Фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад фидардæр кæны

0
93

Рæзгæ фæлтæр æрмæст телефонтæм кæсынмæ арæхсынц, зæгъгæ, ахæм хъуыды мæнмæ гæсгæ, бынтон раст нæу. «Рæстдзинад» дæр, куыд иннæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ, иудадзыг фыссы нæ курдиатджын чызджытæ æмæ лæппуты уæлахизтыл наукæйы алы къабæзты, музыкалон конкурсты, спортивон ерысты, æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад!

Арæх нæ газеты фæрстыл бакæсын æмбæлы Хъæбæлоты Билары номыл Сывæллæтты республикон сфæлдыстадон галуаны фæзминаг къорд «Талатæ»-йы алывæрсыг архайды тыххæй. Йæ разамонæг Танделаты Розæ йæ къорды уæнгтимæ зæрдиагæй архайы равдыстыты, алыхуызон конкурсты, куыд Ирыстоны, афтæ Цæгат Кавказы федералон зылды дæр, æмæ алкæддæр æрбаздæхынц хæрзиуджытæ æмæ арфæтимæ. Арæх сæ æрбахонынц нæ национ телеуынынадмæ дæр.

Ныртæккæ Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттытæ се ‘ргом здахынц сæ уидæгтæм, чи сты, кæцæй фæзындысты ацы дунемæ, цавæр удварны хæзнатæ сæм ис æмæ куыд хъахъхъæд цæуынц. Ацы хъуыддагмæ йе ‘вæрæн хæссы Танделон дæр:

– Ныртæккæ рагон æрмдæсныдзинады куыстытæ рох кæнын байдыдтам, куы айхъусай, уæд фехъусдзынæ, уыдæттæ ма цæмæ хъæуынц, абон алцыдæр балхæнæн ис, зæгъгæ. Фæлæ сыл мах нæ къух куы сисæм, уæд фидæны фæлтæртæн æлгъыстаг нæ уыдзыстæм?

Æстдæс азы размæ «Талатæ»-м æрбахуыдтон Черменыхъæуæй Батяты Серафины, цæмæй чызджытæн къуымбилы куысты сусæгдзинæдтæ бацамона. Мæхæдæг дæр зонын уыцы куыстытæ, фæлæ сæ сразæнгард кодтон, зæгъын, хуыздæр уæ чи арæхса, уый Серафины фарсмæ баддзæн, телеуынынадæй дæр нæм æрбацæудзысты. Тынг æм æнхъæлмæ кастысты, зæрдиагæй йыл сæмбæлдыстæм. Серафин йемæ æрбахаста пирæн, æлхуый, къуымбил, бацамыдта сын пирын æмæ æлвисын. Телеуынынадæй  куы равдыстой нæ архайд, уæд ма сæ цинæн кæрон кæм уыд! Фæстæдæр нын иу сылгоймаг балæвар кодта пирæн, æмæ дзы абон дæр нæ куысты æнтыстджынæй пайда кæнæм.

Арæх æрбахонæм нæ уроктæм «Аланты Ныхас»-ы сылгоймæгты комитеты уæнг Коцойты Заремæйы. Зæрдæхæлар, бирæзонаг, уæздан сылгоймаг æзсызгонæй фембæлы «талатимæ», хонæм æй нæ нана. Фæдзуры сын ирон æгъдæуттыл, æфсармыл, æхсæнады хи куыд дарын хъæуы æмæ бирæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл, æрхæссы сын дæнцæгтæ йæхи царды фæлтæрддзинадæй. Ахæм мадзæлттæ ма стыр пайда сты фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад фидардæр кæнынæн дæр, – радзырдта нын Танделаты Розæ.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here