Мадæлон æвзаджы сæраппонд

0
138

Ацы бонты Дзæуджыхъæуы арæзт цæуынц ахуыргæнджыты августы æрвылазон æмбырдтæ. Уыимæ, ацы хатт педагогон кусджыты фембæлдтытæ сарæзтой цалдæр фæзуатыл тематикон-предметон нысаниуæгмæ гæсгæ. Зæгъæм, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты фембæлд сарæзтæуыд Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны.

Цæгатирыстойнаг педагогтæй уæлдай, ныхасы архайæг уыдысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Хуссар Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Черкесийæ.

Æмбырды архайджытæ бæстон æрдзырдтой национ ахуырады абоны уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзтыл, ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæ цымыдисагдæр æмæ ахадгæдæр кæныныл, ног методикон чингуытæ цæттæ кæныныл.

Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ йæ раныхасы бæстон æрлæууыд, мадæлон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæныны хъуыддаджы фæстаг рæстæг цы ногдзинæдтæ фæзынд, ууыл.

«Фæстаг азты национ ахуырады райрæзтмæ лæвæрд цæуы стыр æргом. Фыццаджы-фыццагдæр, мæ зæгъын фæнды, нæ къухы кæй бафтыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ног ахуыргæнæн чингуытæ бацæттæ кæнын. Уыцы ног 32 чиныгæй 18 ныридæгæн бахастой федералон номхыгъдмæ, иннæты фæдыл дæр федералон экспертон къамис хæстæгдæр бонты йæ хатдзæгтæ скæндзæн. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ног чингуытæ скъолатæм æрвитын райдайдзыстæм ацы азы кæронмæ. Ахæм фæткы бындурыл куыст цæуы æппæт иннæ фарстатыл дæр», – бафиппайдта министр.

Цæлхæмбырды архайджытæ загътой сæ хъуыдытæ, бахастой фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ. Уыимæ, баныхас кодтой дарддæры æмгуыстады нысантыл.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here