Боныгон стационар – рынчынты удæнцойæн

0
55

Республикæйы фыццаг къæпхæны медицинон æххуысы кусæндæттæ сæ архайды цы мадзæлттæй пайда кæнынц, уыдонæй иу у боныгон стационар. Ахæм сæрмагонд хайад кусы Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы дæр.

Уый тыххæй «Рæстдзинад»-æн фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, рынчынæн хъæугæ медицинон æххуыс бакæнынæн боныгон стационары ис хорз фадæттæ, тыхст адæймаджы фарсмæ балæууынц фæлтæрдджын дохтыртæ æмæ иннæ специалисттæ.

Хайады ис 26 бынаты, уыдонæй 10 нысангонд сты, неврологон низтæ кæй тыхсын кæнынц, уыцы адæмæн, 8 – зæрдæ æмæ дадзинты низтæ дзæбæх кæнынæн æмæ 8 – терапевтты бæрны чи ис, уыцы рынчынтæн. Уыдонæй уæлдай, боныгон стационары се ’нæниздзинад фæфидардæр кæнынц, медицинон кусæндоны диспансерон хыгъды чи ис, уыцы адæм дæр. Уыимæ, министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хайады æрвылбоны куыст арæзт цæуы æртæ радæй.

Боныгон стационары æххуысхъуаг адæймаджы схуыссын кæнынц участочы терапевт кæнæ æндæр специалисты (неврологы, кардиолог æмæ афтæ дарддæр) амынддзинадмæ гæсгæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы минæвар йæ ныхасмæ куыд бафтыдта, афтæмæй азы райдайæнæй нырмæ поликлиникæйы боныгон стационары се ’нæниздзинады уавæр фæнывылдæр кодтой 1 мин адæймагæй фылдæр.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here