Зондамонæджы боны кадæн регионалон ахуырадон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы фæлгæты хъæбатыр хæс-тонтимæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Иу хатт ма уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм: проекты архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, конкурсы руаджы æвзæрст чи æрцыд, ахæм 32 адæймаджы. Проект æххæстгонд цæуы УФ-йы Президент Владимир Путины уынаффæйæ федералон проект «Хъæбатырты рæстæг»-ы фæлгæты.
Программæ арæзт у æртæ хайæ: 1) ахуырадон, 2) адæймаджы профессионалон рæзт, 3) зондамонæг. Ныридæгæн уал алы архайæг дæр базонгæ йæ зондамонæгимæ. Нæ республикæйы алы министр æмæ разамонæг дæр суыдзæн зондамонæг æмæ кусдзæн проекты архайджытæй иуимæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй сæ алчидæр хъуамæ йæхицæн фæдон бацæттæ кæна.
— Уе ’ппæт дæр архайдтат сæрмагонд æфсæддон операцийы. Чидæр уæ йæ равзæрст дæсныйадмæ гæсгæ афицер у, чидæр та йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ ацыд Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Куы уæ æвзæрстам, уæд баныхас кодтам, кæм æмæ уæ цавæр къабазы фæнды кусын, ууыл. Фæлæ хъуамæ æмбарат, цы программæ уын бацæттæ кодтам, уый, æнæмæнг, ахсджиаг кæй у нæ республикæ æмæ нæ бæстæйæн дæр, – фæбæрæг кодта регионы Сæргълæууæг.
Куыд зонæм, афтæмæй федералон проект «Хъæбатырты рæстæг» æххæстгонд цæуы нæ бæстæйы алы регионы дæр. Фæлæ æрмæстдæр нæ республикæйы проект дæтты уый бæрц фадæттæ архайджытæн. Уыцы æнтыстдзинад, æнæмæнг, у нæ республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæрис.
Проекты архайджытæн арфæ ракодта Тускъаты Таймураз дæр æмæ загъта:
– Фæнды мæ раарфæ кæнын нæ ветерантæн, проекты архайджытæн сæ хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады тыххæй. Сымах хъуыддагæй хæсты быдыры равдыстат дæнцæг, Фыдыбæстæ куыд уарзын хъæуы, уый. Ныр уæ царды ралæууыд æндæр рæстæг – профессионалон рæзты къæпхæн. Куыд зонæм, афтæмæй сгуыхтдзинад равдисæн ис канд хæсты быдыры нæ, фæлæ ма сабыр царды дæр, хъазуатонæй фæллой кæнгæйæ. Уæ фæндтæ уæ къухы бафтæнт!
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














