…Ирæттæй Фæллойы Хъæбатыры ном æппæты фыццаг чи райста, уый уыд æфсæнвæндаджы кусæг Лазарты Аслæнбег. Уымæн Фæллойы Хъæбатыры ном лæвæрд æрцыд 1935 азы. Уыцы уæлдæр хæрзиуæг ын раттой Центрон Æххæстгæнæг Комитет æмæ ССР Цæдисы Адæмон Комиссарты Совет 1927 азы, 27 июлы цы ном сфидар кодтой – «Фæллойы Хъæбатыр», уый тыххæй уынаффæйы бындурыл.
1938 азы 27 декабры Указæй ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум сфидар кодта Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном. Уæдæй фæстæмæ Фæллойы Хъæбатыры ном лæвæрд нал цыдис. Афтæмæй ацы дыууæ номæн дæр уыдис иухуызон тых, уыдысты æмсæртæ.
Елхоты цæрæг зæхкусæг Лазарты Дзамболатæн Аслæнбег йæ кæстæр лæппу уыд – фæндзæм. Йæ хистæр фырттæй кæсын æмæ фыссын иу дæр нæ зыдта. Уырыссагау дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ зыдтой. Фыд йæхæдæг, сыхаг станицæ Змейкæйы цæрæг хъазахъхъæгтимæ дæргъвæтин рæстæг кæй æмбæлд, уымæ гæсгæ гæзæмæ зыдта уырыссагау æмæ сфæнд кодта йæ кæстæр лæппуйы уæлдæр сахуыр кæнын уырыссагау дзурын.
Æхсæзаздзыд Аслæнбеджы баласта Змейкæмæ йæ хæлар Степан Перепеченыйтæм. Фæлæ дзы лæппу дыууæ къуырийы йеддæмæ нæ афæстиат – æрымысыд бинонты. Бæргæ йын лæгъз ныхæстæй йæ зæрдæ æлхæдтой хъазахъхъаг бинонтæ, фæлæ йæм ницы бахъардта. Уавæр уынгæйæ, Степан сфæнд кодта лæппуйы йæ фыдыл сæмбæлын кæнын. Уый уыдис 1878 азы. Афæдзы фæстæ Елхоты байгом иукъласон скъола.
Уыцы азты адæммæ цæй æхца уыд? Кæд-иу нартхор, мæнæу, хъæбæрхор æмæ стæм хатт æхсыр, цыхт, дзидза æмæ æндæр хойрæгтæ ауæй кодтой, уæд-иу сæм æхца фæзынд. Æмæ-иу дзы уæд æхсæнадон скъола дарынæн дæр радих кодтой. Фæлæ уæд, 19-æм æнусы 70-æм азты кæрон æмæ 80-æм азты райдайæны дыууæ азы фæд-фæдыл зæхх тыллæг нæ ратта, æмæ хъæуы цæрджыты бон нал уыд скъола дарын. Уымæ гæсгæ æхгæд æрцыд.
Иу бон елхотæгтæ æрæмбырд сты хъæууон сходмæ æмæ загътой: «Кæд ныл хицауад ауды æмæ йæ фæнды, цæмæй нæ сывæллæттæ рухс феной, уый, уæд скъола саразæд æмæ йæ дарæд къазнайы хардзæй». Æнæ скъола чи аззад 1879 азы, уыцы 42 ахуырдзауæй иу уыдис Лазарты Аслæнбег.
Æртæ азы сахуыр кодта лæппу райдайæн скъолайы. Йæ фыд Дзамболат мæгуыр кæй уыд, уымæ гæсгæ Аслæнбегæн йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнын нал бантыст. Æнахъом сывæллон цалдæр азы дæргъы æххуыс кодта хистæртæн хæдзары куыстыты.
Цыд рæстæг. Лазарты хæстæг, ахуыргæнæг Сохийы-фырт лæппуйы бакодта Алагиры-Салыгæрдæны дины иукъласон училищæмæ. 1888 азы йæ фæци каст. Бирæ азты фæстæ Аслæнбег дзырдта: «Уыцы аз мæ фыд бинонтæ æрхæссын кодта хистæр лæппуйæн, æмæ, бирæ азты дæргъы цы æнæбары муртæ фембырд кодтой хæ-
дзары бинонтæ, уыдон ирæдæн бахъуыдысты». Уымæ гæсгæ та Аслæнбеджы ахуыр фæкъуылымпы.
Фыды хæлар, Елхоты æфсæнвæндаджы станцæйы хицау Г.Горины фæндонæй 1892 азы Аслæнбеджы райстой Беслæны станцæйы телеграфон хахх цалцæггæнæнмæ рæстæгмæ кусæгæй. Æртæ азы фæстæ ссис телеграфистты курсыты ахуыргæнинаг. Фæлварæнтæ та Ростовы лæвæрдта.
