Бындурон цалцæджы фæстæ байгом Фыййаджыбылы скъола

0
96

Нырыккон, хæрзвадат уавæрты райдыдта ног ахуыры аз фыййаджыбылаг скъоладзаутæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн. Скъола æмæ рæвдауæндоны агъуыст бындурон цалцæг æрцыд нацпроект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ гæсгæ. 140 скъоладзау æмæ сывæллоны бакъахдзæф кодтой йæ къæсæрæй.

Скъола гом кæныны мадзалы архайдтой район æмæ хъæуы администрацийы, æхсæнады минæвæрттæ, стæй арæзтадон организаци – æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Инжсервис»-ы кусджытæ. Ацы аз апрелы райдайæны бавнæлдтой агъуысты цалцæгмæ, сæ архайд æххæст кодтой æнæрлæугæйæ, æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ бантыст йæ фæуын. Фыййаджыбылы скъола ног у, сарæзтой йæ 2007 азы, фæлæ йæм уæдæй бындурон зылд нæ цыд. Национ проектмæ гæсгæ Æрыдоны районы ацы ахуыргæнæндоныл фесты скъолаты бындурон цалцæг, дарддæр кусдзысты рæвдауæндæтты рацарæзтыл.

Фæлварæны хуызы хъæуы астæуккаг скъола æмæ рæвдауæндонæн иумæ у сæ архайд. Цалцæджы фæстæ сæ авналæнтæ зынгæ фæуæрæхдæр сты, кълæсты нымæцыл бафтыд, уæрæхдæргонд æрцыдысты. Алы къласы дæр ис проектор æмæ интерактивон фæйнæг. Ахсджиаг æмæ хъæугæ кусæнгарз – смарт-фæйнæгыл кусгæйæ, скъоладзауты ахуыр кæныны цыд кæндзæн бындурондæр æмæ хъæздыгдæр. Хæдзары дзаума æгасæй дæр баивтой ногтæй, ног кусæнгæрзтæй сифтонг кодтой скъолайы хæрæндон дæр. Бындурон цалцæггонд рæвдауæндоны ивд æрцыд æппæт дæр, ныр сабиты хъомылады куысты авналæнтæ дæр фæуæрæхдæр уыдзысты. Алфамбылай фæзуæттæ æнцон æмæ хæрзвадат скæныны программæйы фæлгæты ацы фæззæг базилдзысты скъола æмæ рæвдауæндоны алыварс фæзуатмæ, стæй агъуысты æддаг бакастмæ.

«Скъолайы æнæхъæн бон уæвыны» уагæвæрд ног ахуыры азæй бацыд йæ тыхы, продленкæты къордты хыз фестырдæр ис, æмæ дзы сывæллæттæ фылдæр рæстæг æрвитдзысты. Уымæн дæр уавæртæ арæзт æрцыд. Скъола кусдзæн æнæ-
хъæн бон, райсомы фараст сахатæй изæры æхсæз сахатмæ. Кæд раздæр ахæм къордты ахуыр кодтой æрмæст райдайæн кълæсты скъоладзаутæ, уæд сыл ныр бафтыдысты 5-æм – 8-æм кълæсонтæ дæр. Ахуырдзаутæ æххæст кæндзысты сæ хæдзармæ куыст, ис фадат уæлæмхасæн ахуырады секцитæ æмæ къордты архайынæн, стæй республикæйы хиирхæфсæн æмæ культурон уагдæттæм цæуынæн. Ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ, боны дæргъы скъоладзаутæн уæлæмхасæн хæринаг дæтдзысты дыууæ-æртæ хатты.

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

къамтæ систа
ГУТНАТЫ Дзерассæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here