АЦÆ – Нарты Алæгаты Ацæйæн уыдис æртæ фырты. Кæстæр – Ацæмæз. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ уарыныл ныллæууыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ авд Ныхасмæ рахастой сæ хъуыддаг. Фæстагмæ сæ уарæг уыдис Мæгуырæг. Уый стæрхон кодта: фос – хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та – кæстæрæн.
АЦÆГ – алæмæты аргъау «Фæныкгуыз Ацæджы» сæйраг архайæг, æртæ æфсымæрæй кæстæр. Уый, фæныкгуыз уæвгæйæ, йе ‘фсымæртæй разынд зондджындæр æмæ хъаруджындæр. Йæ фыды мард уый бахъахъхъæдта Сау, Сырх æмæ Урс уæйгуытæй. Уый сæ амардта. Сæ бæхтæ æмæ хæцæнгæрзтæ сын бафæсвæд кодта… æмæ, æртыккаг бон Мæликк куы фехъусын кодта, мæ иунæг чызджы авдбынатон мæсыджы сæр сæвæрдзынæн, йæ къухы дардзæн йæ къухсæрфæн æд къухдарæн, чи йын сæ раскъæфа, уымæн æй дæттын, зæгъгæ, уæд ын уыцы хæс сæххæст кæнын бантыст уæйгуыты бæхты фæрцы, уæлдайдæр та Урс уæйыджы бæхы фæрцы. Иннæ бæхтæ æд хæцæнгæрзтæ балæвар кодта йе ‘фсымæртæн æмæ йæхицæн усæн æрхаста Мæличы чызджы.
АЦÆМÆЗ – Нарты Ацæйы кæстæр фырт. Алæгатæй. Кадæг «Ацæмæз æмæ Насран-æлдар» зæгъы: «Ацæтæй мыггаг нал уыдис – Ацæ йæхæдæг зæронд баци, йæ фырт Ацæмæз та ма дзидзидай уыдис». Ахæм уавæры æрæййæфта зæронд Ацæйы йæ хæрæфырт Насран-æлдары усы скъæфты рæстæг, æмæ йемæ сæ бинонтæй фæдисы чи ацыдаид, уый нæ уыди. Ууыл сагъæстæ кæнгæйæ, Ацæмæзы авдæны бабастой йæ дыууæ мады – йæ ныййарæг æмæ йе схæссæг. – Йæ фæйнæфарс æрбадтысты æмæ йæ ауызтой: «А-ло-лай, а-ло-лай! Сауболат æмæ цъæх болатæй – дæ авдæн, уæйыджы рагъдзарм гæрзтæй – дæ авдæнбостæ. Фæлæ нын нæ гал аргæвддзысты иварæн, нæ фæнычы къæрмæг нын дымгæмæ сдардзысты, нæ артыл нын дон ауадздзысты, Насран-æлдарæн йæ рæсугъд усы аскъæфтæуыд, æмæ уый æфсады махæй æфсæддон кæй нæй, уый тыххæй».
Лæппу сæм авдæнæй æнæнхъæлæджы сдзырдта, æз ацæудзынæн, зæгъгæ. Стæй йæхи айвæзта авдæны мидæг, авдæнæн йæ иу фарсы фæйнæг раппæрста, æмæ фæйнæг денджызы сæмбæлдис — денджыз хæрз хуыскъ бацис, — йе ‘ннæ фарсы фæйнæг хъæды сæмбæлдис, æмæ хъæд цъæх арт суагъта, йæ нывæрзæны фæйнæг та Сау хохыл сæмбæлдис, æмæ Сау хох фæлæбырдтытæ ис; йæ дæлфæдты фæйнæг та Урс хохы сæмбæлдис, æмæ уый дæр фæлæбырдтытæ ис. Лæппу рабадтис æмæ загъта: «Гъеныр мын бæх æмæ хæцæнгæрзтæ æриут, æмæ асурон æфсæддонты æмæ сæ баййафон».
