Паддзахадон арæзтадон компанийы бæрны…

0
94

Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй фембæлды архайдтой Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй районты разамонджытæ. Ныхас дзы цыд адæмы æдасдзинадыл Беслæны арæзт террористон фыдракæнды амæттæгты номарæн мадзæлтты рæстæг, адæмы льготон къордтæн æххуыс æмæ республикæйы æрвылбоны царды æндæр лыггæнинаг фарстатыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Цæгат Ирыстоны 48 цæрæн бынаты дарддæр дæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй, æххæстгонд дзы цæуы сæрмагонд уавæры фæндзæм къæпхæн. Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыд 91 фæндаггон фыдбылызы, хъыгдард дзы баййæфтой 31 адæймаджы, 1 адæймаг дзы фæмард. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл æнæкъуыхцыйæ ацæуынæн. Республикæйы фæндæгтыл лæууы 510 транзитон уæзласæн машинæйы, уыдонæй 375 – сæрмагонд бынæтты. Дзуаппон рæс-
тæгмæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл дыууæрдæм ахызтысты автомобилон транспорты 34 мин иуæг æмæ 100 мин адæймагæй фылдæр, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 177 фыдракæнды, уыдонæй раргом кæнын бантыст 98.

Сергей Меняйло Мидхъуыддæгты министрады минæвæртты æргом аздæхта, 3 сентябры Беслæны цы мысæн мадзæлттæ уыдзæн, уыдонмæ. Уымæй уæлдай, 4 сентябры республикæйы райдайдзæн ног ахуыры аз. Æппæт уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Мидхъуыддæгты министрад æмæ иннæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæн бафæдзæхста, цæмæй уой уæлдай къæрцхъусдæр.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Ивгъуыд къуырийы 3 адæймагмæ рабæрæг фадынæг, иннæ 3 та фæрынчын сты коронави-
русæй.

РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад фехъусын кодта, зымæджы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинады къæпхæн 85 процентмæ кæй схæццæ, уый тыххæй.

Республикæйы разамонæг йе ’ргом аздæхта адæмы льготон къордты уавæрмæ дæр. Уыцы къордмæ хауынц бирæсывæллонджын бинонтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сидзæр сывæллæттæ. Сæрмагонд программæйы фæлгæты уыцы адæмæн сараздзысты æппæтфадатджын цæрæнуæттæ.

– Мах дарддæр æххæст кæнæм нысанмæарæзт программæ «Уæрæсейаг бинонтæн – цæрæнуат», – загъта Сергей Меняйло.

Регионы Сæргълæууæг бæрнон министрадтæ æмæ районты разамонджытæн бафæдзæхста дыууæ мæйы æмгъуыдмæ сбæрæг кæнын зæххы хæйттæ, бакусын проекттыл, цæмæй дзы хæдзæрттæ аразын райдайой. Уыцы хъуыддагимæ бастæй республикæйы Сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй ахæм ахсджиаг социалон арæзтæдтæ бакæной сæрмагонд паддзахадон компанийы бæрны. Уый фадат ратдзæн арæзтадон куыстыты аргъ фæкъаддæр кæнынæн. Сергей Меняйло дæнцæгæн æрхаста, компаниты къорд «Бавария» йæ кусджытæн Джызæлы цы хæдзæрттæ аразы, уыдон.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, республикæйы районтæн ног ахуыргæнæн чингуытæ лæвæрд кæй цæуы, уый. Министр йæ доклады бæстон æрлæууыд ног ахуыры азмæ цæттæдзинады æндæр фарстатыл дæр.

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой республикæйы царды æндæр
хъуыддæгтыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here