3 сентябрь Уæрæсейы номарæн бонты къæлиндары бæрæггонд у куыд Терроризмимæ тохы æмзæрдæдзинады бон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый комкоммæ баст у, 2004 азы сентябры райдайæны Беслæны фыццæгæм скъолайы цы террористон фыдракæнд арæзт æрцыд, уыимæ…
Фæстаг азты 3 сентябры æппæт бæстæйы дæр æрымысынц æрмæст Беслæны нæ, фæлæ, æппæт иннæ террористон фыдракæндты чи бабын, уыцы æнаххос адæмы рухс нæмттæ. Уыимæ, уыцы бон мысæн у, террористты ирвæзын кæнгæйæ чи фæмард, барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы структурæты уыцы службæгæнджытæн дæр.
Алы аз куыд вæййы, афтæ беслæйнæгты номарæн æмбырд уыдзæн Мæскуыйы. Саударæн æмбырдты архайджытæ бабæрæг кæндзысты сæрмагонд æфсæддон къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджыты, стæй УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты ингæнтæ, сæвæрдзысты сыл дидинджытæ. Боны 13 сахат æмæ 05 минутыл та митинг уыдзæн террористон фыдракæнды амæттæгты цыртдзæвæны раз.
Уымæй уæлдай, саударæн æмбырдтæ уыдзæн Уæрæсейы иннæ регионты дæр.
Зæгъæм, горæт Петрозаводскы цæрджытæ сараздзысты акци «Эхо бесланской печали». Æмбырды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдзысты «Хъыджы дурыл», иу минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардзысты æдзард беслæйнæгты нæмттæ.
Новосибирскы облæсты горæт Бердскы цæрджытæ архайдзысты акци «Помним Беслан»-ы. Бынæттон адæм мыдадзын цырæгътæ ссудздзысты беслæйнæгты номыл.
Ахæм саударæн æмбырд уыдзæн горæт Ивановойы дæр. Горæты аргъуанты сараздзысты номарæн ракуывдтытæ, ссудздзысты мыдадзын цырæгътæ, сæвæрдзысты дидинджытæ сæрмагонд бынаты.
Номарæн æмбырдтæ абон уыдзысты Мæскуы æмæ облæсты, Хъазаны, Екатеринбургы, Ялтæ æмæ æндæр уæрæсейаг горæтты…
КАЛМАНТЫ Аслан














