Зынаргъ æмбæлттæ!
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрджытæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы боны фæдыл!
Нæ бæстæйы уыцы ахсджиаг символæн ис егъау ахадындзинад, уый æвдисæн у нæ намысджын историйы æнæферохгæнгæ цаутæн, нæ бирæнацион паддзахады удварны сæйрагдæр хæзнатæн, тырыса стыр кад кæны нæ ивгъуыдæн æмæ нæ ныфсджынæй кæсын кæны нæ рухс сомбонмæ.
Урс-цъæх-сырх тырыса Уæрæсейы герб æмæ гимнимæ ирд æвдисæн у нæ фидар иудзинадæн, гуырын нæм кæны, дунейы стырдæр æмæ тыхджындæр паддзахæдтæй сæ иуы цæрджытæ кæй стæм, уый фæдыл сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ. Мах, уæрæсейæгты, æнгом бæтты иу историон хъысмæт, иудадзыг тырнындзинад нæ иумæйаг хæдзар рæсугъддæр, фидардæр, хъæздыгдæр æмæ æдасдæр кæнынмæ. Уымæн æвдисæн та сты нæ хъæбатыр æфсæддонтæ, уыдон нæ паддзахадон тырысайы бынмæ уæхски-уæхск фидар лæууынц цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы.
Зынаргъ æмбæлттæ!
Уырны мæ, дарддæр дæр зæрдиагæй кæй архайдзыстæм, цæмæй нæ Фыдыбæстæйы хъуыддæгтæ цæуой бонæй-бонмæ, азæй-азмæ хуыздæрæй-хуыздæр, хъазуатон куыст кæндзыстæм, кæрæдзи хорздзинадмæ цæстуарзонæй бæлдзыстæм.
Уæ царды нысантæ уæ къухы бафтæнт! Нæ уарзон Ирыстон æмæ не стыр Уæрæсе сабыр цардæй, амонд æмæ фæрныгадæй алкæддæр хайджын уæнт!
Сергей МЕНЯЙЛО,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг
***
Зынаргъ æмбæстонтæ!
Арфæ уын кæнын Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы боны фæдыл!
Уыцы бæрæгбон у нæ бирæнацион адæмы фидар бастдзинады, нæ бæстæйы хæдбардзинад, сæрибардзинад æмæ бæрзонд кады æвдисæн.
Уæрæсейаг триколор фенгæйæ, адæймаджы зæрдæйы райгуырынц рæсугъд æнкъарæнтæ, сæрыстырдзинад, фæзыны йæм ног хъарутæ. Нæ паддзахадон тырыса у йæ цæрджыты патриотизмы, удварны, бирæвæрсыг курдиæтты, профессион дæсныдзинады сæйраг нысаниуæг. Тырысайæн кад кæнгæйæ, куыд хъуамæ не ’рымысæм нæ раздæры фæлтæрты таурæгъты дзуринаг хæстон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ, куыд сын нæ ракæнæм зæрдиаг арфæтæ. Ныфс нæ ис, абоны кæстæртæ дæр сæхи æгуыдзæгдæрæй кæй нæ равдисдзысты, уымæй.
Рæстуд, сыгъдæгзæрдæ, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æвдисынц нæ тырысайы хуызтæ. Абон йæ бынмæ рæзы дунейы ногдæр истори, цæуы ахсджиаг ивддзинæдтæ. Куыд раздæр, афтæ ныр дæр уæрæсейæгтæ кæнынц хъазуатон фæллой, архайынц Райгуырæн технологон æмæ хæлцы æдасдзинад бæрзонддæр къæпхæнмæ сисыныл. Уыцы-иу рæстæг нæ хъæбатыр æфсæддонтæ айнæг къæдзæхау æнæфæцудгæ лæууынц, мах басæттынмæ сæ быцъынæг чи скъуыны, уыцы лæбурджыты ныхмæ. Не ’фсæддонты æхсар, уды хъомыс æмæ лæгдзинадæн нæй æмбал!
Махæй алкæмæн дæр йæ хæс у Райгуырæн бæстæйы хорздзинадыл архайын, фылдæр кæнын йæ культурон æмæ историон бынтæ, уарзын æй зæрдæйæ, патриотизм æмæ бинонты удварны традицион хæзнатыл хъомыл кæнын нæ фæсивæды.
Зынаргъ æмзæххонтæ, иу хатт ма райсут мæ арфæтæ бæрæгбоны фæдыл! Æнæниз ут, уæ бинонты хорздзинæдтæй уæ зæрдæ рухс уæд кæддæриддæр!
ТУСКЪАТЫ Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар














