Бирæ уарзта советон кинонывтæ

0
183

1942 азы 17 январы æнæхъæн Советон Цæдисыл ахæлиу диссаджы хабар – фистæгæфсæддон, 23-аздзыд хистæр сержант Милдзыхты Хадзымырзæ немыцаг фашисттимæ тохы иу уысмы амардта йæ автоматæй 108 знаджы, стæй ма йæ цæф æмбалы пулеметæй æрæппæрста знаджы хæдтæхæг. Уыцы изæр Хадзымырзæйы таурæгъон сгуыхтдзинады тыххæй цалдæр хатты радзырдтой Æппæтцæдисон радиойæ. Лæппу йæхæдæг дæр уæззау цæфтæ фæци, уайтагъд æй фæсчъылдыммæ госпитæлмæ аластой. Уыцы аз февралы кæрон та Мæскуымæ ацыди Хадзымырзæйы æфсæддон хайы разамынды курдиат, цæмæй йын саккаг кæной Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Куыд дзырдтой, афтæмæй елхотаг лæппуйы хабар бахæццæ Сталинмæ дæр.

Райста Хадзымырзæ нæ бæстæйы уыцы тæккæ бæрзонддæр хæстон хæрзиуæг, уый стыр бæрæгбон уыдис канд йæхиуæттæн нæ, йæ райгуырæн хъæубæстæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Уæдæй нырмæ дзæвгар азтæ рацыд, фæлæ абон Хадзымырзæйы хæстон сгуыхтдзинад рох никæмæй у, фыст ыл æрцыд бирæ уацхъуыдтæ дзыллон информацийы фæрæзты, куыд нæ республикæйы, афтæ центрон газеттæ æмæ журналты.

Ацы бонты та дунейы рухс федта журналист Мырыкаты Артемийы документалон уацау «Советон бæгъатыр» Милдзыхты Хадзымырзæ». («Советский богатырь Хаджимурза Мильдзихов») рацыд чиныгуадзæн «Харизма»-йы.

Цы ногдзинæдтæ ма бахаста йæ чиныгмæ автор, цы ма базондзыстæм Хъæбатыры хæсты æмæ сабыр царды хабæрттæй, куыд æвдыст цыди Милдзыхты сахъ лæппуйы æхсар æмæ лæгдзинад уыцы тызмæг азты æфсæддон мыхуыры фæрстыл – æппæт уыдæттимæ нæ зонгæ кæны йæ уацауы Артемий. Йæхæдæг зæрдиаг арфæтæ кæны, чиныгыл кусгæйæ йын ахадгæ æххуыс чи бакодта, уыцы адæм æмæ организацитæн.

Ахсджиаг бынат бацахста чиныджы Хадзымырзæйы бинонты тыххæй ныхас. Йæ фыд Зауырбег æмæ мад Софийæн (чызгæй – Цъæхилтæй, Кæрдзыны хъæуккаг) уыдысты цыппар лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, хуымæтæг зæхкусæг, хъæубæсты нымад бинонтæ. Кадджын ныййарджытæ, æгъдауджын кæстæртæ.

Чиныгкæсæг базондзæн Хадзымырзæйы суанг йе ’взонг бонтæй фæстæмæ дæр куыстуарзаг, хъæппæрисджын лæппуйæ, æртындæсаздзыдæй райдыдта ас адæймаджы хæстæ æххæст кæнын, цалдæр мæйы бакуыста постхæссæгæй дæр йæ райгуырæн хъæуы, хызта колхозы фос дæр. 1936 азы та сахуыр кодта трактористыл, цыбыр рæстæгмæ сси Кагановичы номыл колхозы хуыздæр механизатортæй иу. Æртæ азы фæстæ та Хадзымырзæмæ фæдзырдтой Советон æфсады рæнхъытæм… Гъе, уæд райдыдта елхотаг лæппу Милдзыхты Хадзымырзæйы фæндаг хæстон намысы æрттиваг бæрзæндтæм…

1942 азы 17 январы Хадзымырзæ иу хæстон карз быцæуы рæстæг сæдæйæ фылдæр знаджы салдаты йæ автоматæй куы ’рфæлдæхта, уæд не ’фсæдты центрон æмæ бынæттон газетты фæзындысты йæ къамтæ, сæ иуы фæрстыл та стыр дамгъæтæй фыст уыди: «Дæ хæцæнгарзæй базон архайын, куыд автоматæй æхсæг Милдзыхы-фырт!»

