Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ æндæр хæстон архæйдтыты ветеранты диспансеризацийы мадзал. Абоны онг æрвылазон комплексон диспансеризаци ацыдысты нæ республикæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы 200 ветераны. Æдæппæтæй та диспансеризацимæ хаст æрцыд 380 ветераны.
«Æппæт уавæртæ дæр сын арæзт æрцыд. Фæуæрæхдæр кодтам медицинæйы алыхуызон низты ныхмæ специалистты хыгъд: офтальмолог, невролог, гастроэнтеролог, кардиолог, уролог, нефролог, травматолог, ортопед, хирург æмæ иннæ специалистты лæггæдтæ.
Районтæй та сæ диспансеризацийы бынатмæ ласдзæн сæрмагонд транспорт», – дзырдта, диспансеризацийы фарстатыл адæмимæ чи кусы, уыцы медицинон хайады разамонæджы хæдивæг Цыбырты Лянæ.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй йе змæлынад хъыгдард кæмæн у, уыдоны диспансеризацийы бынатмæ хæццæ кæндзысты уæлдæр амынд фонды социалон координатортæ. Хæстонтæн фехъусын кæнынц, медицинон æгъдауæй сын сæ æнæниздзинады уавæрмæ кæй кæсдзысты, уый, æмæ семæ суанг поликлиникæмæ дæр цæуынц.
Фонды хайад «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй диспансеризаци ацæуын йæ бон у алы æфсæддонæн дæр, йæхи цы рæстæгыл фæнды, ахæм фадатмæ гæсгæ. Æппæт фарстытæ дæр базонæн ис мæнæ ацы телефонæй: 8-(8672)54-88-89.