Цымыдисаг сты, Ацæмæз йæхицæн бæх æмæ хæцæнгæрзтæ куыд агуры, уыцы цаутæ. Уæлдай цымыдисагдæр та – æфсадимæ куыд баиу вæййы, стæй, Мысыры бæстæйы æлдаримæ лæгæй-лæгмæ хæсты цы хъæбатырдзинад равдыста, куыд ыл фæуæлахиз æмæ Насран-æлдарæн йæ рæсугъд усы куыд байста, уыдæттæ.
Кадæг «Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд»-ы Ацæмæз у Ацæйы æртыккаг — кæстæр фырт. Ацæ куы амард, уæд æм йæ мулчы уæрсты æрхаудта æнусон сыгъзæрин уадындз. Ацæйæн æй ратта Æфсати. Хистæр æфсымæртæ тынг разыйæ баззадысты. Ацæмæз дæр райста уадындз æмæ сфæнд кодта Сау хохмæ Сайнæг-æлдары чызгмæ усгур фæцæуын.
Нарты сагсур фæсивæдæн-иу сæ бæхты фынк калди Агуындæ-рæсугъды цæстмæ хъазынæй, фæлæ сæм уæддæр Агуындæ-рæсугъд иу хатт дæр нæ ракаст Сау хохы айнæджы сæрæй. Нарты хистæртæн сæ галдзарм уæфсытæ баихсыдысты Сау хохы сæрмæ Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъдмæ минæвар цæуынæй. Нартмæ ахæм фæсивæд нал баззад, Сайнæг-æлдармæ Агуындæйы тыххæй чи нæ баминæвар кодта, фæлæ дзы Агуындæ-рæсугъд иуæн дæр нæ бакуымдта.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз рахаста йæ фыды хæзна, æнусон сыгъзæрин сауæфтыд уадындз. Схызти Сау хохмæ. Бæрзонддæр къæдзæхыл æрбадти æмæ зарынтæ байдыдта уадындзæй.
Ацæмæзы зардмæ сæрджын сагтæ уæд галхъæлæсæй уасын байдайынц, сæ сыкъатæ бæрзонд сисынц æмæ лыстæг расирынц. Сау хъæды сычъитæ чъыллипп кафт кæныныл схæцыдысты. Сау хохы сау нæл сæгътæ æрызгъордтой сау айнæгæй æмæ диссаджы хъæзтытæ æмæ кæфтытæ систой, уырынгсыкъа гал-дзæбидыртимæ рог симд кæнын байдыдтой. Хъуазтæ æмæ сæгуыттæ Туацъæйы былмæ разгъорынц, уым амбырд вæййынц, сыкъайæ хъазын сисынц. Тæрхъустæ æмæ рувæстæ сæхи куынæуал бауромынц æмæ куы радугъ кæнынц фæтæн быдырты; Æфсатийы фос дзугтæ-дзугтæй айнæджы бынмæ æмбырд кæнын куы байдайынц. Фæлвæрайы фос дзугтæ-дзугтæй фæтæн быдырты куы рацæйцæуынц.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз та ноджы зæрдиагдæрæй ныззарыд. Хъуыр-хъуыргæнгæ райхъал сты уæд хуссары æрсытæ, сæ хъарм хуыссæнтæ ныууагътой æмæ уæззаугомау лæпп-лæпп симд самадтой. Сау хъæды астæу Гæмæх быдырты уæд алыхуызон рæсугъд дидинджытæ куы равзæрынц. Сæ алыварс гæлæбутæ æмæ стонг мыдыбындзытæ гуывгуывгæнгæ ратæх-батæх уæд куы байдайынц. Сау хъæды мæргътæ сæ уасынæй Сау хъæд сæ сæрыл куы сисынц æмæ Нæртон Ацæмæзæн сæ алыхуызон хъæлæстæй хъырнын куы райдайынц. Гуымы быдырты цъæх дудахътæ æмæ сау совахъты кафтмæ дуне куы ‘ркæсы. Мигъы цъуппытæ кæрæдзийы фæстæ уæд куы рарæнхъ вæййынц. Сау хъæды рæбынты, зæххыл сæ хъарм цæстысыг згъалгæ; арвы нæрын дæр уæд куы фехъуысы, æмæ кæрдæджы хал цингæнгæ йæхи уарынмæ уæд куы бацæгъды. Ацæмæз дæр та ноджы йæ арæхст къух куы бацаразы æмæ рæсугъддæр йæ уадындзæй куы базары. Сау хъæд тъыфылтæй хæрдмæ хауын уæд куы байдайы, гæмæх æрдузтæ æмæ гæмæх къуылдымтæ, кæрдæджы хал кæм нæ зади, уыдон цъæх зæлдаг уадзын уæд куы байдыдтой.
