Кæрты хæдзар – ног нысаниуæгимæ?

0
178

«Культурæйы кæрт» – афтæ хуындзæн, А.С. Пушкины номыл паддзахадон музыкалон музейы Цæгат Кавказы хайад æмæ «ГЭС»-ы хъæппæрисæй чи сырæзт, уыцы ног программæ, райдыдта кусын  21 августы æмæ уал царды рацæудзæн горæтаг æртæ хæдзары фæзуаты. Йæ авторы хъуыдымæ гæсгæ, горæтты ахæм хæдзæртты фæзынд кæртыты у цымыдисаг, нымайæн сæ ис бирæфатерон хæдзæртты цæрджыты коллективон архайды нырыккон хуызыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы хæдзæрттæ саразынц цæрджыты иумæйаг хъарутæй, цæмæй дзы æрвитой алыхуызон бæрæгбæттæ, культурон мадзæлттæ, хатгай та зианы фæдыл æгъдæутты хабæрттæ дæр. Арæх дзы цæрджытæ фæуадзынц сæ фæллад дæр, уымæн ис алы фадæттæ æмæ гæнæнтæ.

Проекты авторты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хæдзæрттæ æххуыс сты адæмы, æрыгон фæлтæры минæвæртты кæрæдзийыл бæттынæн, се сфæлдыстадон курдиæттæ æргом кæнынæн дæр. Уым аразæн ис бынæттон æмæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттимæ фембæлдтытæ дæр.

Сфæлдыстадон лабораторийы фæлгæты горæты æртæ хæдзары мидæг зындгонд нывгæнджытæ, режиссертæ архайдзысты бинонты архивтимæ базонгæ уæвыныл, фехъусдзысты цæрджытæй бирæ цымыдисаг хабæрттæ.

Дзусаты Ибрагимы уынджы цы хæдзар ис, уый рæстæгмæ суыдзæн киноисæн фæзуат. Андрей Сильвесторы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ сисдзысты цалдæр цыбыр кинонывы – цæрджыты радзырдтæй, сæ иумæйаг къамтæ æмæ кæддæры цаутыл хабæрттимæ.

Иннæ лаборатори та дзурдзæн фæлтæрты бастдзинады, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны, стæй кæрты царды иумæйаг æркæсинаг фарстатæ лыг кæныны тыххæй. Уыцы хæс йæхимæ райста режиссер Бесолты Каринæ.

Коцойты Арсены уынджы лаборатори суыдзæн музей, йæ композицийы хæдахуыр скульптор Едзиты Сослæнбеджы сурæт – йæ сæйраг экспонат, афтæмæй.

Нывгæнæг Юлия Картошкина уыцы иу рæстæг кæндзæн цæрджыты нывтæ. Дзæуджыхъæуы нывгæнджытæ æмæ музейы кусджытæ сараздзысты мастер-къластæ æмæ радзурдзысты, искæй хуымæтæг дзаумæттæ куыд свæййынц музейы экспонаттæ æмæ аивады æууæлтæ.

Проекттæ байгом уыдзысты:
Дзусаты Ибрагимы уынджы 6 «б» «хæдзар-кино»-йы 29 августы 19 сахатыл.
Курсанттæ-Кировонты уынджы 29-æм хæдзары 6-æм корпусы, 17 сахатыл.
Коцойты Арсены уынджы, 15-æм «хæдзар-музейы» – 31 августы 17 сахатыл.

Магкаты Стеллæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here