АИШ-ы горæт Майамийы профессион боксы изæры сæйраг тохы фембæлдысты америкаг уæззаууæзон боксæр Джереми Милтон æмæ дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат – «Ирон».
Профессион боксы Муратæн ацы фембæлд уыд 35-æм. Амæй размæ цы 34 тохы архайдта, уыдоны фæуæлахиз 32 хатты, хæрд та фæци æрмæстдæр дыууæ хатты.
Мурат æмæ Джереми Милтоны тох рауад цымыдисаг æмæ сфидауын кодта æгас боксы изæр. Фыццаг раунды «Ирон» йæ ныхмæлæууæджы æвзарæгау кодта, æмæ уый тынг къæрцхъусæй йæхи хъахъхъæдта Гассийы-фырты уæззау цæфтæй. Куыд-фæстæмæ Милтонæн зындæрæй-зындæр кодта Мураты размæцыд бауромын. Бæрæг уыд, не ‘мзæххон ацы фембæлды уæлахиз йæ къухтæй кæй нæ ауадздзæн, уый, æмæ уый æрцыди тохы 7-æм раунды. Йæ тыхджын цæфтæн Милтон раунды кæронмæ нал бафæрæзта, æмæ тох æмгъуыдæй раздæр «техникон нокдаун»-æй ахицæн Мураты пайдайæн. Уый уыди Гассийы-фырты 33-æм уæлахиз профессион боксæй ерысты. Дарддæр Мурат æмæ йæ тренертæ сæхи цæттæ кæндзысты ног тохмæ. Уый хъуамæ æрцæуа ацы аз октябры кæнæ ноябры. Йæ ныхмæлæууæг чи уыдзæн, уый сбæрæг уыдзæн сентябры.














