Сыгъдæг Мады Майрæмы Цыппурсы бæрæгбоны кадæн хуыцаубоны Цæгат Ирыстоны Алайнаг Успены моладзандонмæ (уый у нæ бæстæйы æппæтæй бæрзонддæр хохаг чырыстон кувæндон) ’ввахс ран ацæудзæн чырыстон зарæджы фыццаг дунеон фестиваль «Мыдадзын цырагъ».
Махмæ уæрæсейаг регионтæ, Хуссар Ирыстон, Белорусси æмæ Сербийæ æрбацæудзысты сфæлдыстадон коллективтæ. Фестивалы азæлдзысты зындгонд уацмыстæ, стæй ног зарджытæ. Дзыллон мадзалы программæмæ бахастой нæ республикæйы чырыстон кувæндæттæм балц, æрбацæуæг адæмы суазæг кæндзысты рагон национ хойрагæй, стæй сын равдисдзысты сæрмагонд лазерон цаутæ.
Чырыстийы ахуырдзаутæ Андрей Первозванный æмæ Симон Кананиты заманæй нырмæ ирон адæм æххæст кæнынц чырыстон дин. Æртæ азы размæ Цæгат Ирыстон кадджын уагæй сбæрæг кодта Аланийы донаргъуыды 1100 азы юбилей. Адæмы чи иу кæны, фестиваль «Мыдадзын цырагъ»-ы хуызæн уыцы дзыллон мадзæлттæ удвæрнон æгъдæуттæ хъахъхъæнынæн ахъаз кæнынц.
Нæ уацхæссæг














