Хатгай дзырдбаст «хæсты сывæллæттæ» куы фехъусын, уæд мæ сабибонтæ мæ зæрдыл æрлæууынц. Уымæн æмæ æз дæр ацы фæлтæрмæ хауын. Æвæдза, хъысмæт нын цы карз тæрхон рахаста, æмæ йын куыд ныффæрæзтам! Цы бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, уыдон та ницавæр тæразыл ис сбарæн, стæй сæ дзырд дæр никуы фæуыдзыстæм.
Мæ ныхас куы фæбæлвырддæр кæнон, уæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы адæм тыхст æмæ уырыдæй кæй цардысты, уый ныртæккæ бирæтæ нæ зондзысты, стырæй-чысылæй афтæ бæгънæг уыдыстæм, æмæ, куыд фæзæгъынц, куыдз нæ цы атыдтаид, уый дæр нæ уæлæ нæ уыд.
Æндæр гæнæн дæр нын кæм уыдаид. Бæстæйы промышленность уæд фылдæр хæцæнгæрзтæ уагъта, цæмæй тугдзых знаджы тагъддæр басастаиккам. Уымæ гæсгæ, сывæллонæн хæдон кæнæ хæлаф бахуыйынæн хуымæтæджы хъуымацы гæппæл цыфæнды æхцайæ дæр зынтæй ссарæн уыдис. Æниу, æхца та кæд кæмæ разындаид? Стæй йæ чи кæм бакуыстаид? Хæстон уавæрты цæргæйæ, адæм сæ мæгуыры хъиутæ хордтой, Уæлахизмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
Уæлæдарæсæй уæлдай, мах уыдыстæм къахыдарæс хъуаг дæр. Фылдæр хатт нæ къæхтыл дзабырты номыл цы скодтаиккам, уый дæр нæ уыд. Хуыцау хорз кодта, æмæ къухæй кæнæ къахæйзилгæ фæсарæйнаг фирмæ «Зингер»-ы уагъд хуыйæн машинæтæ уыдис кæцыдæр хæдзæртты, уыдоныл хъуымацы гæппæлтæй кæнæ курæггаг салдаты цинелы уадздзæгтæй-иу барæтыдтой дзабырты уæлфæдтæ. Фæлæ сæ бынтыл цы хъуамæ бахуыдтаиккой, æрчъиаг кадавар куы уыд, уæд? Дыууæ уафсхоры самал кæнын-иу къухы куы бафтыд стуры кæнæ хуыйы цармæй, уæд ныл-иу фырцинæй базыртæ базад нæ ног хуыд хæцъил дзабыртыл. Фæлæ уыдон бирæйы фаг нæ кодтой. Уайтагъддæр-иу сæ уæфсты æндахæй хуыдтытæ аихсыдысты, сæ зæвæттæ та-иу æнæхъæн гæбæзтæй схæудтытæ кодтой. Уæд цæуын хъуыд бæгъæввадæй, стæй хъизæмæрттæ æвзарын дæр. Уымæн æмæ-иу, хъæбæр зæххыл цæугæйæ, арæх иу кæнæ иннæ къахы зæвæт дурæфхæлд расайдта æмæ-иу ныррæсыд. Афтæ тынг рыст, æмæ æдæрсгæ æрлæууын нæ уагъта. Алы хатт дæр-иу къахы рæсыд хъуыдис æмбыд ахсæнимæ бæттын, цæмæй йæ хæф рацыдаид, æмæ дæ къæхтыл ногæй слæууыдаис.
Хъыгагæн, црайуаг хæсты сывæллæттæ кæд бæгънæг æмæ бæгъæввадæн цыфæндыйæ дæр фæрæзтой, уæд, æххормагæн та быхсæн нæй. Уавæр афтæ уыд, æмæ, 1942 азы фæззæджы немыц Цæгат Ирыстоны фылдæр быдырон хъæутæ куы бацахстой, уæд ныццагътой цæрджыты фос æмæ мæргъты. Зæгъæм, црайуаг зæрæдтæ Гæлæуты Алихан æмæ Наташкæйæн немыцаг салдæттæ æхсæвыгон сæ хъуджы сæргæвстой, йæ сæр та йын хæдзарæй ракæсæны (уыдонæн худæджы тыххæй) æрсагътой кауы михыл. Чысыл знаггад нæ ракодтой хъæуы иннæ цæрджытæн дæр. Фæлæ сæ бон цы уыд тугдзых бирæгъты ныхмæ?
