Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылай

0
129

Сæрмагонд пъланты бындурыл дарддæр архайд цæуы Дзæуджыхъæуы æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты фæлгонцадыл. Зæгъæм, ныртæккæ бындурон рацарæзты куыстытæ æххæстгонд цæуынц 18 æхсæнадон фæзуатыл.

Уый тыххæй хъусын кæны Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Администрацийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыцы фæлладуадзæн æхсæнадон бынæттæ цалцæджы пълантæм бахастой, горæты цæрджытæ куыд схъæлæс кодтой, афтæ. Адæмы хъуыдыйы бындурыл фидаргонд æрцыд фыццаградон æгъдауæй рацаразинаг объектты номхыгъд.

Уалдзæджы ралæудимæ подрядон организацитæ бавнæлдтой нысангонд цæлцæггæнæн куыстытæм. Аразджытæ сæйрагдæр æргом аздæхтой Терчы былгæрæттæ æмæ чысыл сквертæм. Ю. Гагарины, П. Морозовы æмæ иннæ уынгты скверты арæзтадон куыстытæ графикы бындурыл æххæстгонд цæуынц.

Ацы бонты цалцæггæнджытæ кæм кусынц, уыцы бынæттæй иу у, 1-æм горæтаг поликлиникæйы раз цы сквер ис, уый. Ацы æхсæнадон фæзуат зæрдæзæгъгæ уавæры нал уыд, фæстаг хатт ма йæм базылдысты 15 азы размæ…

Аразджытæ ныридæгæн бакодтой зæххы куыстытæ – кæм хъуыд, уым раивтой хæтæлтæ, ног бындур æрæвæрдтой къахвæндæгтæн. Къахвæндæгты былгæрæттæ рафидыдтой ног бордюртæй, сæ уæлцъар та – аив къæйдурæй. Цалцæджы пъланмæ гæсгæ, скверы сæвæрдзысты уынгты цырæгъты ног телыхъæдтæ, бандæттæ, бырæттæ æмбырдгæнæн æфсæйнаг къоппытæ. Уымæй уæлдай, базилдзысты скверы цъæх фæлыстмæ дæр. Нысангонд куыстытæ хъуамæ ахицæн уой азы кæронмæ.

Куйбышевы уынджы скверæн ахадгæ социалон нысаниуæг ис. Йæ  фарсмæ – 1-æм поликлиникæ, йæ алыварс – бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ… Кæй зæгъын æй хъæуы, скверы рацарæзты фæстæ кæцыфæнды адæймагæн дæр æхсызгон уыдзæн йæ рæстæг уæнгрогæй ацы фæлладуадзæн тæлмы арвитын.

Зæгъын хъæуы, æхсæнадон тæлмыты бындурон цалцæг нысанмæарæзт программæ «Æппæтфадатджыг горæтаг алфамбылай» æмæ æндæр ахæм проектты фæлгæты кæй цæуы, уый дæр. Амынд программæты уагæвæрдты бындурыл 2019 азæй нырмæ Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы муниципалитетты рацарæзтой 225 æхсæнадон фæлладуадзæн тæлмæй фылдæр.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here