Ахсджиаг хъуыддагмæ – цæттæ

0
164

Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны æвзæрстытæм – 2025 азы 13 æмæ 14 сентябры республикæйы цæрджытæн уыдзæн фадат схъæлæс кæнынæн. Уыимæ, дардадæй (дистанционно) дæр электронон хуызы Паддзахадон лæггæдты порталы национ проект «Экономика данных»-ы æххуысæй сæ хъæлæстæ раттын сæ бон уыд 29 июлæй 9 сентябры онг.

12 æвзарæн хайады байгом уыдзысты, æмæ бынæттон цæрджытæ æвзардзысты æхсæз администрацийы сæргълæууæджы: Майрæмададжы, Мызуры, Нар–тыхъæуы, Æрхонкæйы станицæйы; Толдзгуын æмæ Майскийы хъæуы администрацийы сæргълæуджыты – æмгъуыдæй раздæр; Черменыхъæу æмæ Хуымæллæджы минæвæртты æмбырдтæм уы–дзæн депутатты уæлæмхасæн æв-
зæрстытæ.

Рагагъоммæ республикæйы арæзт æрцыдысты ахуыргæнæн семинартæ æвзарæн къамисты уæнгтæн. Æппæт æвзарæн ха-йæдты дæр æвæрд æрцæудзысты КОИБ-тæ.

Акционерон æхсæнад «Осетия-Полиграфсервис»-ы мыхуыргонд æрцыдысты 16733 бюллетены. Хъахъхъæд сты типографион ма-дзалæй: ис сыл микрошрифтæй фыстытæ, бюллетены фæстаг фарс æмбæрзт у кæрдæгхуыз хъахъхъæнæн хызæй. Æвзæрстыты агъоммæ æхгæд сты сейфы, ис сæм сæрмагонд видеоцæстдард. Зæрдиагæй сыл бацархайдта типографийы коллектив. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы раппæлыны аккаг сты цехы разамонæг Дыгъуызты Валери æмæ йе ‘мкусджытæ (къамы).

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here