Куыд равзæрд Хетæджы Уастырджийы кувæндон?

0
133

 Газет «Стыр Ныхас»-ы иу уацхæссæг, йæхи куырыхон чи хоны, уый фыссы æрмæг. Йæ сæргонд – «Цы нысан кæны къæлиндар» Хетæджы Уастырджийы тыххæй. Ацы бæрæгбон фæбæрæг кæнынц сусæны мæйы дыккаг Хуыцаубон. Куыд равзæрд, уый алчидæр зоны, æмæ йыл уый тыххæй нæ дзурдзыстæм. Бадæнты тыххæй та фыссы: «Ацы кæнд кæнынц ног мæрдтæн. Зианы æгъдаумæ гæсгæ хуыцаубоны куы баизæр вæййы, уæд марды уд йæ бинонтæм фæстæмæ æртæхы æмæ æхсæв-бонмæ фæкæсы бинонтæм, æнæ уымæй куыд цæрынц, куыд æй мысынц, уымæ. Стæй, куы ‘рбабон вæййы, уæд фæстæмæ йæ бынатмæ атæхы… Иу районы газеты дæр уыцы уацхæссæг фыссы æрмæг, йæ сæргонд – «Хетæджы Уастырджи». Уым зæгъы, Хетæджы кувæндоны равзæрд фæсивæд нывыл кæй нæ зонынц, æмæ  ма йæ нæ зæрдыл ногæй куы ‘рлæууын кæнæм, уæд, æвæццæгæн, рæдыд нæ уыдзæн, зæгъгæ.

Этнографион литературæйы бирæ таурæгътæ ис ацы къохы равзæрды тыххæй. А. Шегрен цы таурæгъ æрхаста, уымæ гæсгæ раджы цардис (кæм цардис, уый бæрæг нæу) иу нæртон хъæбатыр лæг, йæ ном – Хетæг. Иу рæстæг æм знæгтæ ныббырстой, æмæ, уыдонæй тæрсгæйæ, фæлыгъд йæ цæрæн бынатæй (гæнæн ис, Суадагмæ). Куы ‘рбахæццæ, уæд йæ тых асаст, йæ бон цæуын нал уыд. Уыцы рæстæг æм хъæдæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæлæс: «Хетæг, хъæдмæ!» Уæд æм Хетæг дзуры: «Хетæг хъæдмæ нæ, фæлæ хъæд – Хетæгмæ!» Уыцы уысм æцæгæйдæр хъæды фахсæй иу гæбаз фæхицæн, æмæ Хетæджы алыварс тымбылæй февзæрд, знæгтæй йæ бааууон кодта, бахъахъхъæдта.

