Йæ равзæрст фæндагæй разы у

0
151

Рагæй дæр сылгоймаг царды хъуыддæгтæ аразыны уыд нæлгоймаджы цур. Ныртæккæ дæр афтæ у. Æрмæст пъæлицæйы службæйы сылгоймæгтæ æппæт уæззау уавæрты æвдисынц цæттæдзинад, арæхстдзинад. Цавæрфæнды цауты дæр пъæлицæйаг-сылгоймаг вæййы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæныны фарс.

Уæдæ службæ ахицæн кæнгæйæ, йæ сæрмагонд уæлæдарæс раивгæйæ, сылгоймаг балæууы йæ бинонты уæлхъус, йæ сабиты хъомыл кæнынмæ, æппæт фæзилæнтæ кæнынмæ. Æппæт уыдæттæ нæлгоймæгтæ æмбарынц, кад кæнынц сылгоймаг-пъæлицæйагæн. Уыцы ныхæстæ хауынц Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады, патрулон-посты службæйы, хицæн ротæйы, хицæн взводы, пъæлицæйы кæстæр сержант Тахохты Маринæмæ.

У дыууæ кæстæры мад, ома, сабидугæй пъæлицæйаг суæвынмæ нæ тырныдта. Фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты социологийы факультет, фæндыд æй адæмæн æххуыс кæнын. Фæлæ иунæг фембæлд цæхгæр аивта йæ хъысмæт. Афтæ рауад, æмæ хъуыддаджы фæдыл æрбацыд районы мидхъуыддæгты хайады хицау, пъæлицæйы булкъон Тлаттаты Аслæнбегмæ.

Уый уайтагъд бафиппайдта чызджы фидар ахаст, Тлатты-фырт ын радзырдта пъæлицæйы службæйы тыххæй. Маринæ ахъуыды кодта æмæ сразы. Барадхъахъхъæнджыты ‘хсæн Тахохты Маринæ аккаг бынат кæй бацахсдзæн, уый пъæлицæйы хайады разамонæджы уайтагъд бауырныдта. Раздæр æм уыд чызджы æнахъомты хъуыддæгты инспекцимæ арвитын, фæлæ уым, æнæмæнг, хъуыд рæнхъонты дæлхайæдты службæйы фæлтæрддзинад. Уырдæм хауы патрулон-посты службæ дæр.

Маринæ райдыдта йæ гæххæттытæ æмбырд кæнын, службæйы балæууыд йæ куыстыл. Афтæмæй ссис командæйы иу хай, йæ бон бацис мидхъуыддæгты службæйы æппæт фæзилæнтæ базонын, дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд Налцыччы ахуырадон центрмæ. Ныр дæр бирæтæ пъæлицæйы куыст нымайынц нæлгоймаджы дæсныйадыл, фæлæ пъагонджын сылгоймаг уыцы зондахаст ивы.

Сылгоймаг йæ уды сконды æууæлтæ хъахъхъæнгæйæ, æвдисы уæндондзинад, фыдгæнджытæн ныхкъуырд раттынхъом у. Афтæ зæгъæн ис, æмæ йæ бынат ссардта барадхъахъхъæнджыты ‘хсæн. Йæ бон у мидбылты бахудын, фæлæ бахъуаджы рæстæг афтæ сарæхсдзæн, æмæ бархæлд не ‘рцæудзæн. Уæрæсейаг империйы сылгоймæгты пъæлицæйы службæмæ исын райдыдтой 1916 азы. Революцион цауты фæстæ бæстæйы рацыд Кусæг милицæйы сарæзты уынаффæ.

Сылгоймаг бацыд службæмæ, закъон цы амоны, уый бадомын йæ бон кæй у, уый равдыста. Рæстæг рацыд, æмæ, уый раст уынаффæ кæй уыд, уый рабæрæг. Ныртæккæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады патрулон-посты службæйы ис æртын пъæлицæйаджы. Сæ службæ уæззау у, бонтæ бонты ивынц, службæгæнджытæ та æнæрынцойæ цæуынц фæндæгтæм. Цавæрфæнды фыдбылызмæ дæр ратагъд кæнынц, баххуыс кæнынц, фæндагыл цыды фæтк халын нæ уадзынц.

Патрулон-посты службæ фыдгæнджытимæ тохы ис раззагдæр хаххы. Тахохты Маринæ йе ‘мкусджытæн кад кæны, уыдон æй бирæ сусæгдзинæдтыл сахуыр кодтой, сæ фæлтæрддзинад нæ бамбæхстой. Цы дæсныйад равзæрста Маринæ, уымæй у разы, фæсмон нæ кæны. Маринæ пъæлицæйы службæйы ахæм æнтыстытæ кæй æвдисы, уый иннæ æрыгон чызджыты амидин кæны службæмæ æрбацæуынæй. Тахохты Маринæйы хуызæттæ нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдты бирæ ис, сæ алкæмæн дæр йæ куысты ис кад æмæ рад.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here