Фембæлд – Экономикон рæзты министрады разамындимæ

0
173

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисæн сæрмагонд кусæг фембæлд уыд Экономикон рæзты регионалон министрады разамындимæ. Ныхасы архайджытæ æргом аздæхтой, туризмы къабазы цы организацитæ кусы, уыдоны архайд ног закъонæвæрынадон уагæвæрдты бындурыл рацаразыны фарстамæ.

Æмбырды сæйраг доклад скодта республикæйы экономикон рæзты министр Сокаты Марат. Уый зæрдыл æрлæууын кодта федералон закъонæвæрынады ногдзинæдтæ. Афтæ, ног уагæвæрдмæ гæсгæ, æппæт фысымуæттæ, кемпингтæ, фæлладуадзæн базæтæ æмæ туризмы къабазы кусæг иннæ объекттæ 1 сентябры æмгъуыдмæ хъуамæ хаст æрцæуой Иумæйаг федералон реестрмæ (уыимæ, уыцы хæс æвæрд цæуы объекттæн сæ хицæуттыл). Туристон объект реестры йæ бынат куы ссара, уæд ын лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд классификацион къæпхæн. Уый фадат ратдзæн, цæмæй амынд объект йæ куыст нормативон актты бындурыл адарддæр кæна. Уыцы регистрацион архайд чи нæ бакæна, уыдонæн сæ туристон объектты куыст урæд æрцæудзæн.

Сокаты Марат йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абоны онг федералон реестры регистрацигонд æрцыдысты 90 цæгатирыстойнаг туристон объекты. Иннæ кусæндæтты хицæуттимæ дарддæр æмархайд цæуы.

Дзанайты Барис министрады разамындæн бахæс кодта, цæмæй æппæтвæрсыг æххуыс бакæна туризмы къабазы кусæг амалхъомтæн, цæмæй нысангонд æмгъуыдтæм регистрацийы мадзæлттæ ахицæн кæной.

– Республикæйы экономикæйы дарддæры райрæзты сæйрагдæр рахæцæнтæй иу у туризм. Уыцы æууæл зæрдыл даргæйæ, хъуамæ балæууæм фысымуæттæ æмæ иннæ ахæм объектты хицæутты фарсмæ, цæмæй закъонæвæрынады домæнтæ афойнадыл æххæстгонд æрцæуой, цæмæй туристон кусæндæтты архайд иу уысм дæр ма фæкъуыхцы уа. Профилон ведомствæтæй уæлдай, уыцы куыстмæ се ’ргом хъуамæ аздахой муниципалитетты разамонджытæ дæр, – бацамыдта республикæйы премьер-министр.

Æмбырды æркастæуыд туризмы къабазы дарддæры рæзты æндæр фарстатæм дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here