Ацæмæзы уадындзы зардмæ хæхтæ хъырнын райдыдтой, уый фæстæ та дын куы скафиккой Сау хох æмæ Урс хох, æмæ Сау хох лæбырдтытæ фæци, Урс хох урс змис фестади. Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз ноджы рæсугъддæр базары, æмæ æнæхъæн дунетæ æрыхъал вæййынц: æнусон цъититæ тайын куы байдайынц; уынгæг кæмтты хæххон уайаг дæттæ хæлхæлгæнгæ уæрæх быдыртæм згъорынтæ куы сисынц. Уалдзыгон хур йæ рæсугъд цæстæй æгас дунемæ хъæлдзæгæй уæд куы ракæсы; сыгъдæг уæлдæфмæ алы адæймаг дæр йе уæнгтæ уæд куы айвазы. æмæ йæ фæтæн риуы дзаг уæд куы сулæфы. Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз йæ уадындз аст æвзагæй сифтындзы æмæ ноджы рæсугъддæр ныззары, æмæ Сау хохы айнæг дуары йас куы фегом вæййы: Агуындæ-рæсугъд Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзы зарджытæм куынæуал фæлæууы, йæ куыст куы фæуадзы, айнæджы тигъæй куы ракæсы.
Ацæмæз тынг фæдис кодта: «Ау, ай цы хъуыддаг уа: Сайнæг-æлдары чызг Агуындæ-рæсугъды хур дæр куы никуыма федта: æдзух Сау хохы мæсыджы æмбæхстæй куы бады, уæд ныр цæмæн ракасти айнæджы былæй?!» Ацæмæзæн уарзондзинад йе уæнгты куы ахъары. Агуындæ-рæсугъд дæр, лæппуйы ауынгæйæ, уарзондзинадæй куы базыр-зыр кæны.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн Агуындæ-рæсугъды сау хохæй рахастой Нарты фæсивæд. Къухылхæцæг ын уыдис бæрзонд Уастырджи, дыккаг æмбал — Нарты Уырызмæг, сæ разæй цыдис бæрзонд Ныккола, тырысахæссæг та сын уыдис Быдыры зæд. Цытджын Елиа сæ размæ бæхыл æрхъазы. Зæрдæхъæлдзæгæй йæ æрхастой æмæ йæ Нарты хæдзармæ бакодтой Сатанайы размæ. Ацæмæз у ирон Орфей. Кæд Сырдон фыдохы бон йæ хъыгæй дыууадæстæнон фæндыр сфæлдыста кадджытæ æмæ таурæгътæ кæнынæн, уæд Ацæмæзы уадындзы зæливылæнтæ та сты кæлæнгæнæг зарæджы хуызæн, адæймаджы нæ, фæлæ æппæт цæрæгойты дæр, хæхты, дæтты, зайæгойты йæхимæ арф чи ныхъхъусын кæны, музыкæйы, аивады, рæсугъддзинады тых тынгдæр кæм зыны, ахæм.
Цгъойты Хазбийы чиныг «Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат»-æй














