Тыллæджы æрзадæй райгонд сты…

0
69

РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрад цы ахсджиаг æмæ æнтыстджын инвестицион проекттæм йæ цæст дары, уыдонæй иу у компани «Фундук Алании»-йы æхсæры дыргъдон.

Куыстуаты дыргъдæттæ æрбынæттон сты Æрæфы районы Лескены хъæуы. Агропромышленнон комплексы специалистты хъуыдымæ гæсгæ, уыцы районы зæхх æмæ æрдзы хъæды æууæлтæ хорз фадат дæттынц æхсæры хъæздыг тыллæг зайын кæнынæн. Æнæмæнг, æрдзон зæрдæзæгъгæ уавæртæм хъæуы бафтауын нырыккон агротехнологитæ. Æмæ уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг размæ ацæудзæн…

Ныртæккæ куыстуаты специалисттæ бавнæлдтой ацы азы тыллæг æфс-
найынмæ. Уыцы куыст кæндзысты октябрмæ. Æхсæр бæлæстæй тонгæ нæ кæнынц. Хæрзад нæмыг куыд цæттæ кæны, афтæ зæхмæ æрызгъæлы – æмæ йæ уæд сæрмагонд комбайнтæй æрæмбырд кæнынц.

Проекты разамонæг Кобылты Сослан сæрбæрзондæй куыд зæгъы, афтæмæй дыргъдоны тыллæджы æрзад азæй-азмæ кæны фылдæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ иу къутæрæй рæстæмбис нымадæй райсынц цæттæ продукцийы 5 килограммы бæрц. Рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ, а фæззæг æхсæр æрæмбырд кæндзысты 30 тоннæмæ ’ввахс. Компанийы дыргъдæтты фæзуат уал ныридæгæн у 400 гектары бæрц.

Республикæйы Экономикон рæзты министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй амалхъомадон компаниты архайд хъомысджындæр кæнынæн ахъаз у фыццаградон национ проект «Пайдайаг æмæ ерысхъом экономикæ».

КАЛМАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here