Æргом ныхасы къæм нæй, дæсгай азты нæ базарты бынæттон хъæууонхæдзарадон продукттæ стæм сты. Уый хыгъд æндæр рæттæй ласт хойрагæн ныккæнæн дæр нæй, кæд æмæ республикæйы хъæуты цæрджытæ, сæ бинонтæн кæй æрцæттæ кæнынц, уыдонæй уæлдай халсартæ æмæ дыргътæ, æхсыры продукттæ ласиккой горæтмæ æмæ сæ адæмæн уæй кæниккой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Уымæй рамбулид бынæттон товаруадзæг дæр, æлхæнæг дæр. Дæлдæр цы æрыгон сылгоймаджы тыххæй радзурдзыстæм, уый уымæн – æвдисæн.
Райсомы фондз сахатыл фыййаджыбылаг Туаты Татьянæ, йæ хъугдуцæн аппарат йæ къухы, афтæмæй скъæты дуарæй бахизы. Ныр къорд азы райдайы афтæмæй йæ бон хæдзары ‘фсин. Фынддæс хъуджы дарынц бинонтæ, цыппæрдæс дзы сты дуцгæтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ фылдæр къухæй дуцы, афтæ йæ зæрдæмæ фылдæр цæуы. Дыгъд куы фæвæййы, уæд сæм базилынц йæ мой Эдикимæ, стæй сæ хизæнуатмæ аскъæрынц. Таня та æхсыр бабæстон кæны, æмæ цыхтытæ, сылы æмæ хуырхимæ йæ цардæмбалы хæдтулгæйыл хъæуæй горæтмæ сласынц. Дзæуджыхъæуы базартæй иуы аренды райстой чысыл дукани, уæй дзы кæнынц хæдзары конд урсаг, æрвылбон сæм лабораторийы куы æркæсынц, уæд. Æлхæнджытæ се ссæуынмæ æнхъæлмæ фæкæсынц.
– Фау не ‘рхæссы нæ продукцимæ æлхæнæг, уымæн æмæ, бинонтæ кæй хæрынц, уыцы продукттæй ласæм уæймæ дæр. Æхсыры сæртæ нæ исын, цыхт ахсæнæй ахсын, уæдæ æхсыры хæрзхъæддзинад дæр æрвылбон базары лабораторийы бæрæггонд цæуы. Æртæ мæйæ æртæ мæймæ хъомтæй исынц туг æмæ бæрæг кæнынц, бруцеллез, кæнæ æндæр низæй рынчын у стур, æви – нæ, – йæ куысты архайды фæдыл нын дзуры йæ хабæрттæ Татьянæ.
Ацы куыст кæныны хъуыды уæм куыдæй æрæфтыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстам, уæд нын бамбарын кодта, сæ кæстæртæн хæрзхъæд æхсыры продукттæ хæрын кæныны тыххæй кæй бавнæлдтой фосы куыстмæ. Уымæн сын хорз фадат фæцис, йе ‘фсин Валентинæ сын Джызæлæй цалдæр хъуджы куы ратта, уæд. Фос бабирæ сты, чысыл фермæ дзы рауад. Лæппутæ Алан, Олег æмæ Алим, стæй дыууæ чындзы – Настя æмæ Лизæ стыр æххуыс сты бинонты хистæртæн, суанг ма йæ хъæбулы хъæбул Эля дæр йæ быцъынæг фæтоны хъуг æрдуцынмæ. Авдаздзыд чызг йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæдæй афтæ дзуры, хъомты дохтыр уыдзынæн, зæгъгæ. Æвæццæгæн, тæнзæрдæ сабийы сыгъдæг уд, æгомыг удгоймагæн цæмæй баххуыс кæна, ууыл вæййы йæ катай. Иу хъугдуцæг нæм ис, æмæ фаг у, ды хъуамæ ахуыргонд чызг уай, зæгъгæ, йæм фæхæцы йæ 48-аздзыд нана.
– Кæсын, æмæ Ирыстоны бирæтæ архайынц, сæ цæхæрадæтты цы ‘рзайын кæнынц, хæдзæртты цы хойраг сцæттæ кæнынц, уыдон фылдæр уадзынмæ. Мæ телефоны ис сæ къорд, кæрæдзийы тыххæй дзы исæм информаци. Фæлæ уый фаг нæу, нæ базарты республикæйы ‘рзад æмæ конд продукци уæвгæ дæр нæй, æмæ уымæн йæхи аххосæгтæ ис. Фæнды сæ, цæмæй хæрзхъæд бынæттон продукци хæрой адæм, халсартæ, мыд, хæдзары конд продукттæ нæхимæ фылдæр уой, – зæгъы Татьянæ.
– Афтæ мæ куы бафæрсынц, дæ чындзытæ куыд сты, уæд мæ дзуапп вæййы ахæм: махæн хорз хицау ис, уый тыххæй стæм афтæ дзæбæх. Уый куы нæ уаид, уæд афтæ адджынæй дæр нæ цæриккам. Æртæ сылгоймаджы иу хæдзары зынтæй фæцæрдзысты, мæ чындзытæ мын хорз æххуыс сты. Мæ иу чындз уырыссаг у, æрхонкæйаг чызг Настя Шалагина, иннæ – Слантæй, Лизæ йæ ном. Зын, фæлæ арфæйаг куыстыл хæст сты Туаты бинонтæ, хъæубæсты ‘хсæн царды амæлттæ кæнынц. Рæзы æмæ дзы хъомыл кæны цыппар кæстæры – æртæ лæппуйы æмæ чызг. Ацы бон дæр та сæумæйæ райдайдзысты сæ æрвылбоны хабæрттыл кусын, цæмæй канд сæхицæн ма уой ахъаз, фæлæ, сæ алыварс цы адæм ис, уыдонæн дæр.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














