Сабитæн – лæвæрттæ

0
151

Ног ахуыры азы къæсæрыл парти «Иугонд Уæрæсе» бирæ бинонты фарсмæ балæууыд. Мин скъоладзауæй фылдæр райсдзысты лæвæрттæ партийы номæй.

Хæрзаудæн акци «Сæмбырд кæн сывæллоны скъоламæ» сарæзтой «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон штабы. Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабы æххуысæй ног хызынтæ æмæ скъолайы хъæугæ æндæр дзаумæттæ райстой 200 сывæллоны. Уыдонæй 50 скъоладзауы сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты кæстæртæ.

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты  Марат арфæтимæ байуæрста сабитæн сæ лæвæрттæ.

– Нæ парти йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдонæй фыццаградон сты сабитæ æмæ бинонтæн æххуыс, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фарсмæ балæууын. Зæрдиагæй уын кæнæм ацы лæвæрттæ, амондимæ царды фæндагыл цæут, ахуыры бæрзæндтæм схизут, – загъта Едзойты Марат. Куыд æрвылаз, афтæ акцийы архайынц партийы депутаттæ иууылдæр. Сабидуг æнæферохгæнгæ у, æмæ хъуамæ алы чызг, алы лæппу æхсызгонæй уайа скъоламæ, буц æмæ рæвдыд уа.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here