Кусæндон бабæрæг кодта

0
155

Цæгат Ирыстоны хицаудзинады закъонæвæрæг оргæнæй Уæрæсейы Федерацийы сенатор Виталий Назаренко бабæрæг кодта Дзæуджы-
хъæуы æрбынæттонуæвæг «Адæмон аивадон промыслæты райрæзты центр».

Кусæндоны директор Хекъилаты Татьянæ парламентарийæн Центры сарæзта экскурси, стæй, ам æрмдæснытæн цавæр æххуыс кæнынц, уый тыххæй йын хабæрттæ радзырдта.

– Равдыстытæ æмæ мастер-класстæ æрыгон æрмдæснытæн ахъаз кæнынц хи фæндаг сфæлдыстадон куысты равзарынæн, – загъта директор.

Ныртæккæ Центры чи ис, сæдæйæ фылдæр æрмдæснытæ æмæ кусæндæтты арæзт уыцы дзаумæтты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Уымæй уæлдай, республикон бюджеты фæрæзты хардзæй «Адæмон аивадон промыслæты райрæзты центр» рæстæгæй-рæстæгмæ архайы ахадгæ дзыллон мадзæлтты-равдыстыты, армукъатæ æмæ форумты (фарон фæззæджы Цæгат Ирыстоны бонтæ Федерацийы Советы куы цыдысты, уæд Центр архайдта бæстæйы Парламенты Уæллаг Палатæйы фæзы арæзт равдыстыты).

– Ацы Центры хуызæн кусæндæтты райрæзтæн ахъаз кæнын кæй хъæуы, уый рахатыдтæн «Адæмон аивадон промыслæты райрæзты центр»-мæ æрбацыды фæрцы. Нæ культурон бынты хайыл нымад адæмон промыслæтæн сæ бон у дзыллæтæн пайда кæнын. Дæсны къухты фæрцы æцæг аивадон уацмыс кæм сæвзæры, уæлдай райгонддæр дæн национ кæлмæрзæн бийыны фæдыл ахæм мастер-классæй. Зæрдæхæлар фембæлд æмæ æрмдæсныты арæзт дзаумæттæ феныны фадаты тыххæй Хекъилаты Татьянæ æмæ Центры æппæт кусджытæн – бузныг, – загъта Виталий Назаренко.

Нæ адæмы рагон æгъдæуттæ бæстон кæм хъахъхъæнынц æмæ сæ кæм фылдæр кæнынц, «Адæмон аивадон промыслæты райрæзты центр» нымад у ахæм ахъаззаджы кусæндоныл.

Æлборты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here