Йæ ист кинонывтæн се ‘ппæтæн дæр бирæ цæрæнбон ис лæвæрд. Зонынц сæ, уарзон сты канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы дæр. Измаил йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй-иу æм телефонæй æрбадзырдтой Африкæ æмæ Азийæ, стæй, зæххы къорийы æндæр паддзахæдты чи цард æмæ куыста, уыцы ирæттæ сæ бузныджы ныхæстимæ.
Режиссеры ист ивадон кинонывтæ «Сюрприз», «Все сначала», «Семейная драма», «Сбереги башню», «Горская новелла», «Чегери», «Буйный Терек», «Крутизна», «Диалог», «Дезертир», «Волшебная папаха», «Тайна бронзовой головы», «И оглянулся путник» райгуырдысты, ирон киноаивады рæзт йæ тæмæны куы уыд, уыцы рæстæг.
– Дæргъвæтин у, ацы кинонывтæ кæм æмæ куыд цыдысты хорзæхджын, уый номхыгъд. Æвдыстой сæ суанг дунейы зæххон орбитæйы дæр. Уыцы бар та алкæцы кинонывæн нæ уыд лæвæрд, – зæгъы Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг Бырнацты Измаил. Фидæны кинорежиссер Мæскуыйы райгуырд, йæ фыд Петр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмард, йæ мад дыккаг хатт йæ амонд ссардта Себеттæм. Фæстæдæр, Себетты Алан дзы уыд оператор, афтæмæй бакуыстой авд кинонывыл.
Бинонтæ цардысты ныры Сабырдзинады проспекты (Сталины проспект), кинотеатр «Гигант»-ы бакомкоммæ, æмæ цардбæллон лæппу арæх цыд уырдæм кинонывмæ бакæсынмæ, бирæты дзы цалдæргай хæттыты федта. Йæ дыккаг фыд партион кусæг уыд, уый та кæмфæнды ма уыдаид, уæддæр лæппуйæ домдта хи нывыл дарын. Дзæуджыхъæуы фæндзæм скъола каст фæцис æмæ кусынмæ бацыд, бынæттон Паддзахадон радио æмæ телеуынынады комитеты цур цы киностуди арæзт æрцыд, уырдæм, звукооператоры æххуысгæнæгæй. Уæлдай мын нæ уыд, зæгъы, разы уыдтæн цыфæнды куыстыл дæр, уымæн æмæ тынг уарзта кино.
Уыцы азты комитеты сæргъы лæууыд Æгъуызарты Æхсарбег – кинойы рæзтæн йæ уд нывондæн чи æрхаста, æппæт тыхтæ дæр чи ратта, уыцы разамонæг. Студийы директор, диссаджы адæймаг æмæ æрыгæтты сæрхъуызой Дзæгъиаты Георги уыд. Йæ цæст æрæвæрдта лæппуйыл, иуахæмы йæм фæдзырдта æмæ йын бамбарын кодта, ВГИК-мæ ахуыр кæнынмæ кæй æрвитдзысты къорд, кино чи исдзæн, уыцы специалисттæй, æмæ дæ нæ фæнды, зæгъгæ. Æцæг, дам, фæлварæн раттын хъæудзæн. Куыд нæ бацин кодтаид Измаил, йæ бæллиц сæххæст кæнынæн ын хорз гæнæн фæзынд. Фæлварæны йæхицæй фылдæр баллтæ никæмæ уыд, Гулуты Андрей æмæ Бзарты Берд, семæ ма авдæй, афтæмæй Мæскуымæ ВГИК-ы ахуыр кæнынмæ афæндараст сты.
Йæ ахуырæй фæиппæрд æртæ азы, уыцы рæстæг Карибаг кризис йæ тæмæны уыд. Æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, афæдз ахуыр кодта æфсæддон училищæйы, службæ кодта бæстæйы сусæг атомон фæзуæтты, уыд фæскомцæдисон раздзæуæг. Цæдисы алы кæрæттæй уыдысты, кæимæ службæ кодта, уыцы ‘мбæлттæ. Æмæ куыд хæларæй цардысты! Куы сыздæхт, уæд йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта, каст фæцис операторты факультет. Амондджын уыд, фæстæдæр ын уый стыр æххуыс фæцис йæ режиссеры куысты. Æмæ куыд нæ, операторы цæст уыдта алы кадр дæр. Суанг йæ фыццаг аивадон киноныв «Сюрприз» исгæйæ йын йæ кинопробæтæ, «Грузия-фильм»-ы фыццæгæм сфæлдыстадон иугонды директор Тенгиз Абуладзе куы федта, уæд æй бафæдзæхста, дыккагæй сæ мауал сис, зæгъгæ. Разыйæ сæ баззад советон кинойы дæсны. Нæ йæм байхъуыста Бырнацы-фырт, ногæй сыл бакуыста. Сценарист Гутнаты Валодяимæ сæ Тенгиз базонгæ кодта студийы уæды директор Резо Чхеидзеимæ («Отец солдата»-йы режиссер).
Цæвиттон, ВГИК-ы мастер Гальпель цæст æрæвæрдта лæппуйы арæхстдзинадыл, бирæвæрсыг кæй у, уый бамбæрста æмæ баныхас кодта дунейы хъуыстгонд режиссер Сергей Герасимовимæ, цæмæй курдиатджын лæппу уæгъдæй цæуа хуыздæр ахуыргæнæг-режиссерты лекцитæм. Цы ма хъуыд хуыздæр Измаилы, нæ цух кодта Михаил Ромы лекцитæ, æмæ институт каст фæуынмæ сфæлтæрдта йæхи, хорз зонындзинæдтæ райста йæ зондамонджытæй, куыд кинорежиссер.
Ирыстонмæ йæ сыздæхынмæ комитеты цур киностудийы кусын райдыдтой дыууæ диссаджы курдиатджын адæймаджы – Рафаэль Гаспарянц æмæ Михаил Немысский. Сæ фарсмæ балæууыдысты æндæр дыууæ курдиаты – режиссер Бырнацты Измаил æмæ Себетты Алан. Авд аивадон кинонывы бантыст æфсымæртæн иумæ сисын. Амондджындæр адæймæгтæ нæ уыд уæд а зæххыл. Æмæ куыд нæ, сфæлдыстады тæвагæй цырен арты чи сыгъд, ахæм специалисттимæ куыста не ‘рмæджы хъайтар: Дзбойты Батырбег, Игорь Притула, Владимир Мотыль, Ахмедхан Абу-Бакар, Илес Татаев, Владимир Пархоменко… Куыд хæлар уыдысты, уымæн æвдисæн, Владимир Измаилы номыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уый: «Ты как крепость силен, Ты не зря Измаил, И талантом в кино, Ты давно покорил».
Цæгат Ирыстоны кинематографийæн ‘хцайы фæрæзтæ цыдысты Мæскуыйæ. Æгъуызарты Æхсарбеджы-иу критикæ кодтой, фæрæзтæ æмæ адæмы арæх кæй арвиты ирон дзыллон сценæты архайынмæ, кинотæ исгæйæ, фæлæ кинойы размæцыдыл иууылдæр разы уыдысты. Уый диссаджы рæстæг уыд! Театр, кинематографи, телеуынынад, аивадон æрмадзтæ – иууылдæр куыстой республикæйы аивады рæзтыл! Се сфæлдыстады фæдыл æрмæджытæ цыдысты Цæгат Кавказы æмæ центрон газеттæ æмæ журналты, æрвылкъуыри телеуынынады центрон каналы æвдыстой ирон режиссерты кинонывтæ. Æрмæджы авторы къухы, нæ телерадиокомитеты сæрдар Фидараты Булатмæ Центрон телеуынынадæй летучкæйы фæстæ цы фыстæг ссыд, уый. Загъд дзы цæуы, аивадон телефильм «Возвращение Урузмага»-йæн «Союзтелефильм» æмæ «Ростелефильм» стыр аргъ кæй кæнынц æмæ арфæ кæнынц йæ сисæг сфæлдыстадон къордæн. Газеттæ æмæ журналтæ рæстæджы цыды фæбур сты, æрмæст абоны фæлтæр тырны уыцы кинонывтæ ногæй фенынмæ.
– Ахæм рæстæг ма искуы ралæудзæн?.. Тынг æм бæллын, æнæрынцойæ цыд уæд архайд алцæуыл дæр, – сагъæс кæны ирон кинойы мэтр. Уыцы рæстæг æппæт республикæты дæр ахæм куыст кодтой, фæлæ Ирыстон цы æмвæзадмæ схызт, уый – ничи. Рæстæг æрбамбырд кодта Цæгат Кавказы сфæлдыстадон коллективты, нæ кинонывтæм хуынд уыдысты хуыздæр актертæ, уый кæрæдзиуыл баста нациты. Рæзыд национ, монон, политикон ахастыты æмвæзад. Уый уыд, ферохгæнæн кæмæн нæй, уыцы рæстæг.
Цæгат Ирыстоны цы кинематографи равзæрд, уый баст уыд национ политикæимæ, кæцыйыл хъуыды кодта егъау паддзахады разамынд. Рæзын кæнын национ республикæты телеуынынады бындурыл кино исыны хъуыддаг, уый къухы бафтыд æрмæстдæр паддзахады фæрцы. Кинематографи æппæты зынаргъдæр хуыз у культурæйы. Кæй бон у йе сног кæнын?
– Куы базыдтон, Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи республикæйы балансмæ раивтой, уæд бацин кодтон, хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуысыд, зæгъгæ. Фæлæ, цæмæй райрæза, уымæн та бирæ фæрæзтæ хъæуы.
Бырнацты Измаилы фæндаг кинематографийы райдыдта документалон кинойæ. Исгæ та сæ фылдæр кодтой Ирыстоны хæхбæсты, йæ кæмтты. Ирон Голливуд хоны режиссеры Куырттаты ком, диссаджы цæстуарзон, курдиатджын адæм дзы цæры, зæгъы.
– Документалон киноныв истам Куырттаты комы фыццаг хиконд электростанцæ саразæг Цæгæраты Созырыхъойы тыххæй. Уыцы рæстæг ын йæ хæдзармæ обкомы кусджытæ уазæгуаты фæхуыдтой хъуыстгонд советон фыссæджы йæ бинойнагимæ. Созырыхъо хистæрæн бадти, æмæ йæ фыссæджы цардæмбал арахъ нуазын кæй нæ уагъта, уый айхъуыста æмæ афтæ зæгъы: «Не хочешь пить арака – пей молока. Рахæссут-ма йын æхсыр!» Уыдæттæ систам æмæ дзы ракуырдтам, цæмæй нын радзура, электростанцæ куыд сарæзта, уый тыххæй. Созырыхъо йæ боцъотæ адаудта æмæ афтæ: «Вообще-то это была историческая история!» Киноныв сцæттæ, æмæ йæ Мæскуымæ аластам йæ раттынмæ, Светон Цæдисы Паддзахадон радио æмæ телеуынынады йæм цыд каст. Къамисы уæнгтæй иу сылгоймаг сыстад, æмæ афтæ: «Цымыдисаг киноныв æрластат, фæлæ йæ хъайтар раст нæ загъта йæ хъуыды, уый цавæр исторически истори у?» Æз дæр æй, зæгъын, уымæй бафарстон, æмæ мын цы дзуапп ратта, уый зоныс. Йæ улæфт дæр никæмæн уал хъуыст къамисы уæнгтæй. «Иторий много бывает, а историческая история – одна!» Иууылдæр ын нымдзæгъд кодтой, – йæ документалон кинонывы хъайтары тыххæй нын радзырдта режиссер.
Цæмæ бæллы йæ куы бафарстам, уæд йæ дзуапп уыд:
– Дыууæ хъуыддагмæ. Сæ иу, мæ кинонывты чи хъазыд, уыдоны æрæмбырд кæнын æмæ фембæлын. Иннæ – Ирыстоны кæмтты цæрджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъын. Кинонывтæ фылдæр хæхбæсты истам, цы диссаджы адæм дзы цæры! Куырттаты комы хъæуты цæрджытæ суанг номхыгъд дæр сарæзтой, хæдзари – хæдзар нæ чи бахондзæн сæхимæ, уыдонæн. Хæларзæрдæ, курдиатджын, уазæгуарзон æмæ бæркадкъух адæм, стыр бузныг уæ лæггадæй! Фæнды мæ коммæ бацæуæны фæйнæг бакæнын адæмæн бузныджы ныхæстимæ. Цы фæндтæ сæм ис, уыдон рæсугъдæй сæ къухы бафтæнт!
Бырнацты Измаилы тыххæй æппæт дæр радзурын газеты формат нæ амоны, фæлæ ирон зæххыл йæ хуызæн курдиæттæ кæй ис, уымæй сæрыстыр хъуамæ уæм æмæ сæ рохуаты ма уадзæм.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














