Сывæллæтты хойраджы æдасдзинад

0
187

Ацы азæй Уæрæсейы æппæт скъолаты сæ тыхы бацæудзысты ахуырдзаутæн хæринаг дæттыны ног домæнтæ. Уыдæттæ конд æрцыдысты паддзахадон нормæтæ æмæ скъоладзаутæн, сæ зæрдæтæ цы хæринæгтæ агурынц, уый нымайгæйæ. Сывæллæтты хæлцады комбинат Дзæуджыхъæуы йæхи уыцы ивддзинæдтæм цæттæ кæны.

Комбинаты коммерцион директор Бестауты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ скъолаты сайттыл æнæмæнг фæзына ноггонд меню. «Мах цы меню бацæттæ кæнæм, уый нын сфидар кæны «Роспотребнадзор», конд вæййы 20 боны æмгъуыдмæ. Афтæмæй хызт вæййæм уыцы иу хæлцадæй, хойраджы колоритæ нæ сафæм. Хойраг фыцгæйæ, пайда кæнæм æрмæстдæр ауæрдгæ хуызтæй, уый руаджы хæринаджы пайдайаг æууæлтæ хъахъхъæд æрцæуынц. Судзаг, æндæр ахæм хъацæнтæй нæ куысты нæ пайда кæндзыстæм», – загъта Хæлцады комбинаты директор.

Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы хъуыддæгтæ конд цæудзысты сывæллæтты хойраджы æдасдзинад фæбæрзонддæр, се ‘нæниздзинады уавæр сын фæхуыздæр кæнынæн, сæ сабидуджы рæзтæн фадæттæ скæнынæн. Нормæты ивддзинæдтæй фæстæмæ, куыст цæуы менюйыл, уым фæзындзысты, сывæллæттæ сæхæдæг фылдæр цы хойраг уарзынц, уыдон. Комбинаты сæйраг технолог Хетæгкаты Зæринæ куыд радзырдта, афтæмæй сабитæ хæрдзысты сæ уарзон кастæ, фæлæ уыдзысты хъæздыгдæр урсагæй, пайдайаг сойтæй.

Меню хъæздыг уыдзæн алыхуызон хæринæгтæй, сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсынц «голубцы»-тæ стуры фыдæй, «шоколадный» сой æмæ æндæр ногдзинæдтæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уыдæттæ меню скæндзысты ноджы æнæниздæр, сывæллæттæ йыл æхсызгонæй сæмбæлдзысты. Раздæр цы иртасæн куыст сарæзтой, уым рабæрæг сты, сывæллæтты зæрдæмæ тынгдæр цы хæринæгтæ цæуынц, уыдон.

Скъоладзауты менюмæ фых гуылтæ æмæ «пельмень»-тæ кæй бахастой, уый дзуапп дæтты санитарон нормæтæн. Æрмæст адоныл нæ цæуы ныхас, ис дзы æндæр хæрзад хæринæгтæ дæр. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ныр сывæллæтты тæбæгъты æрдæгхæрд хойраг нал баззайдзæн. Уый сæйрагдæр у.

Дзуццаты Кристинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here