Уыцы бон Мидхъуыддæгты Алагиры хайады пъæлицæйы хистæр лейтенант Зыгъуытаты Арсен, лейтенант Дзантиаты Хазби æмæ кæстæр лейтенант Кобесты Георги сæ службæйы фæдыл радгæс уыдысты Уæллаг Фыййагдоны. Сæ фæндаг уыд хæххон абухгæ доны былгæрæтты. Иу рæстæг фæндагыл сæ размæ разгъордта æххуысмæ сидæг сылгоймаг.
Фæстаг æндахы онг хуылыдз къабайы, уый цæссыгкалгæ дзырдта, йæ фарастаздзыд Замир кæй фæбырыд æмæ йæ абухгæ уылæнтæ кæй аскъæфтой. Пъæлицæйæгтæ рæстæг нæ сафгæйæ, азгъордтой æмæ федтой, абухгæ хæххон доны астæу лæппу кæй ныххæцыд дурыл. Дыууæ барадхъахъхъæнæджы æмæ иу бынæттон цæрæг багæппытæ кодтой донмæ. Иумæйаг хъарутæй сывæллоны рахастой былгæронмæ. Дзантиаты Хазби йæм фæкаст фыццаг æххуысы мадзæлттæй, æмæ Замир сулæфыд, цалдæр минуты фæстæ æрцыд йæхимæ. Машинæйы йæ авæрдтой æмæ йæ дарддæры æххуысæн бамидæг кодтой Фыййагдоны рынчындоны.
Ныртæккæ сывæллоны цардæн тас ницæмæйуал у. Ис сæ хæдзары йæ бинонтимæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй, пъæлицæйæгтæ рæвдз куы нæ фæлæууыдаиккой, сæрæндзинад куы нæ равдыстаиккой, уæд бæллæхæн æнæрцæугæ нæ уыд. Уыдон сывæллоны æрмæст ирвæзын нæ фæкодтой, фæлæ ма йæ бахъахъхъæдтой йе ’нæниздзинады дарддæры æвзæр фæстиуджытæй дæр.
Пъæлицæйæгтæ сæхæдæг нæ нымайынц сæ архайд хъæбатырдзинадыл. Фырнымдæй фæзæгъынц, æххæст кодтам, нæ комкоммæ хæс цы уыд, уый, зæгъгæ.
Пъæлицæйæгты удуæлдай сæрæн архайд, æнæмæнг, у хæрзиуæджы аккаг.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор














