Хæрзвадат фæзтыл бафтдзæн

0
148

Æртæ азмæ Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрæтты къахвæндæгты фæзтæй цалцæггонд æрцыд 1638 метры. Афæдзы кæронмæ æххæст зылд куы æрцæуой, уæд ма сæм хæрзвадат фæзтæй бафтдзæн ноджыдæр 900 метры. Уый тыххæй фехъусын кодта Милдзыхты Вячеслав йæ телеграм-каналы.

Хæрзвадатмæ рацаразыны куыстытæ цæуынц нацпроект «Инфраструктурæ цардæн» -ы бындурыл.

«Кæронбæттæн мадзæлттæм рахызтыстæм, куыстытæ дарддæр æххæстгонд цæуынц Плиты Иссæйы цыртдзæвæны фæзы. Фæлладуадзæн бынаты ныридæгæн æвæрд æрцыд дур, рухсыты системæ. Хъæуы ма парапет баивын – 140 метры дæргъæн æмбонд арæзт æрцыд архитектурон бетоны. Ныр хус кæнынц блоктæ, стæй сæ цæугæдоны былгæрæтты куырдадзы цагъд æфсæйнаг хæйттимæ сæвæрдзысты,-ныффыста горæты мэр.

Уымæй уæлдай, ацы ран фæзындзысты ног бандæттæ, урнæтæ æмæ чысыл архитектурон формæтæ.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here