РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы субъектты фæзуаты ахсджиаг фарстаты фæдыл æмбырды. Видеобастдзинады руаджы йæ амыдта Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Фарстаты фæдыл ныхасы ма архайдта Мæхъæлы Республикæйы Сæргълæууæг Махмуд-Али Калиматов.
Æмбырды æркастысты нацитæ æмæ дингæнджыты ‘хсæн ахастдзинæдтæ фæнывылдæр кæнын, фидар культурон бастдзинæдтæ аразыныл регионты ‘хсæн, стæй æхсæнадон æдасдзинадыл хицауады æххæстгæнæг æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты æмгуыстады тыххæй.
Юрий Чайка бахахх кодта уыцы куысты ахсджиаг нысаниуæг дыууæ регионы цæрджыты иудзинадæн, æдасдзинад фидардæр кæнынæн, социалон фæрныгадæн. Уымæй уæлдай ма Æххæстбарджын минæвар загъта, нырыккон зын уавæры Уæрæсейы бирæнацион адæмы иудзинад кæй у нæ бæстæйы æнæбасæтгæ тыхы сæйраг рахæцæн, æмæ фæбæрæг кодта республикæты минæвæртты стыр бавæрæн сæрмагонд æфсæддон операцимæ.
Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ профилон структурæтæн лæвæрд æрцыд бæлвырд фæдзæхстытæ граждайнаг иудзинад фидардæр кæныны тыххæй.
ГАПБАТЫ Алетæ














