Æппæтдунеон националон фестиваль-конкурс «Ирон бæгæны –
2025»-ы фыццаг къæпхæн уыд Уæрæсейы сæйраг горæты. Сбæрæг сты йæ уæлахиздзаутæ.
Хуыздæр бæгæныфыцæгыл нымад æрцыд Еналдыты Игорь, дыккаг бынат бацахста Сæлбиты Казмирæ, æртыккаг бынатмæ рацыд Хабæты Цæра. Хабар фехъусын кодтой Мæскуыйаг Ирæтты æхсæнады пресс-службæйæ. Фестивалы архайджыты дипломтæ лæвæрд æрцыдысты Хъыбызты Дианæ æмæ Цыбырты Мæдинæйæн.
Цæгат Ирыстоны хуыздæр бæгæныфыцджыты ерыстæ нырма разæй сты, фестивалы кæронбæттæны архайдзысты Америкæйы, Ирландийы, Италийы, Нидерландты, Францы, Бельгийы минæвæрттæ.
Конкурсы кæронбæттæн ацæудзæн дыууын æхсæзæм сентябры бинонты фæлладуадзæн парк «Альпинæ»- йы.
Нæ уацхæссæг














