Тагъд – ног ахуыры аз…

0
150

Тагъд ралæудзæн ног ахуыры аз, æмæ сентябры скъолайы къæсæрыл фыццаг хатт чи бакъахдзæф кæндзæн, уыцы сывæллæттæн, стæй ныййарджытæн дæр райдайдзæн сæ царды ног къæпхæн, æмæ йæм цæттæ уæвын хъæуы рагацау. Боны ног фæтк, ног уагæвæрдтæ, ног коллектив — алцыдæр сывæллонæн у æнæзонгæ. Æппæт уыцы ногдзинæдтыл цæмæй æнцондæрæй ацахуыр уа, уый тыххæй хистæртæ хъуамæ зоной, цы хуызы йын баххуыс кæнын хъæуы, уый.

Ныхас, фыццаджыдæр, цæуы сывæллоны психологон æгъдауæй цæттæдзинадыл. Скъоламæ бацæуынмæ ма дзæвгар рæстæг куы баззайы, уæдæй фæстæмæ йæ хъæуы райдайын ахуыр кæнын йе ‘нкъарæнтæн хицау уæвыныл, йе ‘мгæрттимæ хорз ахастдзинæдтæ аразыныл æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыдæттæм сывæллон цæттæ куы нæ уа скъоламæ бацæуыны размæ, уæддæр сыл, фыццагкъласон суæвгæйæ, афæдзы дæргъы сахуыр уыдзæн.

Ныййарджытæн та сæ хæс цы у?

Фыццаджыдæр, сывæллонæн хъуамæ бамбарын кæной, ахуыргæнæджы кад бæрзонд кæй у, уый. Уыцы кары сывæллонæн йæ цæстыты раз хорз цæвиттон куы нæ уа, уæд уый раст нæу. Ахуыргæнæгимæ ныййарджытæн нывыл ахастдзинæдтæ, мыййаг, куы нæ рауайа, æмæ алы хъуыддаджы дæр ахуыргæнæгимæ разы куы нæ уой, уæддæр архайын хъæуы йемæ ныхас кæныныл, цæмæй æмзонд æмæ иу хъуыдыйыл хæст уой, уый тыххæй.

Дыккаджы, алы бон дæр уæ сывæллонимæ ныхас кæнут æмæ йæ фæрсут, скъолайы йæ бон куыд ацыд, йæ зæрдæмæ цы фæцыд, цы — нæ, уыдæттæй. Уыимæ, алцæмæн дæр аргъгæнæгæй ныййарæг хъуамæ йæхи ма ‘вдиса.

Æртыккаджы, сывæллонæн йæ размæ æгæр карз домæнтæ ма æвæрут æмæ, хæдзармæ лæвæрд куыст куыд бацæттæ кодта, уымæн аргъгæнæг ма ут — уый у ахуыргæнæджы хæс. Ныййарæг хъуамæ ныййарæг уа — цæстдарæг нæ, фæлæ æмбал æмæ æххуысгæнæг. Кæд уæм афтæ кæсы, æмæ уæ сывæллонæн алцы хорз нæ уайы, уæд уал аныхас кæнын хъæуы ахуыргæнæгимæ кæнæ скъолайы психологимæ, зындзинæдтæн сæ гуырæн цы у, уый базоныны тыххæй.

Цыппæрæмы, сывæллонæн хъуамæ уа рæстæг хъазынæн, стæй бынат, уæлдайдæр, змæлын фылдæр кæм хъæуы, ахæм фæзуат. Психологон фæлтæрддзинад æм цæмæй фæзына, уымæн уыдон сты стыр ахъаз.

Æмæ фæндзæмы, йе ‘рдзон гæнæнтæм гæсгæ сывæллонæн æнцон куы уа ахуыр кæнын, уæд бацархайут йе ‘ргом ын скъолайы царды æндæр хъуыддæгтæм аздахыныл, зæгъæм, йе ‘мбæлттæн кæнæ та ахуыргæнæгæн, скъолайæн истæмæй баххуыс кæнынмæ. Уыимæ, ацы ран дæр хъæуы психологимæ ныхас кæнын, уымæн æмæ, сывæллон йе ‘мгæртты куы нæ феййафы ахуыры, уый сагъæссаг уавæр куыд у, афтæ ахъуыдыйаг у, ахуыры бæрзæндтæм æгæр æнцонæй куы хиза, уый дæр…

Медицинон профилактикæйы республикон центр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here