Астæуккаг къæпхæны медицинон кусджытæ…

0
71

1 сентябрæй фæстæмæ рынчынтæн медицинон раиртæстытæ æмæ æндæр анализтæ нысан кæныны, адæймаджы æнæниздзинады уавæрæй хатдзæгтæ æмæ йын хъæугæ хостæ рафыссыны бар уыдзæн фелсыртæ æмæ астæуккаг къæпхæны иннæ ахæм медицинон кусджытæм.

Уыцы ногдзинад зæрдыл æрлæууын кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы пресс-службæ.

Уæрæсейаг Парламенты уæллаг палатæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй терапевттæ, педиатртæ, гинекологтæ æмæ æндæр ахæм дохтыртæ фаг кæм нæй, уыцы кусæндæтты, гæнæн ис, æмæ рынчынты бакæной фелсыртæ æмæ акушерты (ома, астæуккаг къæпхæны специалистты) бæрны.

Фелсыртæ æмæ иннæ ахæм специалистты æххæстбартæ кæй фæуæрæхдæр уыдзысты, уыцы уынаффæ баст у, бирæ регионты фæлтæрдджын дохтыртæ кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады федералон министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстæйы медицинон кусæндæтты ныртæккæ ис 23 мин дохтыр æмæ 63 мин фелсыртæ æмæ медицинон хоты уæгъд куысты бынæттæ. Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрыгæттæм фаг тырнындзинад нæй медицинæйы къабазы кусынмæ, уымæн æмæ ацы дæсныйад домы стыр бæрнондзинад,куысты мызд та, сæ хъуыдымæ гæсгæ, зæрдæзæгъгæ нæу.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here