Адæммæ фос, мæргътæ кæй нал уыд, знæгтæ бынæттон колхоз «Раздзоджы» мулк кæй ныххæлæттаг кодтой, уыдæтты азарæй цæрджытæ æххормаг æййæфтой. Уавæр нæ фæхуыздæр хæсты фæстæ дæр, уæлдайдæр 1947 æххормаг азы. Царды хостæ кæй скадавар сты, уый тыххæй нартхоры банкæ кодта 5 мин сомы, æмæ йæ ахæм аргъæй чи хъуамæ балхæдтаид? Кæмæ цы уыди? Фылдæр бинонтæм хоры гага нæ, фæлæ ссады тæпп дæр нæ разындаид сæ рæбыны. Арæх-иу æнахъом сывæллæттæ куыдтой, æххормаг кæй уыдысты, уый тыххæй. Ахæм цаутæ дæр уыдис, æмæ-иу сыдæй сæ цæсгæмттæ барæсыдысты. Сæ уавæр сын чи не ’мбæрста, ахæм æнæрхъуыды адæймæгтæ та-иу сæ нард æнхъæл уыдысты.
Фæлæ адæм хорз сты. Хæст сæ æрбангом кодта, æмæ уæдæй фæстæмæ цардысты кæрæдзийы ныфсæй. Сыхаджы хъуагæй йæ дзыхмæ къæбæр ничи схастаид, дыууæ дихы йæ кодтой. Уæды рæстæджы йæ уæларты суанг хъарм дон дæр кæмæн уыдаид, уый-иу дзы искæмæн дæр, æнæмæнг, фæхай кодта. Æххормаг басæттынæн хъæуы цæрджытæн æххуыс уыд, Црауы быдырты æнæхъæн тъæпæнты цы хуыскъæл зади, уый дæр. Сæхицæй уæлдай йæ лæвæрдтой хæдзарон цæрæгойтæн дæр æмæ афтæмæй тыхамæлттæй ирвæзтысты.
Алы хатт дæр-иу хъæуккæгты цард фæрогдæр уалдзæг æмæ сæрды мæйты. Ацæргæ сылгоймæгтæ футæг, цъиудзæхæра, хæрынæн бæзгæ æндæр зайæгойтæй фыхтой цæхæра, æнахъом сывæллæттæ та-иу рагуалдзæджы белтæ ахастой быдырмæ æмæ къахтой мæнтæджы ногдзыд бынтæ, стæй афæдзы алы афонты сæхи ирхæфстой ахæм кæрдæджытыл, куыд дзындзалæг, дудгæ, хуырхæг, æрыскъæф, гæнгæлы, пысыра, кæрог, дзедырæг, мæнæргъы, лæджирттæг, æндæртыл дæр. Адæмы æххормаг мæлæтæй цы бахъахъхъæдта, уый та уыд хъилхъæдур.
Ацы зайæгой хорз тыллæг кæй лæвæрдта, стæй дзы пайдайаг буаргъæдтæ бирæ кæй ис, уыдæтты тыххæй йæ алы хъæуты цæрджытæ сагътой хуыздæр зæххыты, æмæ, æххормагæй чи фæцудыдта, уыцы адæмæн уыдис уды хосы хуызæн. Æцæгдæр, хъарм кæрдзын æмæ хъæдуры къус уæд уыдысты уæздан хæринæгтыл нымад. Адæмы æххормаг мæлæтæй кæй аирвæзын кодта ацы культур, уый тыххæй поэт Цæрукъаты Алыксандр хуымæтæджы нæ ныффыста: «Гимн хъилхъæдурыл», зæгъгæ, ахæм æмдзæвгæ, æмæ уыдæттæ хъуамæ мах зонæм.
Раст куы зæгъæм, уæд ивгъуыд æнусы 50-æм азты райдайæны дæр цард йæ гаччы нæма сбадти, адæмы домæнтæ та фæфылдæр сты. Бæргæ сæ фæндыд сæ фынг фæхуыздæр кæнын. Зæгъæм, нартхоры кæрдзын пумпуси дзулæй раивын, фæлæ йæ бирæтæ уынгæ дæр нæ кодтой. Уæды рæстæджы мæнæу самал кæнын, дзуллагæн æй донгуыройы æрыссын алкæй къухы не ’фтыд. Хъæуы куывд кæнæ-иу æндæр циндзинад куы уыдис, мæнæуы ссадæй конд дзаджджын уæливыхтæ-иу æрмæстдæр уæд æрæвæрдтой фынгыл. Хæсты сывæллæттæ уый куыд нæ зыдтаиккой. Алы хатт дæр-иу æрæмбырд сты куывдгæнæг хæдзармæ, æмæ цыбæл кодтой, фынгыл æвæрд фæлмæн чъиритæм кæсгæйæ.