Уыцы цауæй дыууæ азы фæстæдæр Аслæнбеджы аивтой Астæуккаг Азийы æфсæнвæндагмæ. Уым цыбыр рæстæг акуыста хистæр телеграфистæй, стæй – станцæ Чарджоуы хицауы æххуысгæнæгæй. Азтæ куыд фылдæр цыд Аслæнбегыл, афтæ йæм бæлвырддæрæй зындысты æхсæнады кълассон ныхмæлæудтæ. Йæ зонд-
ахастыл уæлдай тынгдæр сахадыдта чысыл чиныг. Уый уыди К.Маркс æмæ Ф.Энгельсы фыст «Коммунистон партийы манифест». Ныр Лазары-фырт бæлвырддæр бамбæрста, кæй ныхмæ æмæ цæй тыххæй тох кæнын хъæуы, уый. Фæстæдæр сси Астæуккаг Азийы æфсæнвæндаджы куыстурæд аразджытæй иу. Реакцийы заман та йе ’мбæлттимæ сусæг куыстмæ рахызт.
Ралæууыд 1917 аз. Сентябры дыккаг æмбисы Ташкенты цыдис Астæуккаг Азийы адæмты хойраджы кусджыты съезд. Йæ делегаттæй иу уыд Аслæнбег. Большевиктæ уæдмæ аргъæвтой æмæ съездимæ сбастой кусджытæ, æмæ æфсæддон гарнизоны æфсæдты иу хайы сыстад Керенскийы æвæрд хицæутты ныхмæ.
Тохгæнджыты иу къорды – æфсæнвæндаджы кусджыты сæргъы уыд Лазары-фырт. Кусджытæ æмæ æфсæддон хæйттæ горæт куы байстой, уый хæд размæ граф Дорреры юнкертæ æрцахстой Аслæнбеджы æмæ йæ Ташкенты фидары бакодтой, фæлæ, 1 октябры горæты хицаудзинад Советты куы баци, уæд æй суæгъд кодтой. Уыцы азæй 1921 азмæ, цалынмæ советон хицаудзинад Астæуккаг Азийы æппæт рæтты дæр не ’рфидар, уæдмæ Аслæнбег гæрзифтонгæй хæцыд мæгуыр адæмы сæрвæлтау.
1918 азы Лазары-фырт бацыд большевикты партимæ. Фæстæдæр ссис горæт Андижаны ревкомы уæнг, уыд æфсæддон контролертæй иу æмæ тæрхондоны уæнг. 1919 азы Астæуккаг Азийы контрреволюцион тыхты сæйраг командæгæнæг Мадамин-бек йæ тыхтæ баиу кодта булкъон Минстровы уырыссаг урсгвардион æфсадимæ æмæ азмæлыд Андижаны районмæ. Контрреволюцион тыхтæн бантыст ком æмæ горæт Джалал-Абад байсын. Сæ къухы бафтыд горæт Ош æмæ Андижаны фыццæгæм станцæйы иу хай бацахсын.
Уыцы аз фæззæджы Аслæнбег 19 большевикимæ æрвыст æрцыд Джалал-Абады районмæ советон хицаудзинады фыццаг кусæг оргæнтæ аразынмæ. 1922 азы райдианы Лазарты Аслæнбег æрбаздæхт йæ райгуырæн Елхотмæ, райдыдта станцæйы радгæсæй кусын. Дойаты Арзум, Сæлбиты Ботаз, Зорттаты Гаппо æмæ æндæртимæ ссис æхсæны царды активон архайæг, хъæууон советы депутат. Бирæ хъарутæ бахардз кодта колхозон фæсивæдæн авдазон скъола, стæй дыккаг райдиан скъола саразыныл дæр.
1931 азы Лазарты Аслæнбеджы снысан кодтой Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы станцæйы хицауæй. Цыбыр рæстæгмæ станцæйы коллектив æрлæууыд уæлахиздзауты рæнхъы. Йæ хицауæн ын Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы разамынд саккаг кодта бирæ грамотæтæ æмæ æхцайы премитæ. Транспорты бирæазон фæллой æмæ социалистон арæзтады уæлдай стырдæр сгуыхтыты тыххæй бæстæйы ЦÆК-ы Президиум 1935 азы Аслæнбегæн саккаг кодта Фæллойы Хъæбатыры ном.
Мидхæсты сырхгвардион, Фæллойы Хъæбатыр, рæстаг адæймаг æмæ сыгъдæгзæрдæ коммунист Лазарты Аслæнбег йæ царды фæстаг боны онг дæр куыста æфсæнвæндаджы транспорты.
Багаты Аврам
(«Рæстдзинад»-ы архивæй)