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй уыцы зындгонд быцæуы рæстæг Хадзымырзæ йæхæдæг дæр фæци уæззау цæфтæ. Валдайы госпитæлы фæстæ йæ хъуамæ аластаиккой Астæуккаг Азимæ дарддæр дзæбæх кæнынмæ, фæлæ нæ республикæйы уæды азты разамынд, йæ сæргъы Хъулаты Хъуыбады, афтæмæй бацархайдтой, цæмæй йæм дохтыртæ базылдаиккой ам, нæхимæ, Ирыстоны. Йæхиуæтты ’хсæн тагъддæр адзæбæх уыдзæн, райгуырæн зæххы уæлдæф дæр ын æвдадзы хосау феххуыс кæндзæн – ахæм сæйраг хатдзæг скодтой уыцы уынаффæ рахæссæг адæм… Сæвæрдтой Хадзымырзæйы Дзæуджыхъæуы госпитæлы, уый уыцы азты æрæнцад Коминтерны (абон Дзанайы-фырты) уынджы 18-æм скъолайы.

Уырдæм æм цæуын райдыдтой рынчынфæрсæг фæллойадон коллективтæ, фабриктæ æмæ заводты минæвæрттæ, скъоладзаутæ, Ирыстоны хъæуты цæрджытæ хуынтимæ, лæвæрттимæ. Алкæй дæр фæндыд хъæбатыры фенын, арфæ йын ракæнын, йæ Сыгъзæрин Стъалыйыл бандзæвын… Уыцы бонты йын республикæйы разамынд дæр ракодта ахъаззаг лæвар – хорз фатер госпитæлмæ хæстæг агъуыстытæй иуы.

Слæууыд йæ къæхтыл Хадзымырзæ æмæ куырдта хицауадæй, цæмæй фæстæмæ хæцæг æфсадмæ ацыдаид. Фæлæ уыдон не сразы сты æмæ йæ бандиттæ æмæ диверсанттимæ тохы хайады хистæр оперативон кусæгæй сæвæрдтой. Фæстæдæр, 1942 азы сентябрæй 1943 азы январы онг, Хадзымырзæ уыдис нæ республикæ немыцаг æфсæдтæй хъахъхъæнджыты рæнхъыты, уым дæр йæхи равдыста æхсарджын, хъæппæрисджын хæстонæй…

– Сабыр царды рæстæг, – мысы Хадзымырзæйы цоты цот – Уæрæсейы Федерацийы кадджын адвокат Константин Трапаидзе, – баба бирæ уарзта киномæ кæсын, уæлдайдæр – советон кинонывтæм, уыдонимæ уыдысты «Чапаев», «Трактористы», «Александр Невский», «Летят журавли», «Семнадцать мгновений весны» æмæ æндæртæ. Хæдзарон цæрæгойтæй та уæлдай æнувыддæр уыдис куыйтыл. Иу хатт ын Мæскуыйæ æрластон шарпей, зæгъгæ, уыцы мыггагæй къæбыла. Баба йæ схуыдта Арс, йемæ ныхас кодта æрмæстдæр иронау æмæ йæ, диссаг, Арс дæр æмбæрста. Тынг фæлымæн сты.

Баба куы нал уыди, уæд Арс йæхицæн бынат нал ардта, ниудта, куыдта, сæхгæдтой йæ фатеры, æмæ чырын куы рахастой, уæд Арс рудзынджы авг асаста, фæлвæрдта йæ уарзон хицауы фæстæ ацæуын…»

Газеты цыбыр уацхъуыды фадат нæй æнæхъæн чиныджы мидис радзурынæн, фæлæ арфæйаг сты, йæ рауадзын кæй хъæппæрис уыд, æмæ Ирыстоны бирæ сахъгуырдтæй иуы хæсты æмæ сабыр царды хабæрттæ нæ рæзгæ фæлтæр бæлвырддæр кæй фæрцы базондзысты æмæ дзы сæрыстыр кæй уыдзысты, уый. Уыцы арфæйаг адæймæгтæй сæ иу у Константин Трапаидзе йæхæдæг дæр – чиныг рауагъта йæхи хардзæй.

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here