Ай-гъай, ахæм заман уыдонæн бæргæ хъуыд уæд та фæйнæ къæбæры сæ къухтæм авæрын. Абабау! Æфсинты никуы равдæлд æххормаг сывæллæттæм. Æдзухдæр-иу сæ фылдæр архайд уыди, фынгыл чи бадти, уыцы адæмы фæхынцын.
Фæлæ сабиты ныфс уæддæр никуы асаст. Куы иу лæппу, куы иннæ-иу йæхи аивæй байста фынгмæ. Зонгæ лæгтæй искæмæ йæ номæй фæдзурыны фæстæ лæгъстæхуызæй куырдта: «Хай ма мын авæр!» Уый дæр-иу ын фæсагъта. Æвæдза, уыцы къæбæр цы хæрзад уыди, нартхоры хъæбæр кæрдзынæй йæ зæрдæ кæмæн фæцъæх, уыцы сывæллæттæн. Абон дæр ма йæ ад чидæртæ нæ рох кæнынц.
Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй, фынгыл-иу чи бадт, уыдонæй æдзухдæр рæдаудæр уыдис ацæргæ лæг Знауыр. Уымæн æмæ нæ йæ удæй фылдæр уарзта. Никуы уыдис ахæм цау, æмæ уый æххормаггуыбын сывæллæттæй искæмæн хай ма раттаид. Фæлæ дзы иухатт къæбæр куы куырдæуыд, уæд йæ цæсгом фæтар, уынгæг хъæлæсæй загъта: «Цы дын акæнон, цы, мæ разы куы ницыуал ис, уæд?» – æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты.
Уæвгæ, Знауыры хуызæн зæрдæхæлар лæгтæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты нæ хъæуы. Æххормаг кæй уыдыстæм æмæ нын тæригъæд кæй кодтой, уымæ гæсгæ-иу уыдон сæ фынджы фæстаг къæбæр дæр махæн лæвæрдтой.
Хъыгагæн, уæды рæстæджы ахæм хабар айхъуыст, суанг ма йæ ныр дæр фæдзурынц, цыма æнахъом лæппу иу фынгыл бадæг лæгтæй кæмæйдæр хай куы куырдта, уæд æй уый йæхимæ æрбасайдта: «Рауай, мæ хур, рауай, æгайт-ма дæ хай хъæуы æмæ дын æй баба ратдзæн», – загъта уый. Лæппу йæм æввахсдæр куы бацыд, уæд æй уый йæ цым лæдзæгæй уыцы иу хафт нылласта æмæ фынгыл бадджыты раз йæхи раст кæнынмæ фæци, нæ сывæллæтты, дам, къулбадæг ахуыр цæмæн кæнæм.
Ацы æмæ æндæр æрымысгæ хабæрттæ чи атауыс кæны, ахæмтæ раджы дæр уыдысты, ныр дæр разыны, фæлæ сыл æууæндæн нæй. Уымæн æмæ сæ гæдыныхæстæн алы хатт дæр ницы бындур вæййы. Куыд хъуамæ бахъыгдардтаид хистæр æнахъом сывæллоны? Бæрæг не сты, худинаджы цау кæд æмæ цы хъæуы æрцыд, уыдæттæ дæр.
Фæлæ уæды рæстæг карз кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу æбæлвырд цаутæ æдзухдæр ахæлиу сты адæмы ‘хсæн. Раст цы у, уый тыххæй та æргомæй дзурын хъæуы. Куыд зонæм, афтæмæй хæсты сывæллæттæ – абоны хистæр фæлтæр цы бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон рохуаты баззадысты. Суанг ма сæ нæ паддзахад дæр никуы ницæмæй барæвдыдта, хъæугæ та кæны. Уымæн æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, стæй уый фæстæ тызмæг азты дæр уыдон аккаг æвæрæн бахастой нæ бæстæйы экономикæйы тыхджын сырæзтмæ.
Хъыгагæн, ныртæккæ хæсты сывæллæттæ бирæ нал сты, стæй уыдоны æппæты кæстæртæ 2025 азы сты 80-аздзыдтæ. Æппæтæйдæр сты фæкæсынхъуаг, тыхсынц абоны царды уавæртæй. Уымæ гæсгæ, хорз уаид, нæ паддзахад не стыр Уæлахизы 80 азы кадæн уыдонмæ йе ’ргом куы раздахид сæ чысыл пенситæ фæфылдæр кæныны хуызы, уæд, цæмæй сæ цард нырæй фæстæмæ фæмидисджындæр уа.
Тохсырты Къоста,
РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг














