фæндаг ссарын, сæ миддуне, сæ курдиæттæ сын раргом кæнын.

Уæрæсе æмæ европæйаг бæстæты аивадуарзджытæ цы коллекцитæ æмбырд кæнынц, уым сæхи сæрмагонд бынат бацахстой Биганты Зæринæйы нывтæ дæр. Нæ редакцийы коллективы зæрдæ йын зæгъы сылгоймаджы амонд æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here