Нырыккон бастдзинæдты фæрæзтæ – хохаг хъæуты

0
53

Æнæ нырыккон бастдзинады фæрæзтæй абоны тагъдиваг рæс-
тæджы хъуыддæгтæ аразæн кæй нæй, уый царды рæстдзинад у.

Акционерон æхсæнад МТС куы фæзынд, уæдæй нырмæ рацыд æртын азæй фылдæр, æмæ арф ахъардта нæ æрвылбоны царды алы къабазы. Æмæ та ног æхсызгон цау – МТС-ы нымæцон экосистемæ йæ мобилон бастдзинады хыз æмæ 4G интернет айтыгъта Цæгат Ирыстоны хохаг хъæутæ Зæронд Саниба æмæ Мæхческы. Нырæй фæстæмæ ацы хъæуты цæрджытæн сæ бон пайда кæнын уыдзæн бастдзинады æппæт хуыз-
тæй.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ бацамынд хъæутæй алкæм дæр 200 цæрæгæй фылдæр нал ис. Уый хыгъд сæ фæзуатыл бирæ ис федералон нысаниуæгимæ культурон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ. Уымæй рахизгæйæ, дыууæ хъæумæ æввахс æрбынат кодтой алæмæты æрдзон объекттæ – Хъæрмæдоны ком æмæ национ парк «Алани». Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæ гæсгæ сæ Уæрæсейы алы рæттæ æмæ фæсарæнтæй туристтæ æхсызгонæй бабæрæг кæнынц, сæ нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны.

Цæгат Ирыстон, статистикон нымадмæ гæсгæ, ис, Уæрæсейы Федерацийы регионтæй туристты гуылфæн тынгдæр кæм рæзы, уыдоны рæгъы.  Big Data МТС, куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæмæ æппæты фылдæр туристтæ цæуы Стъараполы край, Мæскуы æмæ Бетъырбухæй.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here