Н. Березнов та æндæр таурæгъ ныффыста. Раджы заманты, Хетæджы къох ныртæккæ цы бынаты ис, уым цардис, диссаджы алæмæты миниуджытæй æххæст чи уыд, ахæм зондджын, куырыхон лæг Хетæг. Уый, дам, арвыл стъалыты нымæц нымадта йе ‘нгуылдзтыл, базыдта-иу рагагъоммæ, цы цаутæ æрцæудзæн, уыдон, базыдта-иу адæймаг æмæ фосы мæлæт. Уымæ гæсгæ йæм адæм цыдысты фæрсынмæ, æнæ уый бафæрсгæйæ, цуаны дæр æмæ балцы дæр ничи цыдис. Фæстагмæ, азтæ куыд цыдысты, афтæ Хетæг фæцудыдта, бакуырм ис, йæ диссаджы миниуджытæ сæфын байдыдтой. Раст уыцы афон адæмыл айхъуыст, зæгъгæ, знаг хъæумæ æрбабырсы, æмæ бынтондæр хъуамæ пырхгонд æрцæуа. Знаг хъæумæ (Суадагмæ) куы æрбацæйхæццæ кодта, уæд цæрджытæ зæронд Хетæгæн загътой, ома, мах иууылдæр хъуамæ хъæдмæ алидзæм, ды дæр немæ рацу, науæд сæфыс. Уæд Хетæг загъта: «Мæнæн мæ бон хъæдмæ ацæуын нал у, фæлæ, хъæд, дæуæн дæхимæ сидын, æрцу мæм дæхæдæг, æмæ мæ бахиз фыдызнагæй. Хъæд, фехъуысæд дæм мæ лæгъстæ!». Уæд, зæгъы, хъæдæй иу хай сыстад æмæ Хетæджы алыварс февзæрд, знæгтæй бааууон кодта Хетæджы æмæ хъæубæсты дæр. Уыцы цау фенгæйæ, знæгтæ зæрдæсаст фесты æмæ фæстæмæ фæлыгъдысты. Автор кæронбæттæн скодта: Хетæджы æмæ хъæубæсты хъæд кæм бааууон кодта, уым арæзт æрцыд кувæндон Уастырджийы фæндонмæ гæсгæ, æмæ абон ацы къох хæссы Хетæджы Уастырджийы кувæндоны ном. Ацы æрмæг районы газеты куы рацыд, уæд Æгайты Амырхан дæр уыцы редакцимæ бахаста стыр æрмæг, йæ сæргонд – «Хетæг». Хъуыстгонд фыссæг, ирон куырыхон хистæр Хъайтыхъты Азæмæты бæлвырд дæнцæгтæй фыст таурæгъ уыцы газеты мыхуыргонд æрцыд раздæр, æмæ йæ куы бакасти, уæд дзы, æвæццæгæн, йæ зæрдæмæ цыдæр нæ фæцыд, æмæ уый фæдыл ныффыста, уæлдæр цы дæнцæгтæ ‘рхаста, уыдон растдæрыл банымайыныл. Цыбырæй хæссын скъуыддзаг Азæмæты фыст таурæгъæй: «Йæ зонд, йæ зæрдæйы йын скъахта муртаккаг дины арф уидæгтæ, æмæ йæ чырыстон диныл бафтыдта Хетæджы. Рагон дин сæ хъуынджын зæрдæты кæмæн фыхт, сæ туг, се стæджы кæмæн ахъардта, уыцы хистæртæ куыннæ фæгуырысхо уыдаиккой Хетæгыл, æмæ йæ сындзын арты басудзынывæнд скодтой. Фæлæ, табу хъуыддæгтæ аразæг Уастырджийæн, Хетæгыл саджы къæхтæ бафтыдта, æмæ йын цы уæззау фæлварæн сныв скодта, уыцы фæндагыл æй араст кодта. Цард зынаргъ у, æмæ, Хетæджы адзалы тас йæ уæлныхты куы систа, уæд ралыгъди уыцы хъæуæй, йæ ных сарæзта Ирыстоны ‘рдæм. Йæ хистæр æфсымæртæ Биаслан æмæ Аслæмбег æй сæ хъузæттимæ сурынтæ байдыдтой. Хетæгæн йæ чъиухид лæсæнтæ кодта, афтæмæй йыл уæрæх быдыртæ скъуындæг сты. Хæхтæм баирвæзынмæ йæ бирæ бæргæ нал хъуыди, фæлæ, Суадагмæ куы бахæццæ, уæд уæрджытæ даддæр йæ коммæ нал кастысты. Йæ ком дойныйæ ныххус, цæстытæ тартæ кодтой. Цъæх нæууыл æрхауд æмæ йæ цыппæртыл, хæстулæфтгæнгæ, размæ куы абырыд, уæд кæйдæр зæлланггæнаг хъæлæс йæ хъусты ныййазæлыд.: «Хетæг, хъæдмæ, хъæдмæ!» «Хе-етæг, хъæ-æдмæ на-ал, хъæд – Хе-етæгмæ», – сфæрæзта ма адзалы разæй лидзæг лæппу, æмæ йæ фæллад сырх цæстытæ хъæдмæ ныццавта. Уалынмæ зилгæ дымгæ Суададжы хъæды сæрмæ февзæрд. Цъилау ныззылдтытæ кодта æмæ тар хъæды бæстастæуæй æнусон бæлæсты стыр къох æдтъанг-æдтъунг срæмыгъта, æмæ йæ, Уастырджийы амындмæ гæсгæ, тыгъд быдыры, сурджытæ æмæ лидзæджы ‘хсæн дидинджыты бастау авæрдта. Йæ тыхджын уылæн, фæззыгон хус сыфтæртау, Зеленчукы цæрæг, аллойнаг æлдар Иналы (Хетæджы фыд) фæдисæттыл ахæцыд æмæ сæ Æрджынарæгæй фæдæле кодта. Чысыл раздæр тыгъд быдыр кæм уыди, уым цалхыдзаг мæйау февзæрд тымбыл къох, абон хæссы Хетæджы Уастырджийы кувæндоны ном. Хетæгæн Хуыцау ахæм арфæ ракодта, æмæ Туалгоммæ бафтыд, æрбынат кодта Нары хъæуы, бинонты хъуыддаг бакодта, цот сын рацыд». Азæмæт дарддæр фыссы: «Хетæгæн йæ фарæстæм фæлтæр – Леуаны хæдзары байгом Уастырджийы сыгъзæрин чырыны дуар. Скасти дзы ног бонвæрон стъалы, йæ дæсæм фыдыфырттæй Къоста «Ирон фæндыр»-имæ», æмæ рагон нæртон Ацæмæзау йæ диссаджы курдиатмæ æнæхъæн дуне æркасти. Нары хъæу æмæ Хетæджы къох Иры дзыллæтæн сты абон æппæты кадджындæр рухс кувæндæттæ».

«Ирон фæндыр» тæлмацгонд æрцыд Англисы, Индийы, уырыссаг æвзагмæ æмæ а.д. Фыссы йæ Къоста йæхæдæг дæр «Ирон фæндыр»-ы æмдзæвгæйы хуызы уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, йæ сæргонд – «Хетæг». Тынг бæлвырд дзы фыссы Хетæджы хъысмæт æмæ царды тыххæй. Æрхæсдзынæн дзы иу-цалдæр цыппаррæнхъоны:

Раджы, зæгъон, æмæ раджы куыд уыдаид?
Иууыл æрæджы зæгъон, æмæ – сайддæр!
 Æз ныр мæхæдæг – йæ дæсæм фыды фырттæй,
Сегасæй сæфтдæр, мæгуырдæр, æгаддæр…
Ахуыр кæнынмæ йæ Хърыммæ куы арвыстой,
Бафтыд уæд иу грекъаг беримæ Хетæг.
Уый йæ сæхирдыгон карз дзуармæ акодта, –
Лæппу сæ афтæ фæдзуры йæхæдæг.
Мард сыстгæ дзы, зæгъы, федтон мæхи цæстæй,
Динамонджытæм дзы бирæ фæхъуыстон…
Бакаст сæ чингуыты… базыдта се ‘гъдæуттæ…
Скодта йæ цæуынмæ уым йæхи.. чырыстон…
Банцад чызг… Туджы цъыртт нал уыд йæ уадулты…
Базыр-зыр кодта, фæцудыдта размæ…
Февзыгъд æм кæстæр хо.
Мардау æй чызджытæ
Рахастой уырдыгæй устыты уатмæ…   

Хъайттаты Сергей йæ 3-аг рауагъды фыст чиныг «Ирон хабæрттæ»-йы 159 фарсы фыссы: «Хетæг Нары куы фæзынд, уæдæй нырмæ цæудзæни 400 азæй фылдæр. Хетæгæй Къостамæ рацыд дæс фæлтæры бæрц…» А. Шегрен æмæ Н. Березновы таурæгъы фыстытæ та нымад цæуынц рæдыдыл.

  ТОМАЙТЫ Елмырзæ, фæллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here