«Хъазтæ, хъазтæ, хъæумæ…»

0
86

«Гæртамхортæ», «цæстфæлдахджытæ» – нæ фæлæ ’мæ цы æнад, фыдконд дзырдтæ сты! Адæмы царм стигъджытæ, къазна гаффутгæнджытæ æмæ ма сын бирæ æндæр, ноджы карздæр нæмттæ ссарын дæр æмбæлы, фæлæ уыдоныл æрлæудзыстæм. Æдде бакæсгæйæ, базонæн нæй, дæ разы æдзæсгом къæрных лæууы æви адæмы сæр. Уый тыххæй уын иу хабар радзурдзынæн.

Цыколайы Æрæфы районы газеты куы куыстон, уæд нæм-иу арæх æрбауад Бæдæлæг, кæцыдæр спортивон æхсæнады сæрдар. Æдде бакастæй – уæздан, цыма дзурын дæр нæ зыдта, йæхи ахæм фырнымдæй æвдыста, æмæ-иу дзы æфсæрмæй мæлгæ кодтон, спортивон æрмæг исгæйæ.

Куыстмæ æндæр районæй цыдтæн, стæй æрыгон адæймаг царды бирæ сусæгдзинæдтæ нæ фембары, алчидæр æм хорз фæкæсы, æмæ æз дæр кæцæй зыдтон, чи цæмæй улæфы, уыдæттæ. А-Бæдæлæг-иу редакцимæ куы фæзынд, уæд-иу мæ хистæр æмбæлттæ кæрæдзимæ мидбылхудгæ ракæс-бакæс кодтой, æваст-иу цыдæр æнахуыр ныхæстыл схæцыдысты, хъазты кой кæнын-иу райдыдтой. Рухсаггаг Тамби-иу æй афарста, Бæдæлæг, ныр хъазы фыд нæ бахæрис, зæгъгæ, æмæ-иу æй уæд нæ «спортсмен» кæнæ æлгъитынмæ фæци, кæнæ та-иу тагъд-тагъд федде. Дарддæр-иу нæ нæлгоймæгтæ худæгæй амардысты. Иуахæмы та Бæдæлæг хъазы коймæ куы рамæсты æмæ лидзæг куы фæци, уæд сæ фæрсын, цæуыл, зæгъын, афтæ зæрдиагæй фæхудут, мæнæн дæр ма йæ зæгъут. Æмæ мын Тамби радзырдта…

Цæвиттон, уымæй иу авд азы разæй Бæдæлæг районы стыр бынаты
куыста. Хицау, «распорядитель кредитов» бавдæлд, æмæ, паддзахад куыстуатæн цы ’хцатæ лæвæрдта, уыдонмæ фæныхылдта. Фыццаг – гыццыл, куыд фæстæдæр – фылдæр… Чи зоны, цæуыл æрæнцадаид хъуыддаг, фæлæ дын иу райсом ревизортæ йæ сæргъы куы ’рбалæууиккой, мæгуырæг, йæ «къæдзилтæ» æфснайыны бон дæр æй нал фæци. Советон хицауад ахæмтимæ æмбæхсджыты нæ хъазыд – Бæдæлæгæн уайтагъд къалатийы йæ тъæпп фæцыд – Васильева дын куы нæ уыд, мыййаг, 13 уаты иунæгæй «куырдуаты» бадынмæ.

Йæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн, уый æмбæрста, æмæ йын йæ бинонтæ зынаргъ адвокат баххуырстой. Уый йын бацамыдта, дæхи, дам, афтæ бавдис, цыма дæ зонд фæцыд, æмæ, дам, дæ уæд уайтагъд суæгъд кæндзысты. Иннæ бон æм слестгæнæг куы ’рбацыд, уæд Бæдæлæг, адвокаты амындтытæ æххæстгæнгæйæ, цырд фæгæпп ласта, йæ цæстытæ цармæ сфæлдæхта, йæ къухтæ цыма базыртæ уыдысты, афтæ сæ сфæйлыдта, йæ фæрстыл сæ хойы æмæ хъазы уаст кæныныл архайы:

– Гæз-гæз-гæз-гæз-гæз!..

Дарддæр, куыд дзурынц, афтæмæй йæ слестгæнæг, йæ буар куыд нæ сцъæх уыдаид, ахæм цæфтæ цалдæр фæкодта, æмæ Бæдæлæг уайтагъд йæхимæ æрцыд, фæстæмæ адæймаджы хуыз райста. Тæрхон ын рахас-той, æхца фæстæмæ паддзахадмæ раздæхта, бадгæ дæр фæкодта. Куы суæгъд, уæд ма йæ хицауы бынаты чи ’вæрдта? Абон куы уыдаид, уæд, æвæццæгæн, ноджы хуыздæр ран сбадтаид, фæлæ уæд Бæдæлæг тыххæй-амæлттæй спорты бабырыд, афтæмæй йæ бонтæ тыдта.

Иу бон Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ Тамби йе ’мбæлттимæ дуканимæ бацыд. Ам дын бынтон æнæнхъæлæджы сæ цæст хъазæнты ’хсæн хъазыл куы ’рхæцид. Йæ мидæг – батарейтæ, кънопкæйыл ныххæц, æмæ хъаз йæ базыртæ сцæгъды, йæ мидбынаты æрзилы, йæ цæстытæй цæхæртæ ракæлы! Ай æнагургæйæ ссаргæ хæзна куы у, зæгъгæ, нæлгоймæгтæ æнæуæлæмæсдзургæйæ кæрæдзи бамбæрстой, хъаз алхæдтой, хæдтулгæйы абадтысты æмæ раст Бæдæлæджы кусæн уаты раз балæууыдысты. Ам сусæгæй хъазы сифтыгътой, æмæ, куыддæр кафын райдыдта, афтæ уаты дуар ныххостой, сæхæдæг дард алыгъдысты. Бæдæлæг, цы ’рцыди, зæгъгæ, ратындзыдта, дуар фегом кодта, æмæ йæм… хъаз куы бакафид. Сонт ракæс-бакæс кæны, фыр мæстæй зæхмæ дæндагæй лæбуры, йæ балхæнæджы мæрдтæ йын хурмæ сфæлдæхта. Иуафон æм кæцæйдæр Тамби æмæ йе ’мбæлтты худын æрбайхъуыст…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here