Бæрзонд бæрæггæнæнтæ æвдисынц

0
125

Æрæджы Æрæфы районы Хæзныдоны уыд стыр бæрæгбон – бынæттон хуыйæн фабрикыл сæххæст фондз азы. Уыцы цау кадджын уавæры сбæрæг кодтой, циндзинады хъуыддаджы цы вæййы, уыдон сарæзтой. Фондз азы тынг стыр æмгъуыд нæу, фæлæ йын хъæуы цæрджытæн æвæрццæг нысаниуæг ис, æмæ сын сæ циныл бирæ дзыллæ бацин кодтой.

Промышленнон куыстуат равзæрд, хъæуы сæрæндæр цæрджытæ се ‘мзæххон, Бетъырбухы бæгæныфыцæн концерн «Балтикæ»-йы хицау Боллоты Таймуразмæ курдиатимæ куы бахатыдысты, уæд. Сæ курдиат æнæрхъуыдыйæ нæ баззад, æмæ фондз азы размæ фабрик йæ дуæрттæ байгом кодта. Ныртæккæ коллективы кусы 64 адæймаджы, уыдонæй  49 – хуыйæн ифтонгарзы оператортæ.

Коллективы уæнгтæ се ‘ппæт хæзныдойнæгтæ не сты – ис дзы толдзгуыйнæгтæ æмæ цыколайæгтæ дæр. Фондз азы фаг æмгъуыд у кæрæдзийы базонынмæ, æмæ ныртæккæ хъæрмудæй фæллой кæнынц, сæ цин æмæ сæ хъыг дæр иу у. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рæстæг сылгоймæгтæй уыдис ахæмтæ, æмæ сæм нæ уыд профессион цæттæдзинад, хуыйæн машинæйы цур фыццаг хатт чи ‘рбадт, фæлæ цыбыр рæстæгмæ фæцалх сты, сæ фæлтæрдджындæр æмкусджыты аййæфтой æмæ абон бæрзонд бæрæггæнæнтæ æвдисынц.

Фабрик у «Балтикæ»-йаг текстилон компаниты къорд»-ы дæлхайад, рог промышленносты къабазы аразы æмæ уадзы алыхуызон уæлæдарæс, уыимæ – сæрмагонд æмæ æфсæддон формæ дæр. Абон компанийы дæлбазыр ис 25 куыстадон фæзуаты, къæбæры фаг бакусыны фадат раттой 25 мин адæймагæн, сæ нымæцы, уæлдæр куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй Æрæфы районы æртæ хъæуы минæвæрттæ дæр.

Хæзныдоны фабрикы сылгоймæгтæ ныртæккæ хуыйынц сæрдыгон æмæ æппæтафонон æфсæддон формæ, æххæст цикл кæй хонынц, ахæм мадзалæй, Уæрæсейы Хихъахъхъæнынады министрады фæдзæхст æххæст кæнгæйæ. Афæдзмæ рауадзынц продукци 40 мин
иуæджы бæрц, йæ хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн нæй. Уый тыххæй сын ис æппæт хъæугæ уавæртæ, сæ сæйрагдæр – нырыккон техникон фæрæзтæ, ифтонггæрзтæ. Куыстуаты разамонджытæй иу, Токты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй сæ продукци æрвыст цæуы сæрмагонд æфсæддон операцимæ, уымæ гæсгæ йыл сылгоймæгтæ тынг зæрдиагæй архайынц, æууæндынц, нæ хæстонтæн сæ уæззау уавæртæ фæрогдæр кæнынæн кæй æххуыс кæнынц.

Хæзныдоны цæрджытæ сæрыстыр сты се ‘мхъæуккаг Боллоты Куыдзыгойы фырт Таймуразæй, уый алы хъуыддаджы дæр сæ фарсмæ ис. «Балтикæ»-йы сæргъы куы ‘рлæууыд ивгъуыд æнусы нæуæдз фыццæгæм азы, уæд хъæуы нæ, фæлæ ма районы фæсивæдæй дæр бирæты ахуыдта йемæ æмæ сæ хорз куыстыл бафтыдта.

Хуыйæн фабричы фондзазон юбилейы бæрæгбон срæсугъд кодтой æрмæст район æмæ республикæйы аивадон коллективтæ нæ, фæлæ ма сыхаг регионтæй уазджытæ дæр. Хуыздæр кусджыты дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътой – райстой хæрзиуджытæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ, дидинджыты бæстытæ.

Фабричы разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрды ис куыстуат фæуæрæхдæр кæнын. Уый тыххæй сараздзысты уæлæмхасæн бæстыхай.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here