Дуне нæ рох кæны Беслæн

0
166

Канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт дунейы цæрæг адæм нæ рох кæнынц Беслæны 1-æм скъолайы фыдбæллæхы цау æмæ сæ зæрдыл дарынц, æнаххосæй дзы чи фесæфт, уыдоны рухс нæмттæ.

Теракты чи фæмард, хъыгдард дзы чи баййæфта, уыдонæн сæ хъизæмайраг удтæ æмæ буары рыстытæм зæххы къорийыл цæрæг адæм стырзæрдæ нæ разындысты. Æмæ уыцы нысанæн, куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæйнаг бæстæты дæр сарæзтой номарæн цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтæ.

 

Уæрæсе, Мæскуы, 2010 аз
Сыгъдæг Мады-Майрæмы Цыппурсы аргъуаны цур цы монумент арæзт æрцыд, уым æвдыст æрцыд, зæдтæ уæлвармæ куыд хæcсынц  æнаххос сывæллæттæн сæ гыццыл удтæ.

Цыртдзæвæн саразæг – Зураб Церетели.

 

Уæрæсе, Бетъырбух, 2007 аз

Сыгъдæг Мады-Майрæмы аргъуаны цур парчы фенæн ис ахæм цыртдзæвæн: мады хъæбысы йæ чызг мæлгæ-мæлын, сæ фæстæ та – дзуары хуызæн къæлæт.

Цыртдзæвæн у Вадим Медников æмæ Виктор Шуваловы иумæйаг куыст. Фыст ыл ис ахæм ныхæстæ: «Детям Беслана».

 

Мæскуыйы облæсть, Мураново, 2005 аз

Мурановойы хъæуы беслæйнаг бæллæхы амæттæгты номыл сарæзтой парк, æмæ дзы ис, теракты чи фæмард, уыдоны нæмттимæ обелиск. Арæзт æрцыд игумен Феофаны хъæппæрисæй.

Уымæй уæлдай, парчы æвæрд æрцыд Юрий Хмелевскийы скульптурæ – мад æмæ сывæллон кæрæдзийæн хъæбыс кæнынц…

 

Хъæрæсе-Черкеси, Хетæгкаты Къостайы
номыл хъæу, 2011 аз

Ацы ран Хъуылымбегты Джульеттæ сарæзта архитектурон композици: хъарæггæнæг ныййарæг ныддæлгоммæ цыртдзæвæныл. Дурыл бакæсæн ис уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл фыст зæрдæриссæн æмдзæвгæтæ Беслæны терактыл.

 

Сан-Марино, Сан-Марино, 2006 аз

Италиаг скульптор Венди Ренцо скульптурæ «Кричащий мальчик» сарæзта, скъолайы спортивон залæй лæгмарты къухæй чи аирвæзт, уыцы гыццыл лæппу – Георгий Ильины къаммæ гæсгæ. 2024 азы Беслæны дæр арæзт æрцыд уый халдих скульптурæ.

 

Итали, Вилламанья, 2007 аз

Горæт Вилламаньяйы скъолайы фарсмæ æвæрд æрцыд цыртдзæвæн. Йæ саразæг – скульптор Джузеппе Либерати. Автор дзы сныв кодта, тасы чи бацыд æмæ йæ фыртæсæй чи кæуы, хъæр чи кæны, уыцы сывæллæтты цæсгæмттæ…

 

Итали, Сарцана, 2022 аз

2022 азы италиаг горæт Сарцанайы бынæттон хицæутты хъæппæрисæй гом æрцыд мраморæй конд цыртдзæвæн: пластинæйы хуызæн дур, æмæ йыл, хуры тынтæ сывæллæтты цæсгæмттæ куыд рæвдауынц, ахæм ныв.

 

Турк, Пойразлы, 2017 аз

Турчы ирон хъæу Пойразлыйы ис Беслæны теракты амæттæгты номарæн къох. Сфæлдыстадон лаборатори «Портал»-ы архайджытæ йæ фæзуатыл сарæзтой арт-композици, æвдыст дзы цæуы, террористтæ скъола куы бацахстой, уæд дзы уый фæстæ цы бæллæхтæ æрцыд, уый.

